ШАХМАТТÆ

Ныр æртыккаг аз фæд-фæдыл Стыр Уæлахизы бæрæгбоны цытæн РХИ-йы Шахматты федераци, «Россотрудничество»-йы минæварад æмæ паддзахадон университет ауагътой турнир шахматтæй. Ерысты официалонæй  байгом кодта шахматты федерацийы президент Саулохты Георги. Уый цыбыртæй радзырдта хæсты быдырмæ Ирыстонæй цал адæймаг ацыд æмæ сæ фылдæр хай фæстæмæ кæй нал æрæздæхт, уый тыххæй.

Стыр Уæлахизы боны цытæн æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кодта нæ республикæйы «Россотрудничество»-йы минæварады сæргълæууæг Сергей Скворцов.

Ерыстæ та стыр цымыдисдзинад сывзæрын кодтой спорты ацы хуызы уарзджытæм. Сæ цæттæдзинад дзы фæлвæрдтой 30 спортсмены. Турнир нымад цæуы шахматтæй республикæйы иууыл сæйрагдæр ерыстæй сæ иуыл. Уагъд цыдис швейцариаг системæмæ гæсгæ. Йæ фæстиуджытæм гæсгæ фæуæлахиз  Сиукъаты Алан. Иннæ призон бынæттæ та бацахстой Саулохты Георги, Тыбылты Ирбег æмæ Тыджыты Алан, кæцытæ æрæмбырд кодтой æмхуызон очкотæ.

17 азы онг кæуыл цæуы, уыцы шахматистты ‘хсæн фыццаг бынат бацахста Къодоты Андрей. 12 азы онг кæуыл цæуы, уыцы хайадисджыты ‘хсæн та иууыл цæттæдæр разынд Бибылты Алан.

Турниры уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты кады грамотæтæ, майдантæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй.

 

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Уагъд æрцыд республикæйы чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй. Хайад дзы райстой 16 азы онг кæуыл цæуы, ахæм богалтæ. Сæ цæттæдзинад дзы фæлвæрдтой 100 спортсменæй фылдæр. Уыдон тох кодтой хорзæхты 20 комплектыл. Ерысты фæстиуджытæм гæсгæ арæзт æрцæудзæн республикæйы æмбырдгонд командæ.

Спортивон хъæбысхæсты размæцыдмæ се стыр хайбавæрды тыххæй чемпионаты организатортæ кады грамотæтæй схорзæхджын кодтой тренертæ Коцты Тамерлан æмæ Дудайты Владимиры. Кады грамотæтæй ма хорзæхджын æрцыдысты Дриаты Сослан æмæ Уалыты Владислав ерыстæ ауадзыны рæстæджы организатортæн кæй баххуыс кодтой, уый тыххæй.

 

СТЪОЛЫ ТЕННИС

Спорт

Фыццаг хатт хуссарирыстойнаг спортсменкæ хайад райста стъолы теннисæй Уæрæсейы уагъдцæуæг чемпионаты. Нæ республикæйы спортивон историмæ йæ ном бахаста Елбачиты Иринæ.

Февралы мæйы хуссарирыстойнаг теннисисткæ хайад райста Цæгат Кавказы Федералон зылды чемпионаты. Уым ын бантыст дыккаг бынат бацахсын. Уый фæрцы бар райста Уæрæсейы чемпионаты хайад райсыны тыххæй. Бæстæйы чемпионат уагъд æрцыд Мæскуыйы.

Елбачиты Иринæ куыд банысан кодта, афтæмæй ерысты хайад исгæйæ æнкъардта стыр бæрндзинад. Уый тыххæй æппæт дæр арæзта, цæмæй йæхи аккагæй равдыстаит.  Уæрæсейы чемпионаты хайад истой ахæм спортсментæ дæр, кæцытæ райстой Токиойы Олимпаг хъæзтыты хайад райсыны бар. Иринæ куыд зæгъы, афтæмæй йыл ахæм стыр спортсментимæ фембæлд  ныууагъта стыр тæлмæнтæ.

Елбачиты Иринæ ахуыр кæны Мæскуыйы уæлдæр ахуыргæнæндон «Высшая школа экономики»-йы. Ахуыры æмрæстæджы ма алыгъуызон ерысты хъахъхъæны йæ ахуыргæнæндоны спортивон кад.  Афтæ ма Мæскуыйы хъазы клуб «Покровка»-йы. Ацы клубы сконды уый хайад райста Уæрæсейы командон чемпионаты дæр.

Цхинвалмæ æрцæугæйæ Елбачиты Иринæ фæтренировкæ кæны тренертæ Джиоты Мириан æмæ Уалыты Иринæимæ. Афтæ ма спорты сусæгдзинæдтæ фæамоны рæзгæ фæлтæрæн.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.