Дзауы районы администрацийы культурæйы хайады кусджытæ Цхуырбаты Галинæйы сæргълæудæй иу нысаниуæгджын боны фæрсты дæр никуы ахизынц. Алыхатт дæр сæ банысан кæнынц официалон æгъдауæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, æрвылаз дæр цытджын æгъдауæй банысан кæнынц ирон адæмы иумиаг фырт Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайы райгуырæн бон.

Ныр дæр та уыд афтæ. Генийы райгуырæн бон уый размæ азты  уæрæхæй куыд банысан кодтой, ныр афтæ нæ уыд. Йæ аххосаг  у коронавирусы пандеми та ногæй нæ республикæйы кæй апарахат ис, уый. Фæлæ уæддæр Цхуырбаты чызг йæ хæсыл банымадта куыдфæндыйæ дæр ирон адæмы номдзыд фырты райгуырды 162-азы банысан кæнын.

15-æм октябры Ирыстоны уарзондæр æмæ курдиатджындæр фыссæджы цырты цурмæ æрбацыдысты Дзауы районы администрацийы культурæйы хайады, ахуыры хайы минæвæрттæ æмæ скъолаты ахуыргæнджытæ сæ къухдариуæггæнджытимæ. Мадзал байгом кодта культурæйы хайады хистæр Цхуырбаты Галинæ. Уый банысан кодта: «Къостайы ном алы ирон адæймагæн дæр у тырысайау. Уый нæ хоны ахуырады бæрзæндтæм, рæсугъд фидæнмæ, хæлардзинад æмæ уарзондзинады уæлтæмæнтæм. Йæ «Ирон фæндыр» та нын у цырагъдар. Бæргæ нын фылдæр куы фæцардаид, уæд ын ноджы цас бантстаид сфæлдисын, фæлæ йæ радтæг ирон адæмы мæтæй уæззау низ райста».

ССАРДТОЙ НОМДЗЫД КЪОСТАЙЫ НОМ

Уый фæстæ ныхасы бар радта Дзауы скъола-интернаты директор, ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг  Галуанты Зæлинæйæн. «Къоста! Ирон адæмы уарзондæр хъæбул, йæ намыс, йæ цæсгом, Иры цырагъдар, æфхæрд дзыллæтты сæрхъуызой, сидзæрты рæвдауæг, адæмты хæлардзинады зарæггæнæг. Нæ ахæм лæджы аккаг дзырдтæ æнцон ссарæн не сты. Мæнæ та нæ абон æбамбырд кодта Нарон, Ирыстоны ахсджиаг хъæбул Къоста йæ гуырæн боны цытæн мадзалмæ. Йæ рæстæджы Михаил Шолохов загъта, зæгъгæ, Хетæгкаты Къоста у Ирыстоны æмæ æппæт советон адæмы сæрыстырдзинад. Къоста нæ фарсмæ цæуы нæ сабибонтæй фæстæмæ. Афтæ нæм кæсы, зæгъгæ, йæ кæд уынгæ нæ кæнæм, уæддæр æй æнкъарæм. Фæндагамонæг стъалыйы хуызæн нын йæ цæхæркалгæ рухсæй нæ фæндаг рухс кæны. Цард æвдисы куыд, уыд, афтæмæй: йæ маст æмæ цинтимæ, ныфс æмæ фыдæнхъæлимæ. Йæ зарджыты зæлтæ æвналынц зæрдæйы тæгтæм, уымæн æмæ йедзаг сты катай æмæ мастæй, йæ адæмы фыдцардмæ кæсгæйæ, йæ фидæныл сагъæсæй. Къоста цы уарзондзинадыл зары, уый æрмæст сылгоймагмæ здæхт нæу. Къостайы уарзондзинад у бирæвæрсыг: адæммæ, Райгуырæн бæстæмæ, æрдзмæ… Ууыл дзурæг сты йе ‘мдзæвгæтæ. Цы егъау зæрдæйы хицау уыд Къоста! Йæ адæмы амонд æм хи амондæй бæрзонддæр æвæрд уыд. Мах уарзт дæр уый тыххæй афтæ æгæрон у Къостамæ. Нæ зæрдæйы цырæгътæ уый тыххæй ссудзынц, йæ ном фехъусгæйæ. Æмæ та ног æмæ ногæй аныгъуылы йæ поэзийы, йе сфæлдыстады æрфыты. Æнæ дызæрдыгæй Къостайы æрæврæн ис Некрасов, Достоевский, Врубель, Серов æмæ бирæ æндæр зындгонд классикты æмрæнхъ. Къоста алы ирон царды дæр ахсы ахсджиаг бынат. Мысдзыстæм æй алы хатт дæр. Йæ кад мыггагмæ у цæринаг. Йæ зондамонæн ныхæстæ æмæ фæдзæхстытæ абон дæр сты актуалон», – дзырдта Галуанты Залинæ.

Æрæмбырдуæвджытæ бакастысты генийы æмдзæвгæтæ. Йæ цыртыл ын сæвæрдтой  венок æмæ дидинджытæ æмæ райгондæй здæхтысты фæстæмæ, уымæн æмæ кæд уæрæх масштабы нæ, уæддæр ссардтой сæ уарзон Стыр Адæймаджы ном.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.