ШТАНГÆ

Æртæ æвзист æмæ дыууæ та бронзæ майданы рамбылдтой хуссарирыстойнаг штангисттæ æвзæнгты ‘хсæн Цæгат Ирыстон-Аланийы чемпионаты. 45 кг уæзы категорийы дыккаг бынат бацахста Сиукъаты Ричард. Уый дыууæ истæн  систа 75 кг. Дыккаг ссис Пæррæстаты Хасан дæр. 55 кг уæзы категорийы архайгæйæ, уый равдыста 100 кг бæрæггæнæн. Ноджы ма иу æвзист майдан та рамбылдта Багаты Георги. Ахæм æнтыст йæ къухты бафтыд 81 кг уæзы категорийы. Уый дыууæ истæн систа 119 кг. Бронзæйон хорзæхтæ та бафтыдысты Бестауты Руслан æмæ Багаты Александры къухты. Руслан майдантыл тох кодта иууыл уæззаудæр уæзы категорийы, Александр та – 55 кг уæзы.

Уæззау атлетикæйы скъолайы директор Тасойты Олегы ныхæстæм гæсгæ йæхи хорз равдыста Бестауты Родион дæр.

«Карантины аххосæй бирæ рæстæг кæй нæ тренировкæ кодта, уый хынцгæйæ нæ хъомылгæнинæгты бæрæггæнæнтæй баззадтæн тынг райгондæй. Фæнды мæ Бестауты Родионы рахицæн кæнын. Йæ уæзы архайдтой 14 спортсмены. Æмæ йын кæд майдан рамбулын нæ бантыст, уæддæр равдыста фидар удыхъæд. Йæ хисæрмагонд рекорд фæхуыздæр кодта 12 кг», – банысан кодта тренер Тасойты Олег.

Спортсменты бацæттæ кодтой Тасойты Олег, Кæсæбиты Инал, Плиты Артур, Пæррæстаты Андрей, Дыгъуызты Ален æмæ Кæсæбиты Александр.

ÆФСÆДДОН ÆМБУАР ХÆСТ

    Хуссарирыстойнаг спортсментæ æнтыстджынæй сæхи равдыстой æфсæддон æмбуар хæстæй æвзæнгты ‘хсæн Цæгат Ирыстон-Аланийы чемпионаты. Ерыстæ уагъд цыдысты Афганистанæй советон æфсад ракæныны ракæныны боны тыххæй. Ерысты уæлахиздзаутæ систы Мамытаты Роман, Алан Генгеури, Зассеты Александр æмæ Джиоты Артем. Дыккаг бынæттæ бацахстой Хъуылымбегты Руслан, Къæбулты Хъазбег, Оттаты Артур, Хъуылымбегты Дзамболат æмæ Алексей Чеботарев. Бронзæйон призертæ та систы Хъотайты Дэвид æмæ Бесаты Альберт. Хорз йæхи равдыста Пухаты Умар дæр. Спортсменты бацæттæ кодтой Хъуылымбегты Мамед, Хаситы Зелим æмæ Бестауты Азæмæт. Ныр хуссарирыстойнаг спортсментæ сæхи цæттæ кæндзысты æппæтстилон каратэйæ РЦИ-Аланийы чемпионатмæ.

АХЪАЗДЗÆН ДУНЕЙЫ ФЫЦЦАГ РАКЕТКÆИМÆ

  Фыццаг хатт историйы мидæг «Стыр шлем»-ы дебютант ахызт æрдæгфиналмæ. Дунейы теннисы историмæ йæ ном бахаста Хъæрæцаты Аслан. Уый «Стыр шлем»-ы турнир – Австралийы гом чемпионаты (Australian Open) финалы 1/4 хайы фæуæлахиз болгайраг Григор Димитровыл, кæцы хуыздæр теннисистты рейтингы ахсы 21 бынат. Ныр æрдæгфиналы йæ ныхмæлæууæг уыдзæн дунейы фыццаг ракеткæ Новак Джокович.

Аслан турниры финалы 1/2 хаймæ кæй ахызт, уый йын фадат ратдзæн 114 бынатæй 42-æм бынатмæ рахизынæн. Афтæ ма йын лæвæрд æрцæудзæн  653 225 доллары. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ 27-аздзыд ирон теннисист раздæр йæ спортивон карьерæйы иууыл иумæ кæй бакуыста æрмæстдæр  618 354 доллары.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.