БОКС

Ирон боксер Тадтаты Валери дыккаг бынат бацахста 15-18 аздзыд спортсменты ‘хсæн Санкт-Петербурджы уагъдцæуæг «Кубок Н.А. Никифирова-Денисова»-йы ерысты. Валери ерыс кодта 81 кг уæзы категорийы. Кæд уый финалы дæр хорз архайдта, уæддæр тæрхонгæджытæ уæлахиз радтой йæ ныхмæлæууæг мæскуыйаг боксер Саид Алмазовæн.

Ерысты ма хайад райстой Хуриты Рубен (69 кг) æмæ Джиоты Вадим (+91 кг). Сæ тохты кæд æвзæр нæ архайдтой, уæддæр, хъыгагæн, тæрхонгæнджытæ æнтыстджындæртыл банымадтой сæ ныхмæлæуджыты.

ФУТБОЛ

 Футболæй Казахстаны премьер-къорды æрвылмæй дæр сбæрæг кæнынц хуыздæр хъазæджы. Уый тыххæй схъæлæс кæнынц ацы чемпионаты архайæг командæты сæйраг тренертæ æмæ фæйнæ футболисты. Ныр уыдон ноябры мæйы иууыл æнтыстджындæр хъазæгыл банымадтой ирон футболон скъолайы хъомылгæнинаг Хуыбылты Арсены, кæцы хъазы клуб «Шахтер»-ы. Ууыл 13 декабры сæххæст 30 азы. Ноябры мæйы Арсен хайад райста йæ командæйы 6 хъазты æмæ сæ бакъуырдта 6 пуртийы, афтæ ма дыууæ хатты та йæ пасты фæстæ бакъуырд æрцыдысты дыууæ пуртийы.  

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Смоленскы кæронмæ бахæццæ чызджыты ‘хсæн уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы чемпионат. Аккаг ныхмæлæуджытæ нæ разынд Танделаты Аминæ æмæ Кæсæбиты Алинæйæн. Аминæ 57 кг уæзы категорийы архайгæйæ, финалы рамбылдта татарстайнаг Полина Кривилевайы. Алинæ та 62 кг уæзы категорийы сæйраг тохы фæуæлахиз Красноярскы крайы минæвар Юлия Артышкойыл.

Чемпионаты бронзæйон призер та ссис Хъесаты Орнеллæ (76 кг).

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.