Куы нæ сахуыр кæнат уæ эмоцитæ раст æвдисын æмæ сыл контроль кæнын, уæд уæ ахæм уаг æркæндзæн стрессмæ, уæ организмы та – алыгъуызон низтæм.

Эмоцитæ нын бар дæттынц цин кæнын æмæ хъыг кæнын, нæ мидæггагон дуне иннæтæн æвдисын. Фæлæ нæ эмоцитæ æгæр бирæ рæстæджы куы фæуромæм, куы нæ фæзонæм сæ раргом кæнын (кæнæ куы тæрсæм сæ раргом кæнынæй), уæд уый фæзынын кæны психосоматикон низтæ. Ахæм низтæ сбæрæг кæнын та вæййы тынг зын, уымæн æмæ организмы нæ вæййы бæрæг бæлвырд симптомтæ.

Йæ симптомтæн ын ис рæстæгмæ схосгæнæн, фæлæ æмбæхст эмоцитыл бакуыст куынæ æрцæуа, уæд сын рæстæгмæ æххуысы фæстæ, уæддæр ногæй æмæ ногæй фæстæмæ здæхдзысты æмæ уый фæстиуæгæн низ рахиздзæн хроникон формæмæ.

Тынг ахсджиаг у алы адæймагæн дæр йæ эмоцитæм æркæсын, бакуса сыл, контроль сыл кæна, иуæй-иу рæстæджыты хиуыл фæхæца, кæм хъæуы, уым сæ ма раргом кæна, дæ хъуыдыты раст зæгъын, уый раст бамбарын кæнын æнæ хъæр-хъæлæба æмæ хъаугъайæ.

Психосоматикон низтæ æвиппайды куыд фæзынынц, афтæ гæнæн ис æмæ æнæнхъæлæджы дæр фесæфой æмæ та фæстæмæ ногæй æрбаздæхой (ахæм симптомтæ фылдæр хатт баст вæййынц царды стрессон ситуацитимæ).

 

Куыд хъæуы эмоцитæ растдæр æвдисын æмæ сыл контроль кæнын

Иу психосоматикон низæн дæр схосгæнæн нæй, эмоционалон уавæрыл нæ бакусгæйæ. Тынг ахсджиаг у йæ рæстæгыл ууыл бакусын, уый æдтейæ ма æнæмæнг хъуыддаг у сывæллоны сахуыр кæнын раст æмбарын æмæ йæхи эмоцитæ æмбæлон æгъдауæй æвдисыныл, уымæн æмæ ахæм проблемæтæ, фыццаджыдæр, фæзынынц сабибонты. Саби нæма  фæзоны йæ эмоцитæ раст бамбарын кæнын æмæ сæ куыд æмбæлы, афтæ равдисын, уый аххосæй ахæм æрхæндæг, ныфссаст æмæ æнæзæгъгæ эмоцитæ расайынц психологон травмæ, уый та йæхи рады расайы психосоматикон низ æмæ уæд, гæнæн ис æмæ баззайа йемæ цæргæйæ.

Уæ эмоцитæ контроль кæнынæн уын баххуыс кæндзысты цалдæр амындтытæ:

  1. Æгæр ма фæллайын кæн дæхи

Архай улæфын, фæллад уадзыныл. Сахуыр кæн дæхи афтæ баулæфын кæнын, цæмæй улæфты рæстæджы дæ хъуыдытæ дæ куысты мæтыл ма уой кæнæ æндæр исты сагъæстыл, фæлæ сæрымагъз æцæгдæр улæфа.

  1. Сараз бонæг

Ныффыс бонæджы, эмоционалон планы дыл цы ‘рцыд æмæ дыл цæмæн æрцыд, уыдæттæ. Бонæджы фыссын дын баххуыс кæндзæн рафæлгъауын дæ проблемæтæ æмæ комплекстæ. Дыккаг та уый, æмæ бонæджы цы фыссай, цы эмоцитæ æмбарын кæнай, уыдон гæххæттмæ дæ бон радæттын куы уа, уæд дын уый баххуыс кæндзæн дæ эмоцитæ ракалынæн, дæхимидæг сæ нал дардзынæ æмæ сæ нал тымбыл кæндзынæ.

  1. Эмоцитæй фервæзын кæнынæн æххуыс кæны активондзинад

Æнæ дзырдтæй дæ цæстæнгас раргом кæнынæн æххуыс кæны активон цардуагæй архайын. Уымæн та ахъаз сты спорт æмæ сфæлдыстад. Царды уæззау рæстæджыты архай, æппæты æввахсдæр дæ зæрдæмæ цы у, уымæй. Уый фæрцы равдис де ‘нкъарæнтæ, кæд дæм афтæ кæсы, æмæ дын хорз нæ уайы, æнтыстытæ дын дзы нæй, уæддæр фæлвар æмæ архай.

Сфæлдыстадон куыст æххуыс кæны негативон эмоцитæй фервæзын кæнынæн æмæ сæ рацаразы позитивонтæм. Физикон активондзинад та дæ æнцондæрæй фервæзын кæндзæн стрессæй.

  1. Бафæлвар проблемæйы аххосаг сбæрæг кæныныл

Дæ хъус æрдар уымæ, цæмæй фæзынынц дæ соматикон симптомтæ – цавæр ситуацитæ, цыхуызæн эмоцитæ æмæ цы адæмимæ æмхиц уыдтæ. Лæмбынæг дæ хъус æрдар де ‘нкъарæнтæм. Уый фæстиуæгæн бамбарæн ис, цæуыл дæ хъæуы фылдæр бакусын, цæмæй та дæ хъæуы хи бахизын æмæ дæхи адарддæр кæнын.

  1. Фылдæр ныхас кæн де ‘ввахс адæмимæ

Алцы дæр дæхимидæг ма дар. Бæлвырдæй, уыдзæн ахæм адæймæгтæ дæ алыварс, кæцытæ дын байхъусдзысты дæ ныхасмæ. Кæд дæ алыварс ахæм адæм нæй, уæд сæ агур æндæр бынæтты, зæгъæм, социалон хызæгты – уым ис ахæм специалон форумтæ, цыран дæм байхъусдзысты æмæ дын баххуыс кæндзысты ныхасæй. Иунæг нæ дæ ацы царды.

  1. Кæд дын ис фадат, уæд æххуыс райс психологæй

Уый дын баххуыс кæндзæн дæ мидæггагон конфликттæ раргом кæнын æмæ сыл фæлмæнæй бакусын.

Кæд æмæ дзырд цæуа сывæллоныл, уæд æм хъæуы фæкæсын йæ эмоцитæ раргом кæныныл:

Æрвылхатт дæр фæрс сывæллоны, куыд ацыд йæ бон, цы ‘рцыд йæ ацæугæ боны. Афтæмæй уый æмбардзæн, кæй дын не сты уæлдай йæ сагъæстæ, кæй сæм цымыдис кæныс æмæ сывæллон дæр фæлвардзæнис йæ эмоцитæ дзырдты руаджы бамбарын кæныныл.

  1. Сывæллон уын куы фæлвара исты хъуыддаг бамбарын кæнынмæ, уæд æнцойад хъахъхъæн, сабырæй йæм хъус, кæд дæм афтæ дæр кæса, æмæ цыдæр раст не ‘мбарын кæны æмæ ницæйаг ныхæстæ кæны, уæддæр æм лæмбынæг хъус. Дæ мæстыгæр ахаст сывæллоны ноджы фæкъуылымпы кæндзæн, сывæллон дæ йæхи адард кæндзæн æмæ сæхгæндзæн йæхимæ фæн-даг, афтæ йæм фæкæсдзæн, æмæ йæ кæй не ‘мбарыс, æууæндæн дыл кæй нæй æмæ уый фæстиуæгæн нал сахуыр уыдзæн йæхæдæг йæ эмоцитæ æвдисынмæ.
  2. Сывæллон дæм æххуысмæ куы фæсида, уæд ын макуы зæгъ нæ – дæ бон цы у, дæ тыхы цы ис, уымæй йæм фæкæс, йæ фарсмæ æрбалæу, байхъус æм æмæ йын радт раст уынаффæ.

Æрмæг мыхуырмæ бацæттæ кодта

 ДЫГЪУЫЗТЫ Зæринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.