Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли хайад райста Уæрæсейы Федерацийы дипломатон кусæджы боны цытæн цытджын мадзалы, кæцы сорганизаци кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæварад.

Йæ коллегæты æмæ уазджыты раз ныхасы рацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов. Уый банысан кодта, зæгъгæ, дипломатон службæ алы хатт дæр уыд Уæрæсейы Федерацийы проблемæтæ скъуыддзаг кæныны цырвы, куыд сабыр царды, афтæ хæсты азты дæр.

«Уæрæсейы дипломатон службæйæн ис стыр истори. Бирæ æнусты дæргъы дипломаттæ сæ куыст æххæст кодтой алыгъуызон уавæрты. Абон дунейæн зын рæстæджы, историон растдзинады фальсификаци куы цæуы æмæ æхсæндунеон барад æнæмбаргæ æмбарынæдтæ æмæ фæткойтæй куы ивы, уæд дипломатийы нысаниуæг ноджы рæзы. Уæрæсейаг дип-ломаттæ хъуамæ паддзахады интерестæ хъахъхъæной дунейы алыгъуызон фронтты æмæ къуымты, æмæ уыцы фарстатæ цæсгомджынæй æххæст кæнынц», – загъта минæвар.

Уый ма зæрдыл æрлæууын кодта, Уæрæсейы Федерацийы минæварад  Республикæ Хуссар Ирыстоны кæй æххæст кæны йæ мисси 2009 азæй фæстæмæ æмæ банысан кодта,  «уыцы рæстæджы нæ бæстæты дыууæварсон æмархайд кæй фæарфдæр ис».

«Нæ ахастытæ систы æмцæдисон. Тынг æхсызгон мын у, æмархайд динамиконæй куыд рæзы, куыд рæзы Инвестицион программæ.  Ныфс мæ ис, уыцы рæзт кæй адарддæр уыдзæн. Æмгуыстады бындур суыдзæн Хуссар Ирыстоны дидинæфтыд æмæ æхсæнадон банымад куыд хæдбар, сæрмагонд паддзахад», – загъта Марат Кулахметов.

Уый фæстæ раныхас кодта нæ паддзахады сæргълæууæгæн.

Бибылты Анатоли раарфæ кодта дипломаттæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæварад куы уæвынад кæны, уыцы рæстæджы бирæ æрцыд арæзт куыд æхсæнведомствойон сразыдзинæдтыл къухтæ æрфыссын, афтæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æддагон-политикон архайды рæзты фæдыл дæр.

«Дипломаттæ кусынц зын уавæрты. Бирæ азты дæргъы Уæрæсейы Федерацийы æд-дагполитикон ведомство хъахъхъæны Республикæ Хуссар Ирыстоны интерестæ æппæт паддзахадты дæр. Уый фæрцы мах сарæзтам тынг бирæ политикон къахдзæфтæ. Афтæ хъуыды кæнын, æмæ абон Уæрæсейы Федерацийы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æддагполитикон ведомствотæ цы къахдзæфтæ аразынц, Хуссар Ирыстоны уыдон æркæндзысты дарддæры банымадмæ. Уыцы процесс у æнæфæивгæ», – загъта Президент.

Банысан кæнын хъæуы, Уæрæсейы Федерацийы дипломатон кусджыты профессионалон бæрæгбон Уæрæсейы нысан кæй цæуы æрвылаз дæр 10 февралы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.