Ирон мультипликацион кинонывтæ фылдæрæй-фылдæр кæнынц. Уæвгæ, ирон æвзаг бахъахъхъæныны тыххæй фæстаг рæстæг арæзт цæуынц бирæ алыгъуызон мадзæлттæ. Зæгъæм, Цæгат Ирыстоны бастдзинад æмæ информацион технологиты управленийы сæргълæууæг Сæлбиты Алан йæ къордимæ бавдæлд æмæ сæвзæрын кодта сывæллæттæн цымыдисаг æрмæджытæ.

Сæ руаджы рухс федтой ахæм мультипликацион кинонывтæ, куыд «Уæрдон тулы», «Тæппуд цуанон», «Адджын фын», «Ног аз», «Мады фарн», «Мæ фидар фыд» æмæ «Æххормаг мыст». Рауадысты аив, райдзаст, сæйрагдæр та – зонадон.

Зæгъæм, мультипликацион киноныв «Æххормаг мыст»-ы сывæллæтты зонгæ кæны ирон хæ-ринæгтимæ. Æдæппæттæй къорд хъуамæ бакуса æртын кинонывыл. Фæззæджы интернеты тыгъдады апарахат ис ирон мультипликацион нывы фыццаг сери. Адæмы зæрдæты уайтагъддæр бынат ссардтой мультфильмы хъæлдзæг æмæ цымыдисаг хъайтартæ. Сæ автор Сæлбиты Алан ахæм проект араздзæн, уый æнхъæл йæхæдæг дæр нæ уыди. Адæмы зæрдæтæм мультфильмтæ афтæ тынг кæй фæцæудзысты, ууыл се сфæлдыстадон къорд хъуыды дæр нæ кодта. Фæлæ интернеты тыгъдады æркæстыты нымæцæй бамбарæн ис, проект кæй апарахат суанг фæсарæнты дæр.

Абон уал рухс федтой аст нывы. Фидæны мультфильмтæ уыдзысты æртын. Проекты сæйраг нысан у ирон æвзаг сывæллæтты ‘хсæн парахат кæнын. Алы хайы дæр сабиты ахуыр кæнынц ног дзырдтыл. Базонынц сырдты, мæргъты, хæринæгты нæмттæ. Ахуыр та цæуы хъазты хуызы, хъæлдзæг зарджытæ кæнгæйæ. Зарджыты ныхæстæ дæр фыссы Алан йæхæдæг. Музыкалон хайыл та ам кусы æнæхъæн къорд.

Автор, режиссер, редактор, композитортæ, нывгæнджытæ – проектыл архайынц, ирон æвзаджы уавæрыл чи хъуыды кæны, ахæмтæ. Бирæ зарджытæ мультфильмты кæнынц нæ зындгонд артисттæ. Цæвиттон, серитæй иуы азарыд Джиоты Вероникæ.

Къордмæ фидæны ис бирæ фæндтæ. Бацæттæ кæнын хъæуы нырма дыууын дыууæ рауагъды. Уыдон дæр, автортæ куыд зæгъынц, афтæмæй уыдзысты хъæлдзæг æмæ цымыдисаг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.