Зынгæ футболисты райгуырдыл сæххæст 85 азы

Советон Цæдисы футболы кад бæрзонд чи систа, уыдонæй иу уыд номдзыд ирон футболист, дунеон къласы спорты мастер Цхуырбаты Гурам Ясоны фырт.

Райгуырд 1938 азы 14-æм июлы горæт Цхинвалы. Каст фæцис Цхинвалы 2-æм астæуккаг скъола. Курдиатджын лæппу ахуыры æмрæнхъ тынг рæвдз уыд спортмæ дæр, уæлдайдæр та – футболæй хъазынмæ. Фæстæдæр нылæууыд ацы фæндагыл æмæ дзы стыр кад скодта æрмæст йæхицæн, йæ радтæг Ирыстонæн нæ, фæлæ ма Гуырдзыстонæн, æппæт Советон Цæдисы спортæн дæр. Æниу æрмæст футболæй нæ, фæлæ, дам, Гурам йе ‘фсымæр Александрау, тынг хорз арæхст хъæбыцæй хæцынмæ дæр. Æмæ, дам, зæгъгæ, стыр футболист нæ рауад, уæддæр, дам, дзы стыр хъæбысæйхæцæг æнæмæнгæй рауадаид.

Райдианы хъазыд уынгон æмæ скъолайон командæты. Фæстæдæр архайдта, Гаглойты Гæбил æмæ Тедеты Хазби кæмæн разамынд кодтой, уыцы футболон секциты. Скъоладзауæй  Хуссар Ирыстоны областон æмбырдгонд командæйы сконды хайад райста республикон ерысты Тбилисы. Уым сомбоны стыр футболист йæ арæхстдзинадæй йæхимæ æркæсын кодта  футболон дæсныты æмæ йæ фæхуыдтой Гуырдзыстоны æрыгæтты æмбырдгонд командæйы скондмæ. Уырдыгæй йæ тре-нертæ хуыдтой æндæр æмæ æндæр командæтæм, уыцы нымæцы Мæскуыйы командæтæм дæр. Фæлæ дзы Гурам равзæрста Рустауы футболон командæ «Металлург»-ы. Фæлæ дзы бирæ нæ афæстиат. Андро Жордания Кутаисы «Торпедо»-йы хистæр тренер куы ссис, уæд æй фæхуыдта командæйы скондмæ. Уæд уыцы командæ архайдта Советон Цæдисы чемпионаты «Б» къорды къласы.

Курдиатджын хъахъхъæнæг æвзæрст æрцыд командæйы капитанæй. Гурамы æрбацыдæй командæ афтæ фæтыхджындæр, æмæ дыккаг аз, ома, 1963 азы Кутаисы «Торпедо» «Б» къласы иннæ командæты ‘хсæн бацахста фыццаг бынат æмæ бахызт «А» къласмæ – уæлдæр къордмæ. 22-аздзыдæй Гурам ссис Советон Цæдисы спорты мастер.

Цхуырбайы фырты арæхстдзинады тыххæй мæнæ цы фыста зындгонд спортивон газет «Лело»: «Уый никæйы хуызæн уыд. Уыдис ын йæхи сæрмагонд æрмдзæф футболы. Никæй фæзмыдта. Уый нæ, фæлæ йын фæзмыдтой йæхи. Царды куыд уыд, хъазæн фæзы дæр афтæ: раст æмæ зæрдæхæлар, хæдæфсæрм æмæ хиуылхæцгæ, уæздан æмæ æмгаруарзаг. Уарзта æмæ стыр аргъ кодта йæ ныхмæлæууæгæн. Уымæн æмæ уыд æцæг стыр футболист. Йæхи та йын æмхуызонæй уарзтой куыд ирæттæ, афтæ гуырдзиæгтæ дæр».  Фæлæ, дам, стыр науæн – стыр денджыз фæзæгъынц.

Цхуырбаты Гурамы фæхуыдтой уæды рæстæджы Советон Цæдисы зындгонд командæ Тбилисы «Динамо»-йы скондмæ. Уæд командæйы хистæр тренерæй куыста ССР Цæдисы сгуыхт тренер Гаврил Качалин. Ацы командæйы сконды традицион æгъдауæй алыхатт дæр хъазыд иу кæнæ дыууæ ирон футболисты. Уыцы рæстæджы ахæм номдзыд командæйы хъазын стыр кадыл нымад уыд. Ахæм амонд-иу стæм адæймæгтæм æрхаудта. Æмæ дзы Цхуырбаты  Гурам дæр футболы стъалытæ Елошвили (Елойты) Владимир, Зозырты Андрей æмæ Калоты Зауыры хæдфæстæ йæхи равдыста стыр арæхстджын æмæ дæсны футболистæй.

Коллектив æй æввахс айста йæ зæрдæмæ. Стыр кад ын уыд йе ‘мбæлтты ‘хсæн. Хъазыд Слава Метревели, Михаил Месхи, Шота Яманидзе, Георги Сичъинава æмæ æндæр зындгонд футболисттимæ. Æмæ диссаг куыд нæ у, куыд Кутаисы «Торпедо»-йæн, афтæ Гурамы æрбацы-дæй Тбилисы «Динамо»-йы къухты дæр æфтын райдыдтой диссаджы стыр æнтыстытæ. 1964 азы командæ йæ историйы фыццаг хатт ссис Советон Цæдисы чем-пион! Уый тыххæй командæйы хъазджыты схорзæхджын кодтой сыгъзæрин майдантæй, лæвæрд сын æрцыд дунеон къласы спорты мастеры кадджын нæмттæ, кæй зæгъын æй хъæуы, – Цхуырбайы фыртæн дæр. Уыцы сезоны «Динамо»-йы сконды акодта 32 хъазты. Æмæ æдæп-пæтæй та ацы командæйы сконды ахъазыд 166 хатты. «Динамо»-йы сконды, ССР Цæдисы чемпионаты хъазгæйæ, Гурам дыууæ хатты хорзæхджын æрцыдис æвзист майдантæй æмæ дыууæ хатты та – бронзæ майдантæй. Йæ хорз хъазты тыххæй йæ бакодтой Советон Цæдисы æмбырдгонд командæйы скондмæ æмæ дзы акодта иуæндæс хъазты. Цалдæр хатты хаст æрцыд ССР Цæдисы 33 хуыздæр футболистты номхыгъдмæ.

Иудзырдæй, кæмфæнды ма хъазыдаид, алы ран дæр уыд цæвиттойнаг. Специалисттæ куыд дзурынц, афтæмæй йæм æнхъæлмæ каст ноджы стырдæр фидæн. Фæлæ, хъыгагæн, дохтырты æгъатыр уынаффæты фæстиуæгæн æгæр раджы, 1968 азы ацыд стыр спортæй. Фæлæ уыцы цыбыр рæстæджы уый спорты цы сарæзта, уыдон дæр фаг сты, цæмæй йæ ном цæрæнбонтæм баззайа спортуарзджыты зæрдæты, сыгъзæрин дамгъæтæй фыст æрцæуа спорты азфысты.

Гурамы спортивон сгуыхтдзинæдты тыххæй йæ рæстæджы бирæ дзырдтой æмæ фыстой дзыллон информацийы фæрæзтæ. Советон Цæдисы чемпион куы ссис, уæд ыл зындгонд нывгæнджытæ хæларадон шаржтæ дæр сарæзтой, фыстой йыл ирон, гуырдзиаг æмæ уæрæсейаг газетты. Хорзæхджын ма у Советон Гуырдзыстоны Кады орденæй.

Тбилисы «Динамо»-йы 5-æм номыры бын æнæбасæтгæ хъахъхъæнæг-иу йæ ныхмæлæуджыты хъазты рæстæджы тынг фæтыхсын кодта. Афтæмæй иу хатт гол бакъуырдта 40 метры дæрддзæгæй. Цхуырбаты Гурамы дуг уыдис стыр футболисттæ Муртаз Хурцилава, Михаил Месхи, Слава Метревели æмæ æндæрты рæстæг. Уый уыд легендарон футболисттæ Лев Яшин, Эдуард Стрельцов, Виктор Понедельник, Игорь Неттойы нæмттæ куы нæрыдысты æмæ бразилиаг Пелейы стъалы куы æрттывта, уыцы рæстæг…

Æппæт йæ футболон карьерæйы уый баззад хæрзæгъдауæй, нæ «фæрынчын» стъалыты низæй æмæ афтæ та стæм хатт вæййы. Стыр Гарринчайы хуыдтой адæмы циндзинад, афтæ схонæн ис Цхуырбаты Гурамæн дæр. Стыр футболисттæ куыд дзурынц, уымæ гæсгæ йын знæгтæ нæ уыд æмæ уый та бирæ цæуылдæрты дзурæг у.

Уæлдæр лигæйы ахъазыд 208 матчы, бакъуырдта æхсæз голы (уыдонæй «Динамо»-йы 151 матчы). Советон Цæдисы æмбырдгонды – авд матчы, уыцы нымæцы дыууæ матчы та – Олимипион æмбырдгонды. У 1968 азы Олимпион хъæзтыты хайадисæг. 1973-1974 азты куыста Цхинвалы  футболон клубы  командæ «Спартак»-ы сæйраг тренерæй æмæ футболон скъолайы  тренерæй.

Футболон эксперттæ куыд загътой, афтæмæй Тбилисы «Динамо»-йы уæлахизтæм иууыл стырдæр хайбавæрд бахастой ирон футболисттæ. Æнæ уыдонæй тбилисаг «Динамо»-йæн уæлахизтæ йæ къухты нæ бафтыдаиккой Советон Цæдисы чемпионатты æмæ Кубокты, нæдæр Кубокты Кубокы!

2012 азы зынгæ гуырдзиаг спортивон афæлгæсæг Давид Клибадзе банысан кодта: «Цæмæй Гуырдзыстоны æмбырдгондæн æнтыстытæ уа, уый тыххæй нæ фаг кæнынц Абхаз æмæ Хуссар Ирыстонæй рацæугæ футболисттæ, растдæр уыдон хъуамæ радтой нæ футболæн цы нæ фаг кæны, уый, – æндæр гъæд, æндæр æмвæзад ис Абхаз, Ныгуылæн Гуырдзыстон, Хуссар Ирыстоны футболисттæн».

Гурам йæ фæстæ ныууагъта хорз бинонтæ. Йæ цардæмбал Романенко Замирæ абон дæр цæры Цхинвалы йæ цардæмбалимæ амондджын цард кæм фæкодта, уыцы фатеры, кусы футболон скъолайы. Сæ дыууæ чызджы каст фесты уæлдæр ахуыртæ. Сæ иу райста дохтыры æмæ иннæ та – экономисты дæсныйад. Дыууæ дæр сты сæ дæсныйæдты иттæг хорз специалисттæ.

Ацы аз, 14-æм июлы Цхуырбаты Гурамы райгуырдыл сæххæст  85 азы.  Цы загъдæуа хъысмæтæн. Йе нæниздзинад ын тынг фæцудын кодтой, гуырдзиаг тыхæйисджыты ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоныл æнæаххосæй цы уæззау цæфтæ æрцыд, уыдон. Кæддæр йæ хорз хъазтæй цы Советон Гуырдзыстонæн скад кодта, уыцы бæстæйы фашистон режимæй ирон адæм æфхæрд кæй баййæфтой, уый тынг зын уыд йæ зæрдæйæн. Фæцыбыр ын кодта йæ царды бонтæ æмæ йæ тæккæ лæджы кармæ бацæугæйæ, 60-аздзыдæй цардæй ахицæн 1998 азы октябры мæйы.

Спорты сыгъзæрин дамгъæтæй фыст ном

Не ‘хсæнæй ацыд стыр футболист, æгъдауы лæг, уарзон æмгар, фæлæ йæ кады ном баззад, чи йæ зыдта, уыдоны, æмткæй спортуарзджыты зæрдæты. Æмæ спорты цы сарæзта, уыдон та сыгъзæрин дамгъæтæй фыст æрцыдысты спорты историйы азфысты. Уый афтæ кæй у, уымæн æвдисæн у ахæм цау дæр. Цæвиттон, гуырдзиаг спортивон газет «Лело»   куыд хъусын кодта, афтæмæй Кутаисы «Торпедо»-йы сконды алы рæстæджыты чи хъазыд, уыдоны тыххæй журналисттæ цы символикон æмбырдгонд сарæзтой, уый скондмæ æнæдызæрдыгæй хаст æрцыд Цхуырбаты Гурам дæр. Цалдæр азы размæ республикон стадионæн цытджын æгъдауæй лæвæрд æрцыд Цхуырбаты Гурамы ном æмæ йын афтæмæй сæнусон кодтой йæ ном.

Афтæ у, стыр лæджы ном бирæ цæры.

P.S. Цхуырбаты Гурамы амæлæты бонæй кæд 25 азы бæрц рацыд, уæддæр Цхинвалы йæ ном цы республикон стадион хæссы, уыцы фæзуаты йæ номыл иу хатт дæр турнир уагъд никуы ма æрцыд. Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ стадионмæ бахизæны конд кæй нæма æрцыд йæ ном æмæ портретимæ трафарет дæр. Хъæугæ та æнæмæнгæй кæны…

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.