Афтæ нымадæуы, ома, зæрыбонты адæймаг вæййы амондджындæр, æрыгон азтимæ абаргæйæ. Адæймагыл азтæ куы ацæуынц æмæ йæ зæрыбонтæм куы æрбаввахс вæййы, уæд æнæхъуаджы уæгъды ныфсытæ йæ зæрдæйы нал фæдары æмæ цин кæны, æрмæстдæр, ныртæккæ йæ царды цы ис, уымæн. Алчи дæр йæхимид алцы дæр æмбары æмæ уымæ гæсгæ алы адæймаг дæр йæ зæрдæмæ æрбаввахс кæны æрмæстдæр ахæмты, кæцытæ йæ бамбардзысты æмæ йæ цардвæндаджы алы ситуацийы дæр уыдзысты йæ фарсмæ.

Ацæргæ адæймæгты хъуыдымæ гæсгæ сæ раздæры мæстытæ æмæ фыдæнхъæлтæ уæззау уаргъæй æнцайынц се уæхсчытыл, афтæ ма сæ рæстæджы æнæзагъдгонд дзырдтæ æмæ сæ рæстæгыл цы проблемæтæ нæ аскъуыддзаг кодтой, уыдон сæ иууылдæр удхарæй кæй марынц, уый. Амондджын адæймагæй фæцæрын тынг зын у. Уымæ хъæуы тырнын æмæ цæуын æвзонгæй фæстæмæ. Царды дын хъуамæ уа æууæнкджын æмгæрттæ æмæ æнæфæцудгæ зондамонджытæ.

Бирæ нацитæм уымæн сты кадджынтыл нымад ахæм зондджын ацæргæ адæм. Уымæн æмæ цард чи рацарди æмæ йæ чи сфæлвæрдта, уый арæх бафæрсынц зондæй. Ахæм зондджын æмæ фæлтæрдджын адæм, кæй зæгъын æй хъæуы, хорз æмæ раст фæндагыл бафтаудзысты æвзæнгты æмæ æрыгон фæлтæры дæр, цæмæй уыдон сомбон, цас гæнæн ис, уыйас цъусдæр рæдийой. Цæмæй амондджын уай, уый тыххæй дын хъуамæ уой: æнæниздзинад, хорз ахастытæ дæ сывæллæттимæ æмæ хъуамæ ссæрибар кæнай дæхи хæрамдзинадæй.

 

Æнæниздзинад.

«Æнæниздзинад кæмæн ис, уымæн ис ныфс, ныфс кæмæн ис, уымæн та ис алцы дæр». Фынджы алыварс бадгæйæ, махæй алчи дæр кæрæдзийæн фæкувы, фæарфæтæ кæны, цæмæй æнæниз уæм кæддæриддæр. Бæргæ, ахæм куывдтытæ алы хатт дæр куы цæуиккой, фæлæ… Æцæг та, реалон царды, хабар у æндæргъуызон. Адæмæн сæ фылдæр фæллайы чысыл ницæмæй дæр. Уæлдай нæу, æвзонг у æви ацæргæ. Цард нæ æлхъивы йæхирдыгонау, адæймаг та йын ныхмæ фæлæууы æмæ афтæ хъуырдухæн кæнынц. Зын у, тынг зын ахæм тох, уæлдайдæр та – ацæргæ адæймагæн, кæцы ныридæгæн рацарди æмæ æмбары, йæ цард йæ бон кæй нал у фæивын, йе ‘взонджы бонтæ фæстæмæ кæй нал раздахдзæн æмæ ма йæ кæд исты фæндыдаид фæивын, уæддæр уый дæр йæ къухты кæй никуыуал бафтдзæнис.

 

Сывæллæттæ.

Уды æнцойдзинад чи хæссы, уыдоныл нымад сты адæймагæн йæ сывæллæттæ. Адæймагæн йæ бон у æмæ алы моменты дæр кæрон скæна йæ бастдзинад йæ зонгæтимæ кæнæ та уыцы бастдзинад баива æндæр исты ахастытæй, йæ цымыдисдзинад фæзила æндæр сферæмæ. Фæлæ хи сывæллæттимæ бастдзинад æмæ æууæнкдзинадæн баивæн ницæимæ ис. Адæймаджы йæхи сывæллон куы нæ фембары, æмæ хъарм ахастыты бæсты ныййарæг куы райсы уазал цæстæнгас, уæд уый алы ныййарæгæн дæр вæййы тынг зын, йæ зæрдæ йын аскъуыны.

Скæсæны афтæ зæгъынц:

«Кæд æмæ дæ фæнды, цæмæй дæ æнæхъæн афæдз хъуыды кæной, сæ зæрдыл дæ дарой, уæд ныссадз дидинджытæ. Кæд дæ фæнды, цæмæй дæ бирæ рæстæджы дæргъы хъуыды кæной, уæд ныссадз бæлас. Кæд дæ фæнды æмæ дæ æнустæм сæ зæрдыл дарой, уæд та ахуыр кæн сывæллæтты».

Царды æппæты зындæр æмæ вазыгджындæр мисси ныййарæгæн – иурæстæджы æмгар дæр æмæ ахуыргæнæг дæр хъуамæ уай дæ сывæллонæн. Цæмæй йæ буц дæр ма скæнай æмæ йæ хъыг дæр ма фæкæнай. Сахуыр æй кæнай, куыд хъæуы йæ разылæууæг проблемæтæ скъуыддзаг кæнын, куыд хъæуы хи бахъахъхъæнын æнæрастдзинæдтæй, куыд хъæуы къахыл слæууын, цард дæ куы цæва æмæ дæ куы æфхæра, уæд. Кæд æмæ сывæллон хата æмæ æнкъара ныййарæджы уарзондзинад æмæ æххуыс, уæд ахæм сывæллон йæ ныййарæгмæ цыфæндыйы цæстæй никуы ракæсдзæн. Ахæм сывæллон æнæмæнгдæр сомбон йæ ныййарæгæн уыдзæн æнæфæсайгæ быцæу, йæ ныййарæг ын чысылæй цы тых лæвæрдта, уыцы тых ын дæтдзæн фæстæмæ йæ ныййарæгæн.

 

Хæларзæрдæ æмæ цингæнаг.

Махæй алкæмæн дæр ис æвзарыны бар – царды райдзаст æви талынг фарсæрдыгæй цæрын. Дунейы хъæндзи-нæдтæ ныббарын æви йæ ныхмæ сыстын æмæ смæстджын уæвын æмæ йæм фыдзæрдæ хæссын. Нæ хъæуы хи къухтæй дæхи сæрмагонд цард æмæ ма дæ  алыварс чи ис, уыцы адæмы цард дæр халын, маст сын кæнын æмæ сын сæ цардæй зындон аразын. Алы адæймагæн дæр йæ бон у æмæ йе уæхсчытæй аппара йæ маст æмæ фыдæнхъæлы уаргъ.

Иу скæсæйнаг зондджын адæймаг загъта: «Æрмæстдæр ис иунæг фæрæз, цæмæй де знæгтæй фервæзай – æмгæрттæ сæ сараз».

Æрмæг мыхуырмæ бацæттæ кодта ДЫГЪУЫЗТЫ Зæринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.