Пресс-конференци финалон тохы размæ

 

21 июлы Мæскуыйы спорткомплекс «Олимпиский»-йы уагъд æрцæудзæн ацы азы иууыл сæйрагдæр тох. Боксы æппæтдунеон суперсерийы финалы фембæлдзысты ирон боксер WBA æмæ IBF верситæм гæсгæ дунейы чемпион Гасситы Мурат æмæ WBC æмæ WBO верситæм гæсгæ украинæйаг дунейы чемпион Александр Усик. Тохмæ бакæсыны тыххæй Мæскуымæ ацыдысты мингай ирон спортуарзджытæ. Фембæлды размæ боксертæн уагъд æрцыд пресс-конференци, цыран дзуаппытæ радтой журналистты фарстатæн.

Мураты уал афарстой тохы алыварс цы ажиотаж сывзæрд, уымæ цы ахаст дары, уымæй? Йæ зæрдæмæ цæуы æви нæ?

– Тохмæ стыр хъусдард ис. Фыст цæуы боксы истори. Æмбæлынц дыууæ чемпионы, кæцытæ никуы фæхæрд сты. Чи рамбула, уый ахæсдзæн чемпионты рæттæ иууылдæр. Æз зонын уый æмæ нæ дыууæ дæр æппæтдæр кæй сараздзыстæм, цæмæй спортуарзджыты фыдæнхъæл ма фæкæнæм.

– Нæ фæсмон кæныс профессионалон боксмæ раджы кæй рахызтæ æмæ, афтæхуыйнæг, «любительский» боксы дын стыр æнтыстытæ кæй нæ уыд, ууыл?

– Фæсивæды ‘хсæн Уæрæсейы чемпионаты æртыккаг бынат куы бацахстон, уæд мæ фыццаг тренеримæ бауынаффæ кодтам профессионалтæм рахизын. Уæд мыл цыд 17 азы æмæ цадæггай бахæццæ дæн титулмæ.

– Зæгъ ма, АИШ-ы тренировкæтæ цæмæй хуыздæр сты?

– Æз тренировкæ кодтон Уæрæсейы æмæ акодтон 18 тохы. Схызтæн бæрæг æмвæзадмæ, фæлæ стæй мæ хъуыддæгты рæстмæ нал цыдысты. Мæ командæимæ бауынаффæ кодтам Америкæмæ ацæуын æмæ боксы ног методикæ бафæлварын. Бахудт мæм амонд æмæ бахаудтæн иууыл хуыздæр тренер Абель Санчесмæ. Йæ къухдариуæгадæй ныр тренировкæ кæнын æртæ аз æмæ æрдæг. Фыццаг рады мын Уæрæсейы уыд спарринг-партнертимæ проблемæ. АИШ-ы та мын ахæм проблемæ нæй.

– Раздæр уын Александр Усикимæ уæ тох ахастой фæстæдæр рæстæгмæ. Уыцы хъуыддаг исты хуызы бандæвта дæхи цæттæгæнæн процессыл?

– Азы мидæг 10 мæйы дæн тренировкæтæ уадзæн лагеры. Мæ хъуыдымæ гæсгæ мын уыцы хъуыддаг уыд æрмæстдæр пайда. Уый мын баххуыс кодта ноджы хуыздæр бацæттæ кæнынæн.

– Дæ ахаст куыд у уыцы хъуыддагмæ, æмæ Уæрæсейы бирæ адæм кæй хæцынц Александр Усикы æвварс?

– Тынг æхсызгон мын у Уæрæсейы бокс кæнын. Ахсджиаг у уый, æмæ мæ бинонтæн, фыццаг рады та мæ мадæн сæ бон кæй суыдзæн тохмæ бакæсын. Раздæр ын хъавыдыстæм Иугонд Штаттæм визæ бакæнын, фæлæ нын нæ рауад. Уымæ гæсгæ мын ныр тынг æхсызгон у тох Уæрæсейы кæй уыдзæн. Бирæтæ зæгъынц, зæгъгæ, мæнæн æнцондæр уыдзæн. Фæлæ уыцы хъуыдыимæ разы нæ дæн. Махмæ дæр бирæ адæм хæцынц Сашæйы æвварс. Æз æм стыр цыты ахаст дарын.

Александр Усикы уал журналисттæ афарстой цæмæн ныууагъта йæ тренер Сергей Ватаманюкы, зæгъгæ, уый тактикон къаздзæф уыдис, æви раздæр дæр фæнд кодта уый саразын.

– Æвæццæгæн, мæ тренеримæ ахицæн кæнын хъуыд раздæр дæр. Фæлæ алцæмæн дæр ис йæхи рæстæг. Хуыцау нын бæрæг кæны нæ фæндаг æмæ йыл кæд æууæндæм, уæд хъуамæ уыцы фæндагыл цæуæм.

– Дæ бон у зæгъай, тохмæ цæттæгæнгæйæ чи уыдысты дæ спарринг-партнертæ?

– Мæ спарринг-партнертæ уыдысты Кличко æмæ Гвоздик. Афтæ ма къорд спортсмены, кæцыты нæмттæ нæ зæгъдзынæн.

– Дæхиуыл æй хатыс Уæрæсейы цæрæг адæмæй бирæтæ де ‘вварс кæй сты?

– Мурат æмæ Дортикосы тохы Сочийы куы уыдтæн, уæд мæм æрбацыдысты йе’мзæххонтæ æмæ мын дзырдтой, кæй мын арфæ кæнынц финалмæ кæй рахызтæн. Дзырдтой мын сæхиуоны æвварс кæй хæцдзысты, фæлæ ма мын дзырдтой кæй дæн бæдæйнаг. Дæхиуоны æвварс куы хæцай æмæ йын йæ ныхмæлæууæджы тыххæй æвзæрæй куы ницы дзурай, уыцы хъуыддаг æвзарын кæны кады æнкъарæнтæ. Ды ныхмæлæу-уæгмæ дæм кады ахаст куы уа, уæд архайыс куыд адæймаг. Фæлæ дæхи хъыбылы дард куы кæнай, уæд дæ хъыбыл. Мæскуыйы кæй тох кæндзыстæм, уый мæ бынтондæр нæ тыхсын кæны.

Пресс-конференцийы рæстæджы ма йæ хъуыдытæ загъта Боксæй æппæтдунеон суперсерийы организатор Калле Зауэрланд:

– Куыддæр Мæскуымæ æртахтæн, афтæ æвиппайды банкъардтон тохы атмосферæ. Уыдзæн сæрмагонд изæр, куыд футболон Чемпионты къорды, афтæ, æрмæст боксы. Уый уыдзæн дыууæ гладиаторы ‘хсæн диссаджы тох, æнæдызæрдыгæй азы иууыл сæйрагдæр тох. Æрдæгфиналтæ дæр рауадысты тынг хорз.

Калле Зауэрланды ма афарстой тох сорганизаци кæныны тыххæй цы зындзинæдтæ фæзынд, уыдоны тыххæй.

Махæн, организатортæн контракттæ ис дыууæ боксеримæ дæр. Дызæрдыггаг нæу æмæ тох уагъд кæй æрцæудзæн, ницы проблемæ ис уый тыххæй. Диссаг дæр мæм кæсы афтæ арæх мæ кæй фæрсынц, уый тыххæй. Ам политикæ нæй, уымæн æмæ уый у бокс, сенсацион тох.

Финалон тохы чи рамбула, уымæн лæвæрд æрцæудзæн Мухаммед Алийы кубок, афтæ ма суыдзæн цыппар чемпионы рæтты хицау. Тох цæудзæн спорткомплекс «Олимпиский»-йы, цыран цæуы 35 мин адæймаджы. Боксы изæр райдайдзæн 18 сахатыл. Уый фæлгæтты уагъд æрцæудзæн 10 тохы.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.