БОКС

Цъинагайраг боксер Хуриты Рубен ссис Абхазы уагъдцæуæг Советон Цæдисы спорты дæсны Георгий Блабы номарæн дунеон турниры уæлахиздзау. Ерысты хайад райстой 600 спортсменæй фылдæр. Рубен архайдта 66 кг уæзы категорийы. Фыццаг тохы уый фæуæлахиз бынæттон боксерыл. Дарддæр тыхджындæр уыд Дзæуджыхъæуы минæварæй. Финалы та рамбылдта цæцæйнæг боксеры. Хуриты Ру-бен тренировкæ кæны Беслæны тренер Кокойты Хъазбегы къухдариуæгадæй. 

Абхазы турниры ма хуссарирыстойнаг боксертæй бронзæ майдан  рамбылдта Гæбæраты Гамлеты хъомылгæнинаг Бестауты Аслан.

ФУТБОЛ

Национ футболон къорды 13-æм туры Дзæуджыхъæуы «Алани» Самарайы хъазыд бынæттон «Крылья Советов»-имæ. Ацы командæ нырма ивгъуыд сезоны хъазыд премьер-къорды. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, хъавы фæстæмæ уæлдæр дивизионмæ схизынмæ. Цымыдисон у уый дæр, æмæ ацы командæйы сæргъ ацы аз кæй слæууыд цæгатирыстойнаг специалист Игорь Осинькин.

Хъазт активонæй райдыдтой фысымтæ. Стыр тыхтæй атакæты цыдысты дзæуджыхъæуккæгты кулдуары ‘рдæм æмæ сын фембæлды фыццаг æмбис бантыст дыууæ пуртийы бакъуырын. Дыккаг таймы дзæуджыхъæуккæгтæн уыд цалдæр хорз уавæры пурти бакъуырынæн, фæлæ сæ не’спайда кодтой æмæ хъазт фæцис 2:0 хыгъдæй «Крылья Советов»-ы пайдайæн.

Радон туры «Алани» 9-æм октябры йæхи фæзуатыл ахъаздзæн Астраханы «Волгарь»-имæ.

***

Хуссар Ирыстоны сывæллæтты футболон командæ «Барсалан» дарддæр дæр хайад исы, В.П. Семеновы номыл Дзæуджыхъæуы цы турнир уагъд цæуы, уым. Цхинвайлæгтæ ерысты фæлгæтты дыккаг хъазты æмдыхæй ахъазыдысты Дзæуджыхъæуы «Спартак»-имæ.

«Хъазты фыццаг æмбисы нæ командæ æмбылды кодта 0:1 хыгъдæй, фæлæ нын фембæлды дыккаг хайы бантыст дыууæ пуртийы бакъуырын. Хъазт хъуамæ фæуыдаид ахæм хыгъдæй, фæлæ æнæнхъæлæджы фæстаг минуттыл бауагътам иу пурти æмæ афтæмæй хъазт фæцис æмдыхæй – 2:2», – загъта «Барсалан»-ы тренер Хъазиты Алан.

11 октябры «Барсалан» хъаздзæн «Юность-2»-имæ.  

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.