Хуссарирыстойнаг богалтæ Дзæгъиаты Сослан æмæ Тыджыты Анатоли систы 2002-2002 азты гуырд спортсменты ‘хсæн уæгъдибар хъæбысхæстæй РЦИ-Аланийы чемпионаты уæлахиздзаутæ. Дзæгъиаты Сосланæн аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд 92 кг уæзы категорийы, Тыджыты Анатоли та тыхджындæр уыд 110 кг уæзы категорийы.

Спортсменты ерыстæм бацæттæ кодтой тренертæ Коцты Тамерлан æмæ Бикойты Азæмæт. «Дзæгъиаты Сослан æмæ Тыджыты Анатоли тынг хорз равдыстой сæхи. Уæлдай тынгдæр мæ фæнды рахицæн кæнын Анатолийы. Кæд мæ Сосланæй ныфс уыд, кæй рамбулдзæн, уымæй, уæд  Анатолийыл дызæрдыг кодтон. Фæлæ уый равдыста фидар удыхъæд. Æмæ дзы баззадтæн уæлдай райгонддæрæй», – банысан кодта Коцты Тамерлан.

БОКС

Уæрæсейы боксы федерацийы секретарь Умар Кремлев куыд фехъусын кодта, афтæмæй зындгонд ирон боксер Гасситы Мурат радон тох ауадздзæн 22 июлы Боксы дунеон боны Мæскуыйы. Боксы бон æхсæнадæмон бæрæгбоныл нымад æрцыд Боксы æхсæнадæмон ассоциацийы æххæстгæнæг комитеты рабадты.

ФУТБОЛ

Дзæуджыхъæуы футболон командæ «Спартак-Дзæуджыхъæу» дарддæр дæр йæхи цæттæ кæны ног сезонмæ. Командæ контролон хъазт акодта Махачкалайы «Анжи»-имæ. Фембæлд фæцис 2:2 хыгъдæй. Хъазты рæстæджы хыгъд байгом кæнын бантыст дзæуджыхъæуккæгтæн, фæлæ фæстæдæр «Анжи»-йы хъазджытæн бантыст дыууæ пуртийы бакъуырын. Ирон футболисттæн хыгъд сæмхуызон кæнын бантыст 87-æм минутыл.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.