Багаты Владимир ссис горæт Сочийы прокуроры хæстæ æххæстгæнæг. Игорь Грязнов, кæцы лæууыд Сочийы прокуратурæйы сæргъ 2017 азæй, ацыд йæ куыстæй йæхи куырдиатмæ гæсгæ. Уый тыххæй бардзырдыл йæ къух æрфыста Уæрæсейы Генералон прокурор Игорь Краснов.

Багаты Владимир райгуырд 1990 азы. Каст фæцис УФ-йы Хъахъхъæнынады министрады Æфсæддон университет. Йæ службæйы рæстæджы куыста горæт Приозерскы прокуроры æххуысгæнæгæй, горæт Всеволожскы прокуроры æххуысгæнæгæй, Ленинграды областы прокуратурæйы уголовон-процессуалон æмæ оперативон-фæдагурæн архайды цæстдарды фæдыл управленийы хайады прокурорæй.

2018 азы нысан æрцыд Хостинскы районы прокуроры хæдивæгæй. Уый фæстæ та уыд горæт Сочийы прокуроры хæдивæг. 2020 азы февралы мæйæ Багаты Владимир лæууыд Краснодары крайы Белоглинскы районы прокуратурæйы сæргъ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.