Ацы зæрдæхæлар æмæ адæмы уарзон адæймаджы хорздзинæдтæ бирæ сты йæ иубæстон адæмы раз. Уыдон та йæ къухы æфтынц йæ алы чысыл хъуыддаг раразмæ кæныныл дæр зæрдиагæй æмæ æнувыдæй кæй архайы, йæ зонындзи-нæдтæ цæстуарзонæй кæй лæвар кæны, уый фæстиуæгæн. Ахæмæй базыдтой Лолоты Барисы йе ‘мхъæуккæгтæ æмæ астæуккаг скъолайы ахуыргæнджытæ. Зæрдæргъæвд æмæ ахуырмæ тырнæг уыд æмæ дзы цæвиттон уымæн хастой æндæртæн. Спорты хуызтæй алкæцы дæр йæхирдыгонау адæймаджы æппæтварсон курдиатыл æндавынц хорзæрдæм, уæрæх ын кæнынц йæ зонындзинæдтæ, физикон цæттæдзинад. Адæймаджы хъуыдыкæнынадыл хорзæрдæм чи æндавы, спорты уыцы хуызмæ хауынц шашкитæ дæр. Ахуыргæнæн предметтæй уæлдай ма скъоладзау тынг цымыдис кодта шашкæтæй хъазынмæ, æдзухдæр йæ зæрдæ уыдонимæ дзырдта, фæндыд æй спорты ацы дæсныйадыл фæхæст уæвын. О, фæлæ йын уыцы фадыджы нæ уыд æнтыст æмæ æдзух-дæр хъуыды кодта йæ дæсныйады æмвæзад фæбæрзонддæр кæны-ныл.

Астæуккаг ахуырад райсыны фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Дзæуджыхъæуы, Хъæууонхæдзарадон институты, æмæ йæ каст фæци æнтысгæйæ. Фæлæ æрмæст ууыл не ‘рлæууыд æмæ ахуыр кæнын райдыдта Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты, уый фæстæ та каст фæци партион скъола. Барисæн ахуыры уыцы фæндæгтæ лæгъз рауадысты æмæ дæсны специалисты фæзынд æхсызгон уыдаид кæцыфæнды уагдоны дæр. Фæлæ ма уæддæр йæ бæллиц уыд шашкæты спортыл бындуронæй фæхæст уæвын æмæ æнæнхъæлæджы уыцы арфæйаг фæндагыл дæр æрлæууыд. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ уæлдæр ахуырад райсыны фæстæ кусын райдыдта Беслæны №7 астæуккаг скъолайы. Йæ хъуыддаджы арæхстджын хъомылгæнæг иумиаг æвзаг ссардта ахуыргæнджыты коллективимæ, йæ зæрдиаг æмæ фæлмæн ахасты руаджы йæ бамбæрстой ахуырдзаутæ дæр æмæ сын уымæ гæсгæ ссис уарзон. Уыцы рæстæджы уым директорæй куыста шашкæтæй Цæгат Ирыстоны бирæ хæттыты чемпион Елхъанты Руслан æмæ куы базыдта йæ коллегæ Лолойы фырты цымыдис спорты ацы хуызмæ, уæд ын амонын райдыдта хъазты сусæгдзинæдтæ. Цыбыр рæстæгмæ Лолойы фырты хъазт фæивта хуыздæрæрдæм. Йæ предмет амонын æмæ бауарзын кæныны æмрæнхъ Барис ахуырдзау фæсивæды хъусдард аздæхта сæдæчырæгон шашкитæм æмæ сæ цæттæ кæнын райдыдта. Тагъд рæстæджы скъоладзаутæ бауарзтой æмæ сæ зæрдæмæ арф айстой ацы хъазт æмæ алыхуызон турнирты хайад исгæ-йæ, сæ хъомылгæнæджы зæрдæ рухс кодтой сæ хорз фæстиуджытæй. Фæстæдæр та Лолоты Барис йæхимæ райста 23-æм астæуккаг скъолайы æхсæзæм къласы ахуырдзауты, цымыдс та сæм сæвзæрын кодта уыдонмæ дæр æмæ разæнгардæй цыдысты алы ахуырмæ дæр. Цæстуарзон амындтытæ æмæ æдзухон ахуыр  фадат радтой ацы къласы ахуырдзауты раззагдæрты рæнхъмæ ракæнынæн – уынын та кодтой хорз æнтыстытæ сæ ныхмæлæуджытимæ хъазыны рæстæджы. Фæлæ уæддæр йæ хъомыл-гæнинæгтæй иууыл æвзыгъддæр разынд Лохты Альбинæ. Уый райдианæй фæстæмæ йæхимæ æркæсын кодта спортуарзджыты. РЦИ-Аланийы республикон чемпионаты Лохты 11-аздзыд чызг бацахста фыццаг бынат æмæ уый уыд стыр æнтыст райдайгæ шашистæн, ныр йæ фæндæгтæ гом уыдысты дарддæры ерыстæм. Фæстæдæр Альбинæйы бабæрн кодта дæсны тренер Коцты Шотайæн. Ам раст уыд Лолойы фырты хъуыды, уымæн æмæ бирæ скъоладзаутимæ кодта тренер-хъомылгæнæджы куыст æмæ йын уыйас рæстæг нæ уыд, Альбинæимæ та кусын хъуыд индивидуалон æгъдауæй.

Барис æвзыгъд хъазæг æмæ дæсны тренер кæй у, уый бæрæг у уымæй дæр, æмæ 2003 азы хайад кæй райста нæлгоймæгты ‘хсæн Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы чемпионаты æмæ дзы бацахста дыккаг бынат. Уый тыххæй йын лæвæрд æрцыд республикæйы физикон культурæ æмæ спорты комитеты грамотæ. Фæстæдæр Елхъанты Руслан афтæ фыста Лолойы фырт æмæ йæ хъомылгæнинæгты тыххæй, зæгъгæ, Рахизфарсы районы спорты ацы хуызмæ здæхтæуы уæлдай хъусдард. Лолойы фыртæн коллективы ‘хсæн ис хорз ном, зæрдиагæй архайы скъоладзауты ‘хсæн æфсæддон-патриотон хъомылад æмæ спорты размæцыдыл. Скъолайы фæзындысты шашкæтæй спорты фыццаг кандидаттæ, куыд Хъантемыраты Хъазбег æмæ Лолаты Михаил.

Фæстæдæр Лолоты Барис æрыздæхт йæ райгуырæн Хуссар Ирыстонмæ æмæ цалдæр азы бакуыста Цхинвалы районы адæмон ахуырады хайады сæргълæууæгæй. Уыцы иурæстæджы ма хъомылгæнæгæй куыста йæ райгуырæн Дменисы скъолайы дæр. Ам дæр æргом хъусдард аздæхта скъоладзауты шашкæты хъазтыл фæцалх кæнынмæ æмæ чысыл рæстæджы фæстæ хъомылгæнæджы зæрдæ рухс кæнын райдыдта йæ хъомылгæнинæгтæй. Цæмæй нæ республикæйы спорты ацы хуыз рапарахат уыдаид, уый тыххæй бацархайдта æмæ сырæзт йæ федераци, йæ хистæр та у Лолоты Барис. Йæ разамындæй бæрæг фæбæрзонддæр ацы спорт, банысан кæнынц зынгæ адæймæгты юбилейтæ æмæ сæ номыл ауадзынц ерыстæ. Зындгонд куыд у, афтæмæй не скъолаты физикон хъомылады уроктæ сты æртæ æмæ уымæ гæсгæ шашкæтæй хъазыныл дæр хъуамæ ноджыдæр цайдагъ кæной ахуырдзауты сæ ахуыргæнджытæ. Лолойы фырты федерацийы дзæвгар ис фæлтæрд хъазджытæ æмæ йæ ныфс ис спортуарзджыты зæрдæ кæй æлхæндзысты сæ рæсуъд æмæ комбинацион архайдæй.

                                                            ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.