Хуссарирыстойнаг боксер Коцты Артур ссис спортивон æхсæнад «Динамо»-йы чемпион. Ерыстæ уагъд цыдсты Ижевксы. Тренер Коцты Вадим æмæ Кокойты Мураты хъомылгæнинаг ерыс кодта 15-16-аздзыд спортсменты ‘хсæн 75 кг уæзы категорийы. Уый финалы фембæлд Самарайы областы минæвар Богдан Самарскийимæ. Уый райста йæ кары спортсменты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионаты хайад райсыны бар.

***

Стъараполы крайы станицæ Суворовскийы уагъд æрцыд 17-18-адзыд спортсменты ‘хсæн Цæгат Кавказы Федралон зылды чемпионат боксæй. Ерысты ирон спортсментæн бантыст 9 майданы рамбулын. Æвзист призертæ систы Чилæхсаты Александр (60 кг) æмæ Æлбегаты Сæрмæт (80 кг). Бронзæйон призертæ та систы Джыбылты Марк (48 кг), Зæкъуыраты Ибрагим (54 кг), Цереккаты Альберт, Дойаты Хетæг (75 кг), Бибылты Тимур (80 кг) æмæ Тедеты Давид (+92 кг). Бронзæ майдан ма рамбылдта Цъинагары хъæуæй рацæуæг Хуриты Рубен (71 кг).

ДУНЕЙЫ ЧЕМПИОНАТ ММА-ЙÆ

Горæт Абу-Дабийы (Иугонд Арабаг Эмираттæ) уагъд æрцыд ММА-йæ дунейы чемпионат. 10 азы дæргъы дунеон федераци IMMAF историйы ерысты уыдысты иууыл масштабондæртæ. Хайад сæ райстой 56 бæстæйæ 421 спортсмены.

Æвзæнгты ‘хсæн ерысты дунейы чемпион ссис Сабеты Хетæг. Уый йæ тыхтæ фæлвæрдта иууыл уæззаудæр уæзы категорийы. Финалы ирон спортсмен дыккаг раунды техникон нокаутæй фæуæлахиз Казахстаны минæварыл.

НЫМАД ÆРЦЫД ХУЫЗДÆР СПОРТСМЕНЫЛ

Гæбæраты Лаша у киокушинкай каратэйæ Европæйы чемпионатты æртæ хатты æвзист призер, 2012 æмæ 2014 азты ссис Уæрæсейы чемпион, 2014 азы ма рамбылдта Уæрæсейы Кубок. Цæуы йыл 33 азы. У УФ-йы дунеон къласы спорты дæсны.  Спортсмен йæхæдæг куыд дзуры, уымæ гæсгæ йæ спортивон карьерæдарддæр кæндзæн. «План кæын тренировкæ кæныны æмæ егъаудæр ерысты хайад исын. Алцыдæр араздзæн, цæмæй мæхи æдисон аккагæй æмæ афтæмяй рухс кæнон мæ хиуæтты æмæ табугæнджыты зæрдæтæ. Бузныг зæъын мæ табугæджытæн. Уæ фарсхæцынад мын дæтты уæлдай тыхтæ», – загъта Гæбæаты Лаша.

2010 азæй райдайгæйæ уый ахста алыгъуызон позицитæ дунейы  тыхджындæр астæуккаг уæзы 20 спортсмены хсæн. 2011 æмæ 2019 азты уый ралæууыд дунейы абсолютон чемпионаты. Гæбæраты Лаша у иунæг ирон спортсмен, кæцыйæн йæ къухы бафтыдысты ахæм фæстиуджытæ контактон каратэ-киокушинкайы иууыл æгъатырдæр здæхтытæй сæ иуы.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ ныртæкæ Лаша кæй цæры æмæ тренировкæ кæны Екатеринбургы. Уый у Свердловскы областы каратэ-киокушинкайы Федерацийы вице-президент.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.