ЕРЫСТÆ РЕСПУБЛИКÆЙЫ БОНЫ ЦЫТÆН

Республикæйы боны цытæн Ленингоры районы уагъд æрцыд турнир волейболæй. Хайад дзы райстой районы аст командæйы. Уыдон дих уыдысты дыууæ дæлкъордыл. Ерысты уагæвæрдмæ гæсгæ финалмæ ахызтысты сæ дæлкъордты фыццаг бынæттæ æрцахсæг командæтæ. Турниры сæйраг хъазты фембæлдысты Цъинагары хъæуы æмæ районы мидхъуыддæгты управленийы командæтæ. Тыхджындæр разындысты цъинагайрæгтæ æмæ систы ерысты уæлахиздзаутæ. Дыккаг бынат бацахста районы мидхъуыддæгты управленийы командæ, æмæ æртыккаг та ссис Ленингоры поселочы командæ.

 Турниры хуыздæр хъазæгыл ны-мад æрцыд Цъинагары командæйы уæнг Бестауты Самуил.

«Ленингоры районы фæсивæд нæм бахатыдысты, зæгъгæ, кæд гæнæн ис, уæд ацы аз турнир ауадзæм волейболæй. Рагæй сæ фæндыд спорты ацы хуызæй ерысты хайад райсын. Куыд иу мæйы размæ футболæй ерысты, афтæ та ам дæр финалы фем-бæлдысты Цъинагары æмæ Ленингоры районы мидхъуыддæгты управленийы командæтæ. Ацы хатт тыхджындæр уыдысты цъинагайрæгтæ. Банысан кæнын мæ фæнды уый, æмæ Цъинагары командæ йæ хъæзтытæ иууылдæр кæй рамбылдта 3:0 хыгъдтæй», – банысан кодта Ленингоры районы администрацийы спорты хайады сæргълæууæг Бестауты Казимир.

ФУТБОЛ

Республикæ Хуссар Ирыстоны боны цытæн Цхинвалы уагъд æрцыд турнир футболæй. Ерысты хайад райстой Цхинвалы микрорайонты сывæллæтты командæтæ – æдæппæтæй 15 командæйы. Уыдон дих уыдысты æртæ кары къордыл. Æртæ боны дæргъы фембæлдтытæ уагъд цыдысты футболон скъола «Фæранк»-ы фæзуатыл.

ФУТБОЛ

Хистæр кары къорды иууыл цæттæдæр разынд «Царз»-ы микрорайоны командæ, дыккаг систы Шанхайы микрорайоны минæвæрттæ æмæ æртыккаг бынат та бацахстой скъола-интернаты ахуырдзаутæ. Астæуккаг кары къорды фæуæлахиз командæ «Ир», дыккагыл ацыд командæ «Фæранк» æмæ бронзæйон призер та ссис командæ «Шанхай». Кæстæр кары къорды иууыл хуыздæр сæхи равдыстой Нæузæххонты микрорайоны фут-болисттæ, дыккаг æмæ æртыккаг бынæттæ та адих кодтой командæтæ «Фæранк» æмæ «Ир».

Ерысты хайадисджытæн спортивон бæрæгбоны цытæн раарфæ кодта г.Цхинвалы администрацийы культурæ, фæсивæд æмæ спорты фæдыл управленийы сæргълæууæг Тасойты Игорь. Уый ма хайад райста уæлахизуæвæг командæты схорзæхджын кæныны церемонийы.

Бæрæг ма æрцыдысты хуыздæр хъазджытæ дæр. Хистæр кары къорды иууыл хузыдæр хъазджытыл нымад æрцыдысты Хъæцмæзты Сергей, Хъæцмæзты Георги, Кокойты Олег æмæ Джиоты Инал. Астæуккаг кары къорды иууыл æнтыстджындæрæй хъазыдысты Хуыгаты Дмитри, Хуриты Тимур, Сиукъаты Артур æмæ Джиоты Арсен.

Кæстæр кары къорды та хуыздæр хъазджыты призтæ райстой Тедеты Алан, Дзабиты Георги, Быценты Сæрмæт æмæ Гуызыдтаты Батрадз.

ЕРЫСТÆ ЛЕНК КÆНЫНÆЙ

Республикæйы боны цытæн ма спортивон галуан «Олимп»-ы уагъд æрцыдысты ерыстæ ленк кæнынæй дæр. Хайад сæ райстой 170 спортсмены. Уыдон ленк кодтой уæгъдибар стилæй. Сæ фæстиуджытæм гæсгæ йæ уæлахиздзаутæ систы: Уалыты Тамилæ, Лалыты Арсен, Уалыты Даянæ, Уалыты Александр, Къæбулты Нинæ, Тедеты Азæмæт, Тыджыты Дианæ, Тасойты Арсен, Тедеты Сабинæ, Даниил Ингатов, Гуыбаты Мария æмæ Чиаты Михаил.

ЕРЫСТÆ ЛЕНК КÆНЫНÆЙ

«Ерысты хайадисджытæй нын бирæтæ барухс кодтой нæ зæрдæтæ. Сæ фылдæр дыууæ мæйы карантины фæстæ æрмæст сæ спортивон формæ фæстæмæ не ‘рцахстой, фæлæ ма фæхуыздæр кодтой сæ бæрæггæнæнтæ дæр. Хицæнæй мæ фæнды рахицæн кæнын Гуыбаты Мария æмæ Чиаты Михаилы. Уыдон ацы ерысты фенын кодтой фыццаг спортивон къæпхæны норматив», – банысан кодта РХИ-йы ленк кæныны федерацийы президент Евгения Терлеева.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.