Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры сфæлдыстадон коллектив ирон аивадуарзджытæн цæттæ кæнынц ног спектакль.

Театры пресс-службæ нын куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ марты мæйы æвдыст æрцæудзæнис Нартыхты Григолы дыууæархайдон пьесæмæ гæсгæ æвæрд спектакль «Файнустытæ».

Спектакль «Файнустытæ» нæ театры æвæрд æрцыдис дыууæ хатты. Фыццаг хатт æй адæмы рæгъмæ рахастой 80-æм азты, уæд сæйраг ролтæ æххæст кодтой Галуанты Людмилæ æмæ Мæхъиты Дарикъо. Спектакль адæмы зæрдæмæ кæй фæцыд, уымæ гæсгæ йæ ногæй сæвæрдтой 90-æм азты æмæ дзы сæйраг ролты ахъазыдысты Къуезерты Фатимæ æмæ Гæджиты Ингæ.

Нырдæр та ног спектакль сæвæрыныл куыст цæуы æмæ куыд рабæрæг, уымæ гæсгæ дзы сæйраг ролтæ сæххæст кæндзысты Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт артисттæ Хуыгаты Альбинæ æмæ Хаситы Эммæ. Спектаклы æндæр ролтæ та æххæст кæнынц артисттæ: Хаситы Сослан, Хуыгаты Джамбулат, Цоциты Никъала, Уалыты Георги æмæ Кокойты Фатимæ. Комедион спектаклы æвæрæг режиссер у Хъотайты Сæрмæт.

Ацы пьесæйы архайд здæхт у дыууæ файнусты хъаугъа сæ кæрæдзимæ, æнгом æмæ хъæрмудæй кæй нæ цæрынц, кæрæдзийæн цыфыддæр митæ кæй кæнынц, уыдæттыл. Спектакль цас æнтыстджын рауайдзæн, уымæн та тæрхонгæджытæ уыдзыстут сымах, зынаргъ театрдзаутæ.

Цыбыртæй  спектаклы авторы тыххæй: Нартыхты Григолы ном ирон литературæйы фæзындис 1953 азы, журнал «Фидиуæг»-ы йæ фыццаг æмдзæвгæ куы ныммыхуыр кодта, уæд. Райгуырд 1927 азы Къахеты Ахметъайы районы Дæллаг Халацъаны хъæуы. 1952 азы ахуыр кæнынмæ бацыдис Цхинвалы паддзахадон пединституты ирон æвзаг æмæ литературæйы факультетмæ. Ахуыр куы фæцис, уæд куыста Ленингоры районы газет «Сталинон»-ы бæрнон секретарæй. Уый фæстæ та акуыс-та ацы районы Дзукъаты хъæуы колхозы сæрдарæй. Фæстæдæр, бирæ азты фæкуыста газет «Советон Ирыстон»-ы æндæр æмæ æндæр бынæтты.

Театры пресс-службæ ма куыд хъусын кæны, уымæ гæсгæ фæнд кæнынц æндæр спектакльтæ сæвæрын дæр, уыдон нымæцы «Сау нымæт» æмæ «Ревизор», фæлæ нырма бæрæг нæу, театрдзаутæн сæ кæд равдисдзысты, уый.

                       ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.