Хетæгкаты Къоста нын чи у, уый амонын никæмæн хъæуы. Уый ирон адæмы намысы тырыса у, уарзæм æй, кад ын кæнæм.  Йæ номыл цы бирæ цыдæртæ цæуы арæзт, уыдон кой нал кæндзынæн. Фæлæ адæм сæ уарзт алыхуызон æвдисынц. Чидæртæ, хъæуа нæ хъæуа, зонд амоныныл схæцынц, сæхицæн пиар-рекламæ кæнынц. Къостайæн раздæр азты цы цыртдзæвæнтæ арæзт æрцыд, уыдонæй зæрдæ  рухс кæны.   Хæрзаив æмæ сæ сæрыстырæй  бæрзондæй  фæлгæсы. Фæлæ йын скульптор Соскиты Владимир фæстаг азты Петербурджы æмæ ам кæй скодта, уыдон æхсæнады дыууæ дихы фæкодтой. Бынтон кæуинаг уавæры ис Петербурджы йын кæцы сæвæрдтой, уый. Адæмы фылдæр хайы зæрдæмæ нæ цæуы, Сабырдзинады проспекты йын кæй сæвæрдтой, уый дæр. Къоста мæллæг рынчынæй бандоныл бады. Æдзæсгæмттæ дзы хъазæнхъул сарæзтой. Чи йæ хъæбысы бабады, чи йын авг йæ дзыхыл сдары, сигарет ын йæ дзыхы тъыссы æмæ афтæмæй сæ къамтæ исынц. Уыдæттæ стыр маст æвзæрын кæнынц æхсæнадмæ, уæлдайдæр Хетæгкаты мыггагмæ æмæ цалдæр азы тох кæнынц, цæмæй цыртдзæвæн уырдыгæй хаст æрцæуа йæ номыл музеймæ. Уый тыххæй бирæ æрмæг фæцыд мыхуыры фæрæзты дæр, фæлæ республикæйы разамынд уæд йæ ныхас загъта: “Хетæгкаты кæд фæнды, уæд ын сæхæдæг æндæр ран сæвæрæд цырт, уымæ та æвналын нæ хъæуы”.

Фæлæ ис, Соскиты Владимиры куыстытæ кæй зæрдæмæ цæуынц, ахæмтæ дæр. Уыдон хъуыдымæ гæсгæ, скульптор Къостайы равдыста, æцæгæй дæр куыд уыд, афтæмæй æмæ цыртæн ардыгæй ахæссæн никуыдæм ис.

Ацы бонты та стынг сты быцæутæ. Ныхас рацыд, зæгъгæ, рæхджы цыртдзæвæн хаст æрцæудзæн уырдыгæй. Уый фæдыл æрæджы йе ‘вварсхæцджытæ æрæмбырд сты æмæ протесты хуызы цырты алыварс айтыгътой бæндæн æмæ йыл сæ къамтæ æрцауыгътой, ома, ныхмæ чи у, уыдон къамтæ. Сæ активисттæ куыд дзырдтой, афтæмæй Къостайæн йæ бынат искуы æмбæхст ран ма хъуамæ уа, фæлæ адæмы раз. Акцийы архайджыты нысан уыд æхсæнады, хицауады æргом раздахын, раст кæй сты, уымæ.

“Ацы скульптурæйы руаджы авторы къухы бафтыд, цæмæй Къоста куыд уыд, афтæмæй – куыд гени нæ, фæлæ куыд адæймаг, афтæ бауарзæм. Уыцы уарзт ын нæ фаг кодта йæ удæгасæй. Ацы цырт ба-уарзтой адæм æмæ йын ардыгæй ахæссæн нæй”, – ахæм уыд скульптурæйы æвварсхæцджыты хъуыды.

Фæлæ сæхи рæстдзинад ис йæ ныхмæ чи у, уыдонмæ дæр: “Уый у, стыр поэты дæлдзиныг чи кæны, ахæм цыртдзæвæн. Къоста кæд мæгуыр æмæ рынчын уыд, уæддæр уый нæ нысан кæны, æмæ йын йе стæгдар сæвæрай адæмы цæсты раз. Ленин æмæ Сталин дæр бæрзонд лæгтæ нæ уыдысты, фæлæ сын искуы исчи ахæм цыртытæ федта? Поэт уыд сæрыстыр æмæ ныфсхаст æмæ йæ афтæмæй хъæуы равдисын. Мах уый бар никæмæн ратдзыстæм æмæ дзы ам къулбадджытæ хъазинаг саразой. Боны фæстагмæ, бæрзонддæр постаментыл æй  уæддæр сæвæрдтаиккой, къух æм куыднæ æххæсса. Зонын хъæуы уый æмæ генимæ уæле бынмæ ничи кæсы, фæлæ бынæй уæлæмæ”, – дзырдта скульптурæ ахæссыны æвварсхæцджытæй иу, республикæйы барадхъахъхъæнæг центр “Дон”-ы директор Цырыхаты Никъала.

Нырыккон аивады Паддзахадон центры директор Тебиаты Галинæйы хъуыдымæ гæсгæ, адæм иу зондмæ не ‘рцæудзысты, фæлæ саразын хъæуы декоративон аивады дæсныты къамис. Уыдон хъуамæ уой сæ хъуыддаджы профессионалтæ æмæ цы уынаффæ рахæссой, уымæ байхъусдзæн хицауад.

Уыцы бон акцийы архайджытæ бацæттæ кодтой сидт республикæйы разамонæг Битарты Вячеслав æмæ Дзæуджыхъæуы администрацийы Сæргълæууæг Æлбегаты Барисмæ, цæмæй ацы фарсты фæдыл референдум ауадзой.

Дыууæ боны размæ дзыллон хабархæссæг фæрæзтæ фехъусын кодтой Æлбегаты Барисы хъуыды: “Цыртдзæвæн нырма уыдзæн йæ бынаты, йæ ахæссыныл махмæ ныхас нæма уыд. Искуы кæд ахæм хъуыдымæ æрцæуæм, уæддæр æй æнæ адæмы бафæрсгæйæ нæ аскъуыддзаг кæндзыстæм. Уый фæдыл та, æнæмæнгæй, ауаддзыстæм референдум”.

Æбæрæг у ныр цалдæр азы скульптурæйы хъысмæт æмæ йын алчи йæхи хицау уымæн кæны. Цалынмæ йæ хъуыддаг иуырдæм æрхауа, уæдмæ быцæутæ не ‘рсабыр уыдзысты.  Æмæ йæ хъæуы скъуыддзаг кæнын.

ДЖУСОЙТЫ  Нинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.