Рацыд 10 азы, Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад Уæрæсейы Федераци куы бнымадта, уыцы историон цауæй. Уыцы хъысмæтхæссæг къахдзæфимæ баст у нæ республикæйы территорийыл сабырдзинады æрфидар дæр. Нæ адæмы царды уавæртæ бæрæг  фæхуыздæр сты æмæ ныр фидар къахдзæфтæй цæуæм размæ, ног царды бæрзæндтæм, æндидзы æмæ ногæй рæзы не’рыгон паддзахад. Гъе,  фæлæ уыцы сабырдзинад нæ къухты цы аргъæй бафтыд, цы уæззау бонтæ бавзæрстам, уый зонынц æппæт дунейы растхъуыдыгæнæг адæм,  æмæ махæй, хæствæллад ирон адæмæй, уыцы бонты цаутæй иу дæр хъуамæ рох макуы уа.

2008 азы августы тугуарæн бонты Хуссар Ирыстоны нæ адæмæй чи баззад, уыдон се ‘ппæт дæр кастысты мæлæты цæстытæм, æнкъардтой  се ‘ввахс адæмы, се ‘мгæртты зындзинæдтæ.

Цхинвалы районы Громы хъæуккаг Быценты Юра бирæ азты дæргъы уыд æфсæддон службæгæнæг. 1993 азы  Хъахъхъæнынады министрад куы сырæзт, уæдæй фæстæмæ та службæ кодта уым. 2008 азы августы фыццаг бонтæй фæстæмæ уавæр бæрæг фæкарздæр,  нæ  горæты  нæлгой-мæгтæ сарæзтой  ныхмæлæууæг  къордтæ æмæ æхсæвæй бонæй хъахъхъæдтой горæтмæ æрбахизæнтæ. 8-æм августы хæсты судзгæ цæхæр Быценты фырты æрæййæфта нæ горæты ныхмæлæууæг къордтæй сæ иуы, Къусреты къуылдымыл. Къорды уыдысты 8 лæппуйæ, сæ къухдариуæггæнæг уыд Харебаты Батыр. 7-æм августы изæрæй Гуырдзыстоны фæлитой президент Саакашвили куы радзырдта, ирон адæммæ йын кæй ис хæлар ахаст æмæ, зæгъгæ, сæвзæргæ конфликт æрбæстон кæныныл архайдзæн æрмæстдæр сабырадон æгъ-дауæй, тыхæй не спайда кæнгæйæ, уæд Юра æмæ йæ къорды лæппутæ дæр суæгъд кодтой сæ позици, хæцæнгарзæй сæм цы уыд, уыдон сæвæрдтой машинæйыл æмæ уал рацыдысты горæтмæ. Æрдæг сахаты фæстæ Цхинвалыл сæмбæлдысты гуырдзыйы æфсады фыццаг хъомысджын цæфтæ. Райдыдта, Гуырдзыстон «Сыгъдæг быдыр» кæй рахуыдта, уыцы хæстон операци. «Цы бамбарын ма нын хъуыд, гуырдзиаг президенты телеуынынады раныхас  радон фæлитой авантюрæ кæй уыд.  Фæстæмæ не ‘хсæнгæрзтæ сæвæрдтам машинæйыл æмæ хъуамæ сыздæхтаиккам нæ позицитæм, фæлæ гуырдзыйы æфсад горæт алыгъуызон  хъомысджын хæцæнгæрзтæй кæй æхста, уый тыххæй нын нæ уыд нæ бынатæй фезмæлыны фадат дæр. Æрбынат уал кодтам Хахъхъæнынады министрады агъуысты. Куы ‘рбабон ис, уæд æхст чысыл фæкъаддæр æмæ нæ нæ къухдариуæггæнæг рамбырд кодта, горæтмæ æрбахизæнтæ сты уæлдай хъахъхъæнинаг, зæгъгæ æмæ махæн дæр ам бадгæйæ нæу»,- радзырдта Юра. Сæ позицитæм та бæргæ араст сты, фæлæ Хъахъхъæнынады министрады гаражмæ æввахс, Къуайсайы уынгыл фембæлдысты лигъдæттыл. Уыдон афтæ тарст æмæ тыхст уыдысты, æмæ нæ зыдтой сæхи кæм бамбæхстаиккой. Семæ  уыд цæфтæ дæр, Богъиты Эдуардæн та йæ къæхтæ бынтондæр уыдысты пырх. Ацы къорды лæппутæ Кокойты Гена, Цхуырбаты Эдуард, Гуыбеты Юра, Лалыты Батыр, Бæззаты Толик, Хъæц-мæзты Нугзар æмæ Быценты Юра сæхицæн стыр хæсыл банымадтой лигъдæттæн баххуыс кæнын. «Уыцы уысм мах æппындæр ницæуыл хъуыды кодтам, тыхст адæмæн баххуыс кæнынæй дарддæр, кæд нæхæдæг дæр æххæстæй не ‘мбæрстам, цы аразын æмбæлы, уæддæр æвæстиатæй æрæвнæлдтам лигъдæтты машинæйы гуыффæмæ æргъæвыныл, нæ фæнд уыд æдасдæр ранмæ сæ бакæнын», – дзырдта Юра йæ мысинæгты.

Знаджы мæлæтхæссæг нæмгуыты ихуарды бын тыхст адæмæн æххуыскæнгæйæ, Юра фæцæф æмæ йæ туг кæлгæйæ дарддæр æххуыс кодта лигъ-дæттæн.  Йæхæдæг куыд загъта, афтæмæй банкъардта цавæрдæр æнахуыр рыстытæ, фæлæ сын ницы нысаниуæг радта,  цалынмæ йын йе ‘мбæлттæ загътой, йæ фæсонтыл туг парахатæй кæй лæдæрсы, уæдмæ. Туджы хъарм Юрамæ та фæкаст хиды ‘ртæхты æрлæдæрсты хуызæн. «Разылд мæ сæр, къæхтæ цудын райдыдтой, фæлæ мæм афтæ каст, уый æрмæст фæстаг бонты тыхст æмæ фæллады аххос у», –  дзырдта уый. Кæд уæззау нæ, уæддæр цæф уыд, калдис йæ туг, фæлæ уæддæр уый йæхи кой нæ бакодта, афтæмæй дарддæр кодта лигъдæттæн йе ‘ххуыс хай.

Стыр хъæбатырдзинад равдыста уæд шофыр Цхуырбаты Нугзар дæр уыцы фыдуавæрты адæймаджы цард æрдуйы тагыл хæцæгау куы уыд. Алы къадзæфæн дæр мæлæтæй тæссаг уавæрты, уый бабадт йæ машинæйы æмæ акодта адæмы æдасдæр бынатмæ. Уым се ‘ппæтæн дæр бакодтой медицинон æххуыс.

Уый фæстæ дæр ма Харебаты Батыры къорды лæппутæ иу æмæ дыууæ хатты нæ бахаудысты тæссаг уавæрты се ‘мтуг ирон адæмæн æххуыс кæнгæйæ.

Юра йæ фидæн æфсæддон цардимæ  æппындæр никуы баста, фæлæ йæ  нæ республи-кæйы тыхст уавæртæм гæсгæ бахъуыд сахуыр кæнын бирæ æфсæддон хъуыддæгтæ. «Æфсæддон цардимæ æз мæ фидæн кæд æппындæр никуы бастон, уæддæр мæнæн,  цалдæр азы дæргъы нæ Ирыстоны хæстон æндыгъд уавæртæ уынгæйæ, мæ зæрдæ рыст ирон адæмы хъысмæтыл. Иу æмæ дыууæ хатты нæ бахаудыстæм гуырдзыйы постытыл хизгæйæ зын уавæрты, мæ бинонтимæ мæ райгуырæн хъæу Громмæ цæугæйæ. Уыдæттæ уынгæйæ адæймаг хъуамæ ссара æппæт тыхтæ дæр йæ уарзон адæмы, йæ райгуырæн бæстæйæн балæггад кæнынæн. Йæ райгуырæн бæстæ, йе ‘мтуг адæм адджын кæмæн не сты, уый нæу  æххæст адæймаг», – зæгъы Быцены фырт.

Юра кæд нæу æфсæддон удыхъæды хицау, уæддæр у йæ адæмыл йæ райгуырæн бæс-тæйыл æнувыд æмбæстаг. Нæу хорзæхтæ æмæ майдантæй хъайтар, фæлæ – удыхъæдæй, æмæ æппæт хорзæхты хор-зæхыл та нымайы, абон йæ уарзон Ирыстоны сабырад кæй æр-фидар æмæ нæ царды уавæртæ бонæй бон хуыздæр кæй кæ-нынц, уый.

Хъыгагæн, цард кæм ис, уым ис мæлæт дæр, æмæ Юрайы къорды лæппутæй дыууæйæ абон немæ нал сты – Бæззаты Толик æмæ Гуыбеты Юра. Ныртæккæ Ирыстоны сабырад, кæй зæгъын æй хъæуы, у махæн ахсджиаг хъуыддаг, фæлæ махæй рох никуы уыдзысты уый сæраппонд йæ сæр нывондæн чи æрхаста, уыцы хъæбатыр лæппуты нæмттæ.

Юрайæн та мæ зæрдæ зæгъы æнæниздзинады фæндиæгтæ йæ бинонтæ æмæ æввахс адæмимæ.

Хуыгаты Милена

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.