Æвзонг поэт Джиоты Владимирæн йæ фыццаг æмдзæвгæты æмбырдгонд «Перекресток» мыхуыры куы фæзынд, уæдæй абонмæ кæд рацыд аст азы, уæддæр ма йын рауадзын бантыст фондз чиныджы. Æмæ та æрæджы, ногæй барухс кодта йæ чиныгкæсджыты зæрдæтæ. Йæ æхсæзæм чиныг «Поход»-ыл мыхуырæй рауагъта Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты типографы. Чиныджы æдæппæт ис 147 æмдзæвгæйы. Иууылдæр сты верлибрæй фыст. Авторы тематикæйыл куы дзурæм, уæд банысан хъæуы уый, æмæ йын кæй у бирæварсон. Æмдзæвгæты ‘хсæн стырдæр бынат ахсынц фыдыбæстæ, куыст, уарзт, æрдз æмæ æндæр темæтæ. Бирæты дзы æвдисы царды бæллиццаг нывтæ, фæлæ йæ рох не сты æппæрццаг миниуджытæ дæр æмæ сæ хæссы рæгъмæ.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.