КУЫД КАД КОДТОЙ ИРОН АДӔМ ХОРӔН

Ӕхсызгон куыстытæ цас иу кодтой бинонты, сыхты, хъæуты æмæ кæмтты адæмы иумæйаг номæй, уыйас сыл хæрзаудæнæй ахадыдтой хидвæллæйттæ, бæркæдтæ æмзонд-æмвæндæй, æмвæтк-æмуагæй. Бинонтæ цас хæдзары куыстытыл æмхуызон райгондæй архайдтой, уыйас царды фыдуавæртæн æнцондæрæй быхсыдтой. Кæрæдзийы хъæр не ‘мбарынц, уæд куысты уæлхъус – хивæнд æмæ фæлывд, фынджы уæлхъус – зыд æмæ кæрæф. Фыдæлты заманты дæр уыди æвæтк – æдзыд бинонтæ, сыхтæ æмæ хъæутæ фæлæ ирон фарны хæрзтæм ницы бар дардтой фæзминагæй, райгондæй, æмæ нæ дарддæры ныхасы сæрæвæрæн уыдзысты куыстуарзонæй æгъдауджын бинонты бæркæдтæ.

Хæдзары хистæртæ цас раст уынаффæ кодтой æрвылбоны царды, уый зынди æппæт куыстытыл иугъæдоны хæрзаудæнæй. Хистæрæй кæстæрмæ цыдысты фарны хæрзтæ ахуыры уагыл фæлтæрддзинад æмæ дæсныйады бындурыл. Зæхх æмæ фосы куысты æфтиæгтæй кæй цардысты, уый сæ рох нæ кодта. Зæххы раттинæгтæ – хор, фос æмæ хос æдзух кæрæдзийы фарсмæ лæууыдысты æртæ стырдæр хорзæхау, фæлæ сын сæрæвæрæныл нымадтой хоры, хойраджы. Хоры кад æмæ радыл баст цыдысты царды иннæ хæрзтæ æмæ бæркæдтæ. Хоры аргъæй аргъ кодтой æппæт фæллæйттæн, хуыцау æмæ зæххы фыдæхæй стырдæр нæ уыди ирон фæрнджын дзыллæйæн æмæ сæ хордтой ард, тарстысты сæ фыдæхæй, фæлæ хорæй ард нæ хордтой, кастысты йæм иугъæдоны табуйаджы цæстæй йæ фыдæхæй тæрсгæйæ.

Хорæй кодтой хойраг, æмæ хойраджы хæрдæн, лæвæрдæн кад æмæ рады уагыл æмбал нæ уыди. Уыцы хъуыды Къоста цыбырæй загъта: “Алы куыстæн – рад. дзидзидайæн – мад. Хоры хæрдæн – кад”.

Куыдфæндыйы архайд æмæ кондæй, æгады æмæ æбузны лæвæрдæй хоры хæрды нæдæр кад уыди, нæдæр рад фæрныг фыдæлтæн. Къаты æмæ бæрæгбоны хойрагæн дардтой хицæн ссаддонтæ. Уыдис сын ссад барынæн, хæссынæн, æфстау дæттынæн сæрмагонд хъæдын къустæ æмæ тæбæгътæ, луарынæн – æнгомдæр æмæ гæзæмæ зыхъхъырдæр сасиртæ, хыссæ нæмынæн – егъау æмæ къаннæг арынгтæ. Ӕнхъизæндонæн – къæртатæ æмæ хъуырæуттæ. Ӕнхъизæнæн дардтой хуырх æмæ суар, кæнæ цырвы æмæ къуымæлы бынтæ хусгондæй.

 

ДЗАДЖДЖИНӔГТӔ

Дзаджджинæгты кæнынæн æппæт хорты ссæдтæ дæр бæззыдысты. Нартхоры ссад цыфæнды бæстон ма нæм, ма æууæрд, уæддæр кæрæдзийыл хорз нæ хæцы. Фæлæ дзы дæсны хойраггæнджытæ кодтой тæнæг цъæрттæ æппæт хæбизджынты хуызтæн.  Нартхоры ссадæй конд хыссæйыл  уагътой картофæй арæзт æнхъизæн, æмæ дзулладжы хуызæн хæцыд кæрæдзийыл. Къухты арæхстимæ уæливыхтæн нымадтой цъайраджы æмæ дзаджджинаджы хæрзгъæд куыд хуызæй, афтæ мидисæй дæр.  Кодтой дзаджджынтæ алыгъуызты царды уавæртæм комкоммæ амонгæйæ. Цинæн – цины хуызы, зианæн – фыдохы, æмæ уыди сыгъдæг цыхтæй уæливыхтæ, картофæй – картофджынтæ, дзидзайæ – фыдджынтæ, сойæ – сойджынтæ, хъæдурæй – хъæдурджынтæ, хъæдындзæй – хъæдындзджынтæ, алыгъуызы кæрдæджытæй…

Ӕппæт хуызты уæливыхтæн дæр, куыд  бафиппайдтам, афтæмæй кодтой æмхуызон хыссæтæй цъайраг, æмæ уыдысты иумæйаг фæткыл уæле фыцгæ, бынæй ахадгæ дзаджджын хойраг – уæливыхтæ. Ӕппæт хойрæгты-кæрдзынты дæр кодтой æмдымбыл Зæххы æмæ Хуры æнгæстæ. Ӕппæт уæливыхты хуызтæн дæр сæ уæллаг цъæрттæ æссывтой æмгъуын  астæуимæ, æмæ æмхуызон бурвыхæй уыдысты хурытынты æнгæстæ. Ахæм фæткыл-дзаджджынтæ кæнгæйæ, уæливыхтæн се ссывд  бæрæгæй зынди æнæ рафæлдах – бафæлдахæй. Ӕппæт дзаджджынты дæр  кодтой æмæ фыхтой æнæ фæлдахгæйæ. Зæххы æмæ Хуры хуызæн æмдымбыл астæуы æмхуызон ссывд  кæрæттимæ. Дзаджджынтæ бæстон сфыхтысты, уæд сын сæ уæлцъар фæлмæндæрæн сæрстой сойæ.

Зæрдыл дарын хъæуы хойраг  кæныны æмæ фыцыны мадзæлттæ фыдæлты царды  уавæрты. Бынтон æрæджыты фæзындысты Ирыстоны цæнгæтæй конд лулæ пецтæ. Уыдоны агъоммæ æнусты дæргъы хойраг фыхтой нæ фыдæлтæ астæуарты сæрмæ ауыгъд æфсæйнæгтæй æмæ къæйдурæй конд тымбыл дзедзангардыл. Уыдоныл æвæрдæй фыхтысты æппæт  хуызты дзаджджынтæ дæр тæвд цæхæры æмæ фæнычы руаджы. Фæстагмæты базыдтой æлыджы змæстæй агуыридуртæ кæнын, æмæ уæд фæзындысты дурын пецтæ. Цæнгæт пецты фыдæлтæн хойраджы нуар сыгъди æмæ  кодта къаддæр. Ӕлыгæй æмæ агуыридурæй конд пецы хойраг фыхти бирæ тагъддæр,  йæ нуары хъару нæ састи æмæ уыд бæрæг  хæрзаддæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.