УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Ирон богалтæ рамбылдтой 15 майданы Краснодары уагъдцæуæг дыууæ хатты Олимпион хъæзтыты призер, 4 хатты дунейы чемпион Къудухты Бесикы номарæн турниры. Ерысты хайад истой 1998-2000 азты гуырд спортсментæ. Ирыстоны хъæбысхæсты скъолайы хъомылгæнинæгты къухты бафтыд 6 сыгъзæрин, 2 æвзист æмæ 7 та бронзæ майданы рамбулын.

Турниры уæлахиздзаутæ систы Тимофей Богатырев (65 кг), Джиоты Сæрмæт (74 кг), Дулаты Феликс (86 кг), Багаты Алан (92 кг), Хуыгаты Артик (97 кг) æмæ Хосонты Азæмæт (125 кг). Æвзист призертæ систы Тыджыты Арсенти (74 кг) æмæ Зæнджиаты Мурат (86 кг). Бронзæ майдантæ рамбылдтой Цæрыкъаты Роман (65 кг), Челдыты Давид (70 кг), Куы-дзойты Алан (74 кг), Георгий Хачатурянц (74 кг), Гаглойты Руслан (86 кг), Цхуырбаты Артем (97 кг), Джыгкайты Тамик (125 кг).

УÆЗЗАУ АТЛЕТИКÆ

1-10 ноябры Ашхабады уагъд æрцæудзæн дунейы чемпионат уæззау атлетикæйæ. Æртæ азы дæргъы ацы чемпионаты Уæрæсейы æмбырдгонд командæ цæуы фыццаг бынатыл. 2015-æм азы дунейы чемпионатæй фæстæмæ гуырахстджын допингон хъаугъайы фæстæ уæрæсейæгтæн  нæ уыд Олимпион хъæзтыты æмæ дунейы чемпионатты хайад райсыны бар.

Ныр Уæрæсейы командæйæ ист æрцыд дисквалификаци. Бæстæйы æмбырдгонды сконды архайдзысты ирон спортсментæ. Уыдон та сты: Æлбегаты Руслан (+109 кг), Сидахъты Георги (89 кг), Тъуриты Тима (64 кг) æмæ Мстиаты Дианæ (87 кг).

БОКС

Мæскуыйы уагъдцæуæг профессионалон боксы изæры ирон боксер Айларты Зауыр ссис журнал «Proboxing»-ы версимæ гæсгæ, уæззау уæзы категорийы Уæрæсейы чемпион. Уый фыццаг раунды нокауты арвыста дагъыстайнаг Омар Абдуллаевы. Зауыр куыд банысан кодта, афтæмæй хъавыд тох 6-æм раундмæ фæуын, фæлæ йын рауад ноджы хуыздæр. Уый ныр профессионалон рингыл акодта цыппæрæм тох æмæ сæ алкæцыйы дæр фæуæлахиз.

 

***

УФ-йы боксы генералон секретарь Умар Кремлев куыд хъусын кæны, афтæмæй йæ фæнды ногæй Гасситы Мурат æмæ Александр Усикимæ тох сорганизаци кæнын. Кремлевы ныхæстæм гæсгæ, уый Муратæн баныфсæвæрдта, зæгъгæ, йæ куы  бафæнда, уæд æппæт дæр кæй сараздзæн дыккаг тох сын сорганизаци кæныны тыххæй.

«Ныфс мæ уыд, Мурат кæй фæуæлахиз уыдзæн, уымæй æмæ мын, кæй зæгъын æй хъæуы, хъыг уыдис кæй фæхæрд, уый. Æвæццæгæн тохмæ цæттæгæнæн процесс раст нæ ацыд. Уыцы фарста хауы боксеры менеджмент, йæ промоутермæ. Гæнæн ис, уыдон æмбæлонæй нæ сахуыр кодтой Мураты ныхмæлæууæджы миниуджытæ. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, Муратæн йæ бон уыд Усикы рамбулын. Реваншæй фенын кæндзæн», – банысан кодта Умар Кремлев.

ФУТБОЛ

Дзæуджыхъæуы футболон командæ «Спартак – Владикавказ» фæуæлахиз Махачкалайаг клуб «Легион Динамо»-йыл 1:0 хыгъдæй. Хъазт цыд Уæрæсейы профессионалон футболон къорды «Хуссар» зонæйы 10-æм туры фæлгæтты. Хъазты фыццаг æмбисы кæрон дыккаг бур карточкæ райста уазджыты хъахъхъæнæг Зайцев. Фембæлды дыккаг хай кæд дзæуджыхъæуккæгтæ фылдæрæй уыдысты, уæддæр сын хыгъд байгом кæнын бантыст æрмæстдæр 86-æм минутыл. Расгуыхт Хацъæты (Хасцаев) Дзамболат.

Радон хъазт дзæуджыхъæуккæгтæ акæндзысты 5 октябры Ростовы, клуб «Академия им. В.Понедельника»-имæ.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.