Зындгонд ирон боксер Гасситы Мурат йӕ интервьюйы РИА Новости радзырдта, кӕд рахиздзӕн радон хатт рингмӕ, афтӕ ма Нури Сефериимæ йӕ тохы тыххӕй. Боксеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, цӕттӕ кӕнын райдайдзӕн январы бæрæгбæтты фæстæ, ӕмӕ радон тох та развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ацӕудзӕн уалдзӕджы.

РИА Новостийæн интервьюйы зындгонд боксер Гасситы Мурат аиуварс кодта йæ дебюты фадат хæццæ хъæбысхæстыты (ММА). Уыимæ спортсмен фæбæрæг кодта хæстон аивæдты амынд къабазы райрæзт. «ММА хорз спорты хуыз у, йæ райрæзт тынг разæнгардæй цæуы. Бирæ фæсивæд дзы архайы. Ныртæккæ хæццæ хъæбысхæстытæ бæрзонд æмвæзадыл сты. Фæлæ куыдфæндыйæ дæр бокс кæддæриддæр уæлдæр уыдзæн, ММА та сæ бынаты фидардæр кæнынц», – загъта уый. Гасситы Мурат ма уымæй уæлдай куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй хæццæ хъæбысхæстыты уагæвæрдтæм гæсгæ фембæлдыл никуы сразы уыдзæн. «Мæхæдæг фембæлдыл никуы сразы уыдзынæн. Фæлтау сæм æнцадæй клеткæйы фæстейæ æмæ телевизоры кæсдзынæн», – раргом кодта йæ хъуыдытæ боксер.

Гасситы Мурат ма куыд фехъусын кодта, афтæмæй йæ радон фембæлд уыдзæн марты кæнæ апрелы. WBA æмæ IBF экс-чемпионы хыгъды фыццаг уæззау уæзы ис 27 уæлахизы æмæ иу фембылд. Мураты фæстаг фембæлд уыд Сочийы октябры кæрон, уый уыд йæ дебют уæззау уæзы. Уый размæ – 2018 азы июлы мæйæ уæрæсейаг спортсмен рингмæ нæ рахызт. «Æвæццæгæн, марты-апрелы уыдзæн мæ радон фембæлд. Ногбоны бæрæгбæтты фæстæ цæттæ кæнын райдайдзынæн. Ныртæккæ хорз формæйы дæн, фæлæ ахсджиаг трени-ровкæтæ нæма райдыдтон», – загъта Гасситы Мурат.

Уый ма бафтыдта, цӕттӕ кӕныны фыццаг этап ӕй кӕй фӕнды рацӕуын хӕдзары тренер Сланты Виталиимӕ, спаррингтӕм та ацӕуид Америкӕмӕ Абель Санчесмӕ.

Гасситы Мурат банысан кодта, америкӕйаг специалист ын  Нури Сефериимӕ тохӕн кӕй саргъ кодта куыд “иттӕг хорз”.

Гасситы Мурат уӕззау уӕзы дебют ауагъта дыууӕазон паузӕйы фӕстӕ. Уый йӕ ныхмӕлӕууӕг Нури Сеферийы арвыста нокауты фыццаг раунды 47 секундыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.