БОКС

Ирыстоны боксы скъолайы хъомылгæнинæгтæ Тыбылты Александр æмæ Къудухты Артур фæуæ-лахиз сты турнир «Дерись и побеждай»-ы, кæцы уагъд цыд Мæскуыйы. Дыууæ спортсмены дæр сæ тохтæ рамбылдтой нокаутæй. Ерыстæ коронавирусы пандемийы аххосæй уагъд цыдысты æнæ спортуарзджытæй. Спортсменты тренертæ сты Сланты Витали æмæ Тедеты Алик.

Уый размæ ма Мæскуыйы уагъд æрцыд профессионалон боксæй турнир Гран-при «Короли Нокаутов Трофи», зæгъгæ. Турниры уæлахиздзау ссис Къудухты мыггаджы ноджы иу минæвар – Витали. Ерысты архайдтой иууыл уæззаудæр уæзы архайæг 8 спортсмены. Къудухты Витали уым акодта æртæ тохы. Нырма уал 3 раунды фæстиуæгæн очкотæм гæсгæ тыхджындæр уыд Украинæйы минæвар Герман Скобенкойæ, уый фæстæ та нокауты арвыста мæхъæлон боксер Курейш Саговы. Ирыстоны ми-нæвар финалы дæр йæ ныхмæлæууæгыл фæуæлахиз нокаутæй. Ам та йын ныхмæ нæ фæлæууыд горæт Самарайы  спортсмен Владимир Маркелов. 

ФУТБОЛ

Дарддæр уагъд цæуынц футболæй Уæрæсейы премьер-къорды хъæзтытæ. Командæ «Сочи» 1:1 хыгъдæй ахъазыд Грознæйы «Ахмат»-имæ. Сочийæгты сконды æнæхъæн хъазты хъазыдысты кулдуаргæс Дзанайты Сослан æмæ хъахъхъæнæг Цæллæгаты Ибрагим. Туры централон хъазты мæскуыйаг командæтæ ÆЦСК æмæ «Динамо»-йы хъазт дæр фæцис æмдыхæй – 0:0. Хъазты дыккаг хайы «Динамо»-йы сконды хъазæн фæзмæ рахызт Плиты Зауырбег.  

***

Ирон богал Габысаты Альберт дыууæ метры дæрддзæгмæ раласта, йæ уæз 70 тоннæйы кæмæн у, ахæм уæзтæисæн кран. Афтæмæй спортсменæн йæхи уæз та у æрмæстдæр 90 кг. Альберт план кæны йе ‘нтыст  сфæлхатт кæнын, æмæ афтæмæй йæ ном   Уæрæсейы рекордты чиныгмæ бахæссын.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.