Ацы бонты Дзауы поселокмæ фæуазæг сты  Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры артисттæ. Уыдон дзауаг сценæмæкæсджытæн равдыстой спектакль «Ды мæ куы уарзай», зæгъгæ. Спектаклы равдыст сорганизаци кодта Дзауы районы администрацийы культурæйы хайад. 1991 азы апрелы мæйы тыхджын зæххæнкъуысты фæстæ, ома, ныр 25 азæй фылдæр Дзауы районы цæрджытæн фадат нал уыд театрмæ бакæсынæн. Фæлæ абон районы цæрджыты уавæртæ бæрæг фæхуыздæр сты. Цалдæр азы размæ поселочы центры цы гом сценæ арæзт æрцыд, уымæн арæзт æрцыдысты йæ къултæ æмæ дзы рауад киноконцертон зал, цыран ныр уагъд фæцæуынд алыгъуызон мадзæлттæ. Мидæгæй залы къулты сарæзтой вагонкæйæ, æвæрд дзы æрцыдысты фæлмæн бандæттæ. Ног сцалцæггонд залы фадат ис кинофильмтæ æвдисынæн дæр.  Фыццаг хатт залы æвдыст æрцыд ацы спектакль.  Курдиатджын артист æмæ зарæг-гæнæг  Хаситы Сослан куыд банысан кодта, афтæмæй залы хорз уавæртæ кæй ис, уымæй сæ зæрдæтæ барухс сты æмæ æхсызгонæй сæ арæхстдзинад æвдыстой театрдзаутæн.

Уыцы бон къæвда кæй уарыд, уымæ нæ кæсгæйæ залмæ æрбамбырд бирæ адæм æмæ дзы иунæг сæрибар бынат дæр нал уыд. Сценæмæкæсджытæ зæрдæрайæ сæмбæлдысты сæ уазджытыл æмæ сын спектаклы рæстæджы кодтой тыхджын къухæмдзæгъд. Спектакль сценæмæкæсджытæй алкæйы зæрдæйы дæр ныууагъта хорз тæлмæнтæ, сæ архайдæй сын райстой стыр æхцондзинад. «Хорз спектакль равдыстой, адæмы зæрдæ кæй барухс кодтой, уый зынд артистты лæугæйæ æмæ тыхджын къухæмдзæгъдимæ кæй афæндараст кодтой, уымæй дæр. Дæргъвæтин рæстæджы мах нæ районы нал бакастыстæм спектаклмæ. Стыр бузныг зæгъын мæ фæнды, ацы хиирхæфсæн мадзал чи сорганизаци кодта, уыдонæн. Ныфс нæ ис, дарддæр дæр нæм кæй цæудзысты спектаклтимæ», – загъта поселочы цæрæг.

Спектаклы хайад истой æмæ сæ аив хъазтæй сценæмæкæсджыты зæрдæтæ барухс кодтой Наниты Витали, Таугазты Дзерассæ, Хуыгаты Альбинæ, Хаситы Сослан, Быценты Циснари, Къуезерты Фатимæ,  Хаситы Вильгельм, Тадтаты Фатимæ. Спектаклы æвæрæг-режиссер у РХИ æмæ РЦИ-Аланийы адæмон артисткæ Хъæц-мæзты Фатимæ.

Кæронбæттæны Дзауы районы администрацийы культурæйы хайады сæргълæууæг Кæркуысты Галинæ районы администрацийы сæргълæууæг Магкоты Уырызмæджы номæй арфæ ракодта æмæ бузныджы ныхæстæ загъта спектаклы архайджытæн, театруарзджытæн. Артисттæн æй бафæндыд дарддæры сфæлдыстадон æнтыстытæ, хорз спектаклтæ. Сценæмæкæсджытæн та загъта сабыр арвы бын цæрын æмæ æнæниздзинады фæндиæгтæ. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ æввахс рæстæджы сценæйыл æвдыст кæй æрцæудзæн спектакль чысыл сценæмæкæсджытæн дæр.

Кокайты Зарина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.