Цытджын студенттæ! Зынаргъ хæлæрттæ!

Айсут иууыл зæрдиагдæр арфæтæ æвзонгдзинад, оптимизм æмæ энергийы бæрæгбон – Студенты боны цытæн!

Студенттæ сты не ‘хсæнады иууыл активонрæр, зонындзинæдтæм тырнæг хай, республикæйы сæйраг интеллектуалон æмæ сфæлдыстадон потенциал. Ахуырад, кæцы ист цæуы студентон азты рæстæджы, æрæвæры фидæны бындур, ног цардмæ гом кæны дуæрттæ, фидар æй кæны. Уæлдæр æмæ астæуккаг ахуырадон уагдæтты арвитгæ азтæ сты иууыл ирддæр цаутæй йедзаг, бæллицты æмæ ныфсыты рæстæг, иууыл уæндондæр плæнттæ æмæ райдианты гуырæн, сæрмагонд цардон позицитæ æвзæрст куы цæуынц.

Ныфс мæ ис, сымах аккагæй кæй реализаци кæндзыстут уæ бæллицтæ æмæ ныфсытæ, уæ зонындзинæдтæ кæй суыдзысты серьезон фарстытæ æнтыстджынæй скъуыддзаг кæныны бындур нæ паддзахады хæрзиуæгæн. Алыхатт дæр ныфсджынæй цæут уæ нысанмæ, уæ бæллицтæ царды ныббиноныг кæнынмæ

Мæ цæст уын уарзы ахуырады, сфæлдыстадон æмæ профессионалон архайды ног æнтыстытæ. Уадз æмæ уæ æрмæстдæр уа позитивон эмоцитæ, студентон азтæ та алы хатт дæр уæ зæрдæты баззайæд уæ царды куыд иууыл цинхæссæг æмæ æнтыстджындæрæй. Фидар æнæниздзинад, энерги, удцырынад æмæ хъæддыхдзинад уæ разылæууæг фарстытæ æнтыстджынæй скъуыддзаг кæныны хъуыддаджы.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.