Дудайты Анатоли Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты ‘хсæн зындгонд адæймаг уыд. Райгуырд 1952 азы 18 марты. Ахуыр кодта 10-æм астæуккаг скъолайы.

Сæххæст кодта йе ‘мбæстагон хæс Советон Æфсады рæнхъыты дæр æмæ фæстæмæ куы æрыздæхт, уæд кусынмæ бацыд нæ горæты Автобустæ цалцæггæнæн заводмæ æмæ кусын райдыдта мотортæ цалцæггæнæгæй. Кодта активон æхсæнадон куыст дæр. Цæвиттон, коллектив æй равзæрстой адæмон тæрхонгæнæгæй. Йæ цард баиу кодта йæхи хуызæн æгъдауджын сылгоймаг  Нукрадзе Ленæимæ.

Равзæрстой йæ областон советмæ депутатæй дæр, фæлæ йын бирæ рæстæджы нæ бантыст йæ депутатон хæстæ æххæст кæнын, уымæн æмæ уæд кæрон æрцыд нæ адæмы сабыр цардæн…

Ирыстон фыдхъизæмæрттæ куы æвзæрста, йæ хъысмæт дыууæйыл куы уыд, уæд йе ‘нцой æрбалæууыдысты Дудайты Толикы хуызæн лæппутæ, æрбаиу сæ кодта райгуырæн зæхмæ уарзондзинад. Гуырдзыстоны националисттæ Ирыстонмæ æвзидын райдыдтой, æмæ нæ адæмы цард схæццæ. Схæццæ Толикы цард дæр.  Уыди йын бинонтæ, дыууæ фырыхъулы хуызæн фырты, уыдис æм йæ бинонты фидæныл хъуыдытæ, фæлæ уыдон æгъатыр дуг баивын кодта райгуырæн зæххыл, йæ адæмы æмæ йæхи сомбоныл катайаг хъуыдытæй. Æмæ сæ хъахъхъæдта знагæй, сæрбахъуыды рæстæджы йæхиуыл нæ ауæрста. Лæууыдис постыты æхсæвæй-бонæй, хъахъхъæдта горæты йæ цæрджыты æнцойад. Æмæ канд горæты нæ, тæссаг уавæр-иу искæцы хъæуы куы сæвзæрд, уæд-иу уырдæм дæр ацыдысты йæ цæрджытæн æххуысмæ.

Уавæр карз уыдис. Гамсахурдияйы хотыхджын адæм лæбурдтой ирон хъæутæм, æфхæрдтой сабыр цæрджыты, æхстой горæты, арæзтой провокацитæ. Горæт цæмæй хъахъхъæд цыдаид, уый тыххæй æндæр æмæ æндæр рæтты, куыд зонæм, афтæмæй арæзт цыдысты хæдхъахъхъæнынады къордтæ. Уыдон-иу сæхицæй сæвзæрстой хæстон хъуыддæгтæм æвзыгъддæрты командиртæй æмæ æххæст кодтой сæ хæстæ. Дудайты Толик æвзæрст æрцыд, ЦАРЗ-ы районы цы лæппутæ лæууыд, уыдонæн хистæрæй. Уыд дзы 150 адæймаджы бæрц. Æхсæнгарзæй сæм уадиссаг ницы уыд, фæлæ уæддæр цæрджытæн ныфс уыдысты.

Районæй иууыл æвзæрдæр уавæры Знауыры æмæ Цхинвалы районтæ уыдысты. 1992 азы марты райдианы гуырдзиаг æнæформалтæ цъыбыртты сыгъд бакодтой Ионча, Хæбæлаты æмæ Даноты хъæутæ, атардтой сын сæ фос, фæхынджылæг кодтой уæлмæрдтæй, сæ цыртытæ сын рафæлдæхтой. Тас уыд иннæ æввахс хъæутæ æмæ Знауыры райцентрæн йæхицæн дæр. Ам цæрæг адæммæ фаг тыхтæ нæ уыд, хи бахъахъхъæнынæн, уымæ гæсгæ æххуысмæ сидтысты, йæхæдæг дæр, тыхст чи уыд, уыцы Цхинвалмæ. «Иу ахæмы Знауыры районы Принеуы хъæуы бын иу хатт Дудайты Толикæн йæ БМП фехæлд æмæ уым баззад æртæ боны. Цалынмæ нæм горæтæй æххуысмæ цыдысты, уæдмæ йæ къах никæдæм авæрдта», – зæгъы Толикы хæстон æмгар Æрсойты Нодар.

Толик иууыл тынгдæр фæмаст кодта, Уæрæсейы мидхъуыддæгты æфсæдтæ æмбисæхсæв горæтæй куы ацыдысты æмæ не знæгты æвджид куы ныууагътой, уæд. Цæмæй лæппутæ сæхи ма ауагътаиккой, уый тыххæй-иу Толик арæх кодта зæрдæвæрæн ныхæстæ.

Æппынфæстагмæ, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны делегациты хайадистæй Догамысы Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны разамонджыты фембæлды къухтæ фыст куы æрцыд, хæстон ныхмæлæууынад æруромыны тыххæй, уæд конфликты зонæмæ фидауынгæнæг тыхтæ конд æрцыдысты. Дудайты Толик бацыд ирон батальонмæ службæ кæнынмæ. Фæлæ фидауынгæнджытæн дæр се службæ æнцон нæ уыд. Иуахæмы бахаудысты æхстыты бын æмæ йæ сæр сармадзаны схъистæй фæцæфтæ ис. Дохтыртæ йын фыццаг медицинон æххуыс бакодтой, фæлæ йæ хъуыд дарддæр ацæуын, цæмæй квалификациджын медицинон æххуыс райстаид. Фæлæ йæхицæн схос кæнын хъæуæгыл нæ нымадта, зæгъгæ, уымæн дæр рæстæг уыдзæн. Фæстагмæ йæ сæр тынгдæр риссын райдыдта. Хъæуты лæууын ын зын уыд, уымæ гæсгæ йын æхсызгон уыд, Æмхæццæ контролон къамисы штабмæ йæ кусынмæ куы ракодтой, уæд. Ам кусгæйæ, уый архайдта, цæмæй Хуссар Ирмæ фæсарæнтæй æмæ Уæрæсейæ цы журналисттæ цыд, уыдонмæ хæццæ кæна æрмæстдæр рæстаг информаци. Семæ цыд конфликты зонæйы иууыл карздæр бынæттæм. Æвдыста сын ирон лæджы уазæгуарзондзинад.

2008 азы августы хæст Дудайты Толикы æрæййæфта, Цхинвалы районы Уанаты хъæумæ хæстæг цы пост уыд, уым. Йæ фырт Андрей (ныртæккæ зынг-хуыссынгæнджыты хайады сæргълæууæг) скъола каст фæцис æмæ уый бацыд Хъахъхъæнынады министрадмæ служ-бæ кæнынмæ. Уый дæр-иу йемæ лæу-уыд посты æмæ афтæмæй фыд æмæ фырт кæрæдзийы ныфсæй ныфсджын уыдысты.

Ацы аз Дудайты Анатоли Аршакы фыртыл хъуамæ сæххæст уыдаид 66 азы, фæлæ йæ уæззау низ аскъуыдта не ‘хсæнæй.

Уый уыд бирæ хорзæхты хицау. Уыдоны ‘хсæн: “Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрады Кады грамотæ», «За службу на Кавказе», «Участник боевых действий», «Знак отличия военнослужащих Северо-Кавказского военного округа»-йы майдантæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент та йæ схорзæхджын кодта «За 10 лет безупречной службы в Вооруженных силах РЮО», «Во Славу Осетии» æмæ бирæ æндæр грамотæтæй.

Дудайты Анатоли никуы ферох уыдзæн йæ бинонтæ æмæ хиуæттæй, йе ‘мгæрттæй. Уый хуызæн хъæбатыргуырд æмæ фæлтæрд хæстонты руаджы бафтыд нæ къухы хæдбардзинад.

Рухсаг у, нæхи Толик!

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.