5-æм майæ 12-æм маймæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис дыууæ фыдракæнды æмæ раргом сты. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл горæт Цхинвалы мидхъуыддæгты управленийы кусджытæ бӕрндзинадмӕ æркодтой дыууæ адӕймаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 190 фæтк-халæн цауы. Уыдонæй 7 уыдысты машинæ нозтджынæй скъæрыны цаутæ.

Милицийы наркотикты ӕрзылдыл контроль кӕныны управленийы кусджытӕ баурӕдтой нæ горæты 41-аздзыд цæрæджы, кæцы æнæзакъонæй спайда кодта наркотикон буарад «марихуанайæ».

Ивгъуыд къуыри горæты рынчындонмæ сыгъдхъæстæ су-лæфыны фæстиуæгæн бахаудтой цыппар æмбæстаджы, кæцытæн, æмбæлон медицинон æххуысы фæстæ, тас ницæмæй уал у.

5 майы Ленингоры районы милицийы управленийы кусджытæ æрцахстой Ленингоры районы Раздæхæны хъæуы 81-аздзыд цæрæджы, кæцыйы баййæфтой йæ хъæуы сæнуа-дзæн заводæй фæлындæнтæ давгæ.

7 майы æхсæвы дыууадæс сахатмæ æввахс горæты милицийы управленийы патрулон-постон службæйы кусджытæ Харебаты Исахъы уынгæй Октябры уынгмæ азилæны баурæдтой автомашинæ «Toyota Prado». Административон суагъæ аразыны рæстæджы шофыр, 25-аздзыд, æмæ йæ бæлццон, 29-аздзыд горæттаг цæрджытæ, райдыдтой æлгъитын милицийы кусджыты æмæ ма сæ къухæй дæр ныццавтой. Фæткхалджытæ ахст æрцыдысты.

10 апрелы горæты рынчындонмæ алыгъуызон цæфтимæ бахаудта Знауыры районы Фарны хъæуы 46-аздзыд цæрæг. Куыд рабæрæг, афтæмæй ацы æмбæстаджы фæнадта нæ горæты 33-аздзыд цæрæг.

11 майы горæты рынчындонмæ уæззау уавæры бахаудта 33-аздзыд бынæттон цæрæг, кæцыйæн йæ сæр уыд æхст æхсæнгарзæй. Куыд рабæрæг, афтæмæй ацы æмбæстаг йæхи йæхæдæг фехста травматикон пистолет «Макаровæй».

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.