ДУНЕОН ТУРНИР

Дзæуджыхъæуы уагъд æрцыд профессионалон боксæй дунеон турнир «Aryana Box» 7 бæстæйы спортсменты хайадистæй. Уыдон уыдысты Уæрæсе, Китай, Азербайджан, Гуырдзыстон, Украинæ, Камерун æмæ Иранæй. Тынг хорз сæхи равдыстой ирон боксертæ Тадтаты Сæрмæт, Моурауты Хетæг, Хуыгаты Алан æмæ Чилæхсаты Таир.  Турнирмæ æрбацыд РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли. Боксерты архайдмæ бакæсынмæ ма æрбацыдысты зындгонд боксертæ Гасситы Мурат, Козаты Асланбег æмæ Тедеты Сослан, кæцы йæхæдæг дæр хъуамæ хайад райстаит турниры, фæлæ тренировкæты рæстæджы райста травмæ.

Ирон боксертæй рингмæ фыццаг рахызт Тадтаты Сæрмæт (49 кг). Уый нокауты арвыста Краснодары крайы минæвар Земир Зекашевы. Моурауты Хетæг (53,5 кг) дæр рамбылдта нокаутæй. Уый йæ ныхмæлæууæг нигерийаг Оливер Меколндойы рамбылдта фыццаг раунды. Хуыгаты Алан (+91 кг) та фембæлд гуырдзиаг боксер Торнике Канделакиимæ. Æнæхъæн тохы дæргъы хуыздæр архайдта Алан æмæ йæ тæрхонгæнджытæ банымадтой уæлахиздзауыл.

Турниры сæйраг тохы фембæлдысты Чилæхсаты Таир (105 кг) æмæ украинæйаг Игорь Пилипенко. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Пилипенко рингыл дыууæ хатты кæй фембæлд Гасситы Муратимæ. Уый у тынг фæлтæрдджын боксер. Уымæ гæсгæ Таир тох райдыдта хъавгæйæ, фæлæ фыццаг раунды кæронмæ йæ архайд фæактивондæр кодта. Дыккаг раунды та йын бантыст техникон нокаутæй рамбулын.

Тохы хайадисджыты схорзæхджын кæныны нысанæн рингмæ хуынд æрцыд РХИ-йы Президент  Бибылты Анатоли.

«Таир цы къахдзæфтæ аразы, уыдонмæ гæсгæ фидарæй зæгъæн ис, бирæ хорз боксертæ нæм кæй ис, уый. Æхсызгон мын у æмæ нæм нæ табуйаг Гасситы Муратимæ  кæй рæзы ахæм перспективон боксер. Ахæм рæсугъд боксы изæры тыххæй стыр бузныг спортсмены тренер Сланты Виталийæн», – загъта йæ раныхасы Бибылты Анатоли.

Турнирæй райгондæй баззад РХИ-йы æмæ УФ-йы сгуыхт тренер Сланты Витали дæр.

«Нæ боксертæ турнирмæ цæттæгæнгæйæ бакодтой стыр куыст æмæ тохты рæстæджы сæхи равдыстой аккагæй. Ныфс мæ ис, æмæ иннæ тохтæ кæй акæндзысты ноджы хуыздæр. Ныр турниры цы спортсментæ хайад райстой, уыдон сты сæ бæстæты чемпионтæ. Китайаг боксерты тыххæй, кæцытæ сæхи цæт-тæ кодтой Ирыстоны, мæ бон у зæгъын æмæ сты тынг куыстуарзаг æмæ уый фæрцы равдыстой хорз бæрæггæнæнтæ», – банысан кодта Сланты Витали. Тренер ма йæ хъуыдытæ загъта IBF æмæ WBA верситæм гæсгæ, дунейы раздæры чемпион Гасситы Мураты потенциалон ныхмæлæуджыты тыххæй.

«Муратæн ныр иууыл сæйрагдæр у йæ травмæйæн кæронмæ схос кæнын. Æмæ куы сæнæниз уа, уæд дзурæн уыдзæн гæнæнуæвæг ныхмæлæуджыты тыххæй. Æххæст формæйы куы уа, уæд цæттæ у кæимæ фæнды дæр фембæлынмæ. Цымыдисон уаид бритайнаг Тони Белльюимæ тох, кæнæ та Александр Усикимæ, кæнæ Юниер Дортикосимæ фембæлд», – загъта Сланты Витали. Йе’нæниздзинады тыххæй загъта Мурат йæхæдæг дæр.

«Тренировкæтæм æрæвналын мæ фæнды цалдæр мæйы фæстæ. Абон мын тынг æхсызгон у ахæм турнирмæ куыд æрхонгæ уазæг, афтæ æрбацæуын. Мæхæдæг дæр ме спортивон карьерæ ахæм турниртæй райдыдтон. Фæндит мæ, цæмæй Ирыстоны арæхдæр уагъд цæуой ахæм мадзæлттæ», – загъта Гасситы Мурат.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ музыкалон хайы та сæ архæстдзинад кæй æв-дыстой Харебаты Вадим, Руслан Кабалоти æмæ адæмон кафты ансамбль «Æртхурон».

Ирон боксертæй дарддæр ма сæ тохтæ рамбылдтой Рауф Агаев (Азербайджан, 54 кг), Джерими (Китай, 50 кг), Хы Дзюндзюн (Китай, 53 кг), Лю Пинг (Китай, 54 кг).

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.