1 октябры не ‘мкусæг, æмгар æмæ нæ уарзон хæлар банысан кодтаит йæ райгуырдыл 40 азы. Мах мысæм ацы диссаджы удыхъæды хицау адæймаджы, уымæн æмæ нал баххæст уыдзысты нæ къахыр рæнхъытæ йæ цардмондаг, лæггадгæнæг, цардуарзаг, æнкъараг удæй.

Уæззау у Ларисæйы хуызæн æмбал æмæ æмгары аивгъуыды тыххæй дзурын, æрвылбон йæ уæззау æмæ фæллад къахдзæфтæ кæд райхъуысдзысты, уымæ æнхъæлмæ кæсын… сихоры адджын къæбæр кæимæ дих кодтам, уый æрбацыдмæ æнхъæлмæ кæсын…

Хъæр мæрдтæм дæр хъуысы æмæ дæм байхъуысæт нæ хъæр… Зæрдæйы удрæбын арф бынат скодта, не ‘хсæн кæй нал дæ, уыцы маст.

Фæцух сты дæ бинонтæ, де ‘ввахс хиуæттæ де ‘мбаргæ æмæ аудгæ ахастæй. Æгъатыр низы фыдаудæнæй уæззау масты уацары сты дæ бинонтæ. Æртæ чызгæн мад хъæуы, нæртон чындзæхсæвтæ сын скæнын хъæуы. Фæлæ уæззау низ йæ хъæбултæм кæнон акодта æмæ хъæбулуарзаг мадæн йæ фæндаг æрæхгæдта æмæ нал бацин кæндзæн сæ цинæгтыл…

Дард Мæскуыйæ уæззау операцийы фæстæ Ларисæйы йæ бæллицтæ хастой йæ мæйдзыд чысыл хъæбулмæ, хистæр чызджытæм, ардыгæй йæм стыр æнæрхъæцæй цы хиуæттæ æнхъæлмæ кастысты, уыдонмæ. Фæлæ уæлдай тагъд кодта йæ чысыл Мариямæ, йæ уындæй кæмæн нæ бафсæст æмæ мады адджын æмæ хъарм комулæфтæй хъуаг чи баййæфта æмæ æййафы, уымæ. Тырныдта рог базыртыл, йæ уарзон горæтмæ, йæ бинонтæм æмæ йæ хиуæттæм.

Дыууæ бон æмæ дыууæ ‘хсæвы цы фæндагыл тындзыдта, ууыл кæронмæ нал фæхæццæ ис…

Махæн, йе ‘мбæлттæн Ларисæ баззад мысынæн… æрвылбон…йæ марды кæндты бон… иумæ куы æрбадæм, уыцы бонты… Абон йæ райгуырæн бон…

Рухсаг у, нæ зынаргъ æмбал!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.