БОКС

Хуссар Ирыстоны боксы скъолайы хъомылгæнинаг Гæджиты Гурамы къухты фыццаг уæлахиз бафтыд, 16 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн Европæйы чемпионаты. Уый тыххæй хъусын кæны боксы скъолайы директоры хæдивæг Кокойты Ирбег. Ерыстæ уагъд цæуынц Тбилисы. Финалы 1/16 хайы йæ ныхмæлæууæг уыд Хорватийы минæвар Келенч Мауро. Фембæлд иу раунд дæр нæ рауад. Ирон боксерæн бантыст йæ ныхмæлæууæджы æртæ хатты нокдауны арвитын. Тæрхонгæнджытæ æрлæууын кодтой тох æмæ уæлахиз лæвæрд æрцыд Гæджиты Гурамæн.

Ныр тренер Дзигойты Ацæмæзы хъомылгæнинаг æрдæгфиналон тох акæндзæн абон, 8-æм июлы.

ФУТБОЛ

Дзæуджыхъæуы футболон командæ «Алани» балхæдта чехаг клуб «Млада-Болеслав»-ы хъахъхъæнæг Тадтаты Алексейы. Йемæ контракт бафыст æрцыд цыппар азмæ. Уый тыххæй хъусын кæны алайнæгты пресс-службæ.

22-аздзыд футболист райгуырд Цхинвалы. У Дзæуджыхъæуы сывæллæтты футболон скъола «Юность»-ы хъомылгæнинаг.

«Млада-Болеслав»-ы хъазын мын бирæ фæахъаз мæ футболон рæзты. Райстон стыр фæлтæрддзинад æмæ мæ ныр фæнды баххуыс кæнын футболæй хъазын цы клубы райдыдтон, уымæн уæлдæр уæрæсейаг дивизионмæ рахизыны тыххæй», – загъта Тадтаты Алексей.

Дзыллон информацион фæрæзтæ куыд хъусын кæнынц, афтæмæй дзæуджыхъæуккæгтæ Тадтаты Алексейы балхæдтой 350 мин евройæ.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.