ÆМХÆЦЦÆ  ÆМБУАРХÆСТ

Налцыччы уагъд æрцыд Кæсæг-Балхъары фыццаг президент Валерий Коковы IX-æм номарæн турнир æмхæццæ æмбуархæстæй (ММА). Ерысты хайад райстой сæдæ спортсменæй фылдæр, кæцытæн контракттæ нæй ММА-йы сæйраг лигæтимæ. Турниры хайад райстой ирон спортсментæ дæр. Уыдонæн бантыст авд  майданы рамбулын.

Уæлахиздзау ссис Тедеты Эльбрус. Уымæн аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд 70,3 кг уæзы категорийы. Æвзист майданы хицау ссис Сабанты Зауырбег (120,2 кг). Бронзæйон призертæ та систы Гуыбылты Давид (65,8 кг), Цыбырты Эдуард (65,8 кг), Колыты Аслан (77,1 кг), Магкеты Олег (83,9 кг) æмæ Пухаты Сæрмæт (93 кг).

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ерысты уæлахиздзаутæн лæвæрд кæй цыд  «Уæрæсейы спорты дæсны»-йы кадджын нæмттæ.

 

***

Спорт

2022 азы зымæгон Олимпиадæйы арт æрластой Пекинмæ. 18-æм октябры 2022 азы Олимпиаг хъæзтыты арт ссудзыны церемони уагъд æрцыд 18-æм октябры грекъаг Рагон Олимпийы. Дыккаг бон та йæ Афинты стадион «Панатинаикос»-ы та арт лæвæрд æрцыд Пекины Олимпиаг хъæзтыты организатортæм.

XXIV-æм зымæгон Олимпион хъæзтытæ уагъд æрцæудзысты 2022 азы 4-20 февралы. Паралимпиаг хъæзтытæ та – 4-13 марты.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.