БАНТЫСТ СЫН РЕВАНШ  РАЙСЫН

Республикон стадионы уагъд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Луганскы Адæмон Республикæйы командæты ‘хсæн хæларадон хъазт. Фембæлд уагъд æрцыд Республикæйы боны цытæн.

Раздæр ма ацы командæтæ хъазыдысты августы кæрон Луганскы. Уæд фæуæлахиз сты фысымтæ 4:3 хыгъдæй. Дзуаппон хъазтмæ хуссарирыстойнаг командæ йæхи бацæттæ кодта ноджы хуыздæр. Хъазтмæ бакæсынмæ æрбацыдысты Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, Донецкы Адæмон Республикæйы сæргълæууæг Денис Пушилин, арæнгæрон æмгуыстады фæдыл Уæрæсейы Президенты управленийы сæргълæууæг Алексей Филатов, Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ æндæр официалон адæймæгтæ.

Хъазты фыццаг æмбисы фылдæр тох цыд хъазæн фæзы центры. Командæтæ архайдтой инициативæ сæхимæ райсыныл, фæлæ дæргъвæтин рæстæджы футболисттæн сæ къухты не ‘фтыд комбинацион хъазт уадзын. Фембæлды фыццаг хайы кæрон фысымты хъазæг Бæззаты Ибрагим бабырста ныхмæлæууæг командæйы иварон фæзуатмæ, хъахъхъæнæджы фæсайгæйæ  пурти смидæг кодта хызы æмæ хыгъд ссис  1:0.

Хъазты дыккаг æмбис рауад ноджы цымыдисондæр. Пурти бакъуырынæн тæссаг уавæртæ æвзæрдысты дыууæ командæйы кулдуары раз дæр. 60-æм минутыл  тæссаг иварон цæф сæххæст кодтой уазджытæ. Хъазты кæрон Луганскы Адæмон Республикæйы хъазджытæ стыр тыхтæй абырстой размæ, фæлæ сын нæ бантыст пурти бакъуырын. Афтæмæй хъазт фæцис 2:0 хыгъдæй Хуссар Ирыстоны æмбырдгонд командæйы пайдайæн.

НОМАРÆН ТУРНИР

  Советон Цæдисы спорты дæсны, физикон хъомылады зындгонд ахуыргæнæг Уалыты Русланы номыл уагъд æрцыд дыккаг турнир стъолы теннисæй. Ацы аз ерысты статус ивд æрцыд гом турнирмæ. Уый фæрцы дзы хайад райстой цæгаткавказаг спортсментæ дæр. Майдантыл тох кодтой куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ Цæгат Ирыстон-Алани æмæ Дагъыстаны минæвæрттæ.

Ерыстæ уагъд æрцыдысты скъола-интернаты, цыран Руслан куыста йæ амæлæты онг. Ууыл 20 сентябры сæххæст уыдаит 69 азы. Ерысты официалонæй байгом кæныны церемонийы иу уысм æдзæ-мæй алæугæйæ æрæмбырдуæвджытæ ссардтой Уалыты Русланы ном. Йæ царды тыххæй раныхас кодта йе’мгар, йæ коллегæ Тедеты Владимир.

Ерысты байгом кæныны церемонийы рæстæджы ма республикæйы стъолы теннисы федерацийы номæй Уалыты Русланы фырт Владиславæн лæвæрд æрцыд номарæн майдан. Ерыстæм æрбацыдысты Русланы хъомылгæнинæгтæ дæр, уыцы нымæцы армхæстæй æвзæнгты ‘хсæн дунейы чемпионаты æвзист призер Дыгъуызты Миленæ. Уый куыд загъта, афтæмæй Руслан бирæ сарæзта, цæмæй спорты йæ къухты бафтыдаид ахæм æнтыстытæ.

Ерысты хайадисджыты ‘хсæн уыдысты Цæгат Кавказы зындгонд теннисисттæ. Турниры архайдта Ирыстоны иууыл æнтыстджындæр теннисист Бекъойты Эдуард. Уый куыд загъта, афтæмæй турнирæн ис хорз сомбон.

Турниры организатортæ уыдысты РХИ-йы стъолы теннисы федераци æмæ скъола-интернат. Стъолы теннисæй республикæйы æмбырдгонд командæйы сæйраг тренер Джиоты Мириан куыд банысан кодта, афтæмæй фæнд кæнынц фидæн аз турнир дунеон æмвæзадыл ауадзын.

ФÆБÆРÆГ СТЫ ИУУЫЛ ЦÆТТÆДÆР ШАХМАТИСТТÆ

 Цхинвалы 12-æм астæуккаг скъолайы актон залы уагъд æрцыд республикæйы чемпионат тагъд шахматтæй. Ауагътой йæ республикæйы шахматты федераци, паддзахадон телерадиокомпани «Ир», афтæ ма сын баххуыс кодтой компани «Мегафон – Южная Осетия» æмæ 12-æм скъола. Ерысты хайад райстой республикæйы иууыл тыхджындæр шахматисттæ. Чемпионат официалонæй байгом кодта шахматты федерацийы президент Саулохты Георги. Спортивон бæрæгбоны цытæн æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кодта 12-æм астæуккаг скъолайы директор Æрсойты Геннади.

Компани «Мегафон-Южная Осетия»-йы номæй та раныхас кодта æхсæнадимæ бастдзинады фæдыл специалист Бежанты Зæринæ. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй компани дарддæр дæр æххуыс кæндзæн ацы ерыстæ уадзынæн.

Уый фæстæ райдыдтой фембæлдтытæ. Ерыстæ рауадысты тынг цымыдисон. Алы фæйнæджы фарсмæ дæр цыд карз интеллектуалон тох. Иууыл æнтыстджындæрæй йæхи равдыста Сиукъаты Алан, кæцы иу хатт дæр нæ фæхæрд, афтæмæй æрæмбырд кодта иууыл фылдæр очкотæ æмæ бацахста фыццаг бынат. Дыккаг бынатыл ацыд Саулохты Георги æмæ æртыккаг та ссис 12-æм скъолайы ахуырдзау Къодоты Андрей.

Ерысты уæлахиздзау æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты майдантæ, кады грамотæтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй. Лæвæрттæ ма райстой чемпионаты иннæ хайадисджытæ дæр.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.