Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты номæй æмæ уын сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын Хуссар Ирыстоны фæсивæды диссаджы бæрæгбон – Фæсивæды боны цытæн.

Нырыккон зын, тагъдивгæ дунейы æвзонг адæймæгтæн тынг ахсджиаг у зонын æмæ зын социалон-экономикон уавæрты цæрын, уæ тыхтыл æууæндын, уæ хъысмæтыл, уæ бæстæйы сомбоны тыххæй бæрндзинад æвдисынмæ арæхсын. Фæсивæд тырны сæхицæн конкретон нысæнттæ сбæрæг кæнынмæ, алы фадгуыты сæхи среализаци кæ-нын – политикæйы, бизнесы, зонады, спорты, культурæйы.

Фæсивæдон политикæйы махæн ахсджиагдæртæ сты ахуырады, æнæниздзинад хъахъхъæныны, æнтыстджын хиреализацийы, физикон æмæ удварны рæзтæн уавæртæ саразыны фарстытæ. Стыр хъусдард здæхт цæуы куыстæй ифтонг кæнын æмæ æвзонг бинонтæн æххуыс кæныны хъуыддагмæ.

Нæ фæсивæдæн мæ цæст уарзы æнтыстытæ, фидар æнæниздзинад, оптимизм, цымыдисон проекттæ, æвидигæ энерги æмæ уæ курдиæттæ æмæ тыхтыл æууæндын.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.