СИСТЫ СПОРТЫ ДÆСНЫТÆ

2020 азы равдисгæ бæрæггæнæнтæм гæсгæ «Дунеон къласы спорты дæсны»-йы  кадджын спортивон нæмттæ лæвæрд æрцыд Ирыстоны 17 минæварæн. Уыдонæй сæ иу у хуссарирыстойнаг армрестлер  Гасситы Сослан. Сослан нымад цæуы йæ уæзы категорийы Ирыстоны иууыл тыхджындæр армрестлертæй сæ иуыл. 

Ацы кадджын ном ма лæвæрд æрцыд спорты æндæр æмæ æндæр хуызтæй архайæг спортсментæн: Хынцæгты Сослан, Голойты Витали, Гæззаты Батрадз Хететы Орнеллæ, Фæрниаты Егор, Хъайырты Мадинæ, Къобесты Чермен, Хынцæгты Хетæг, Кокойты Алан, Мæргъиты Георги, Сланты Виктория, Биазырты Валери, Хъамболаты Артур, Мæлдзыгаты Алинæ, Олег Бакланов æмæ Пухаты Артемæн.

ХАСТ ÆРЦЫД УÆРÆСЕЙЫ РЕКОРДТЫ ЧИНЫГМÆ

Æвзонг тхэквондисткæ Калойты Кира хаст æрцыд Уæрæсейы Рекордты чиныгмæ 6-аздзыд чызджыты ‘хсæн иу минутмæ иу къахыл 24 хатты æрдзуццæг кæнгæйæ саразгæйæ. Раздæры рекорд та уыд 20. Уыдоны хъæуы сындæггай аразын бирæ уагæвæрдтæ æххæстгæнгæйæ.   

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Уæрæсейы столицйы уагъд æрцыд дунеон турнир спортивон хъæбысхæстæй. Уæгъдибар хъæбысхæстæй ерысты ирон спортсментæй фæуæлахиз сты Гобозты Арсалан (71 кг) æмæ Къæбысты Дэвид (110 кг). Бронзæйон призертæ та систы Цоколаты Алэн (80 кг) æмæ Плиты Алэн (92 кг).

Турниры фæлгæтты ма сæ тыхтæ фæлвæрдтой грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй архайæг спортсментæ. Уым та фыццаг бынæттæ бацахстой Теблойты Давид (60 кг), Дойаты Альберт (71 кг) æмæ Мæрзаты Аскар (80 кг). Теблойты Даниэль (55 кг) та ссис дыккаг. Бронзæ майдан та рамбылдта Цамæхъаты Нарт (110 кг). 

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.