Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы 50-æм уацы  19 пунктмæ гæсгæ, РХИ-йы Парламенты æмбырдуадзæн залы  Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли Ныстуан сарæзта республикæйы адæм æмæ Парламентмæ.

Бæстæйы сæргълæууæг йæ Ныстуаны банысан кодта республикæйы уавæр, æд-дагон æмæ мидæггагон политикæйы сæйраг здæхтытæ, социалон фадыджы размæцыд, паддзахады хъахъхъæнынхъомдзинад.

Паддзахады стратегион нысаныл Президент банымадта Уæрæсейы Федерациимæ баиу уæвын.

«Нæ адæмы историон фæлтæрддзинад куыд фенын кодта, афтæмæй, æрмæстдæр, Уæрæсеимæ баиу уæвгæйæ, махæн нæ бон у, цæмæй ныфс æвæрæм не стратегион ны-сæнттæй. Уый æрмæст ацы этапы Хуссар Ирыстоны паддзахадон проекты сæйраг æмæ æнæмæнгхъæуæг æнтыст нæу, фæлæ ма у нæ адæмы фидæны бындур дæр», – банысан кодта Бибылты Анатоли. 

Президент куыд загъта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны адæм равзæрстой хæдбар пад-дзахадмæ фæндаг, цæмæй сæ Фыдыбæстæ, сæ фыдæлты зæххытæ бахъахъхъæдтаиккой агрессорæй, уавæртæ сарæзтаиккой сæ паддзахады æдасдзинадæн.

«Сæрибардзинады сæрыл тохы  мах рав-дыстам нæ адæмы иууыл хуыздæр миниуджытæ æмæ нæ къухы бафтыд уæлахиз», – загъта бæстæйы сæргълæууæг. Уыимæ иу-мæ банысан кодта, Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад баны-майыны процесс дарддæр дæр кæй цæудзæн. Уый сæраппонд бахæс кодта РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн, цæмæй 2020 азы кæронмæ бацæттæ кæна республикæйы  æддагон политикæйы Концепци.

«Æппæт структурæты координаци фæхуыздæр кæныны, æддагон политикæйы фадыджы  паддзахады интерестæ хъахъхъæнын сифтонг кæныны бындурæн арæзт хъуамæ æрцæуа æмбæлон документ, кæцы нымад æрцæудзæн хорзыл æмæ райст æрцæудзæн бæрзонд æмвæзадыл. Æз хæс кæнын Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн, цæмæй бакуса республикæйы æддагон политикæйы концепцийы проектыл æмæ йæ æрбарвита Президентмæ», – загъта бæстæйы сæргълæууæг æмæ банысан кодта, зæгъгæ, æхсæнадæмон здæхты куыст хъуамæ уа фæдфæдылон æмæ системон. Хъæуы концептуалонæй бакусын æмæ нырыккон уавæрты республикæйы æддагон политикæйы принциптæ æмæ ориентиртæ бафидар кæнын.

Бæстæйы сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй, куыд  ивгъуыд азты, афтæ 2019 аз дæр республикæйæн уыд активон æддагполитикон архайды аз, кæцы здæхт уыд нæ стратегион партнер Уæрæсейы Федерациимæ интеграцион бастдзинæдтæ фæарфдæр кæнын, дунеон аренæйы Хуссар Ирыстоны уавæр сфидардæр кæнын æмæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад чи банымадта, уыцы паддзахадтимæ æмкуысткæнынад райрæзын кæнынмæ.

«Хуссар Ирыстон хæларадон ахастытæ сфидар кодта иу къорд бæстæтимæ, уыцы нымæцы Абхаз, Сири æмæ Венесуэлæимæ. Æмкуысткæнынады рæзтæн ис серьезон перспективæтæ. Дзырд цæуы, куыд базарадон-экономикон ахастытыл, афтæ  зонады, культурæйы æмæ ахуырады  фадыджы æмкуысткæнынадыл дæр», – загъта Президент.

 «Мах æххæстæй хъуамæ спайда кæнæм уыцы уникалон фадæттæй, кæцытæ нын дæттынц нымад паддзахады статус, хъуамæ сфидар кæнæм æхсæнадæмон позицитæ, сифтонг кæнæм бæстæйы æдасдзинад, фæбæрзонддæр кæнæм республикæйы  социалон-экономикон рæзты темптæ», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Президент дзырдта мадæлон æвзаджы проблемæйы тыххæй дæр.

Ирон æвзаг бахъахъхъæныны нысанæн Бибылты Анатоли бахæс кодта  Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институтæн ирон æвзаджы рæзты тыххæй æртæ азæн ног программæ саразын.

Бибылты Анатоли радзырдта  Æхгæд акционерон æхсæнад «Остелеком»-имæ бадзырдты тыххæй дæр, кæцыйы фæрцы баконд æрцæудзæн ног тариф цæрджыты хæрзвадаты тыххæй. 

«Нæ республикæйы цæрджыты хæрзвадатдзинады нысанæн мах рекомендаци радтам ÆАÆ «Остелеком»-æн, цæмæй бакæной ног тариф, кæцыйы руаджы хи-цæнтæй фыст цæудзысты телефонон бастдзинад æмæ интернеты лæггæдты æргътæ. Телефонон бастдзинадæй иу минуты лæг-гæдты аргъ ма хъуамæ уа иу сомæй фылдæр, интернеты 1 мгб та ма хъуамæ уа 2,5 сомæй фылдæр. Ног тарифон план скусдзæн ацы аз 1 апрелæй», – банысан кодта Президент.

Дарддæр Президент дзырдта Стыр Уæла-хизы юбилейы тыххæй.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй 2020 азы 9 май Уæрæсейы Федерациимæ иумæ Хуссар Ирыстон дæр нысан кæндзæн Стыр Фыдыбæстæйы хæсты Уæлахизыл 75 азы сæххæсты бæрæгбон.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, 2020 аз хъæздыг у нысаниуæгджын бæрæгбонтæй.

«Стыр Уæлахизыл 75 азы сæххæсты боны размæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæн лæвæрд æрцæудзæн фæйнæ 75 мин сомы, фæсчъылдымы фæллойгæнджытæн та – фæйнæ 50 мин сомы. Уыимæ иумæ ма  сентябры нысан æрцæудзæн  Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады расидтыл 30 азы сæххæсты бон. Ацы азмæ хауы ирæтты геноциды сæдæ азы, кæцы Гуырдзыстон сарæзты хуссайраг ирæтты ныхмæ1920 азы. Ацы мысæн бонтæ æнгом баст сты кæрæдзиимæ. Уыдон нæм сидынц, фидæны стратегион нысæнттæ æмæ хæслæвæтрдтæ хынцгæйæ, рацæугæ фæн-даджы тыххæй ноджыдæр иу хатт ахъуыды кæнынмæ», – загъта Президент æмæ бахахх кодта, зæгъгæ, нæ республикæйы рæзты этапты цы историон цаутæ нысан кæнынц, уыдоныл цæст ахæсгæйæ, фидарæй зæгъæн ис, Республикæ Хуссар Ирыстон арæзт кæй æрцыд æмæ кæй сфидар кодта йæ паддзахаддзинад.

Бибылты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсейы Федерацийы фарсхæцынады фæрцы æнтыстджынæй реализаци цæуынц инвестицион программæтæ, кæцытæ здæхт сты Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтмæ æмæ цæрджыты фæрныгад фæхуыздæр кæнынмæ. Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн уæрæхдæр кæнынц æхсæнведомствойон бастдзинæдтæ, уыцы нымæцы профилон сразыдзинæдты фæл-гæтты, кæцытыл къухтæ æрфыстæуыд  2015 азы 18 марты арæзт æрцæуæг Цæдисад æмæ интеграцийы тыххæй бадзырды бын-дурыл.

«Къухыбафтгæ æмархайды æмвæзады руаджы нын нысаниуæгджын фæстиуджытæ  ис Хъахъхъæнынады, Мидхъуыддæгты, Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ ахуы-рады министрадты хаххыл. Махæн дарддæр дæр нæ нысан у, Хуссар Ирыстоны интерестæн дæр æмæ Уæрæсейы Федерацийы интерестæн дæр дзуапп чи дæтты, уыцы дыууæфарсон ахастытæ фæарфдæр кæнын, интеграцион процессты динамикæ фæбæрзонддæр кæнын. Ивгъуыд аз фæстиуæгджын уыд Уæрæсейы Федерацийы регионтимæ, уыцы нымæцы Республикæ Хъырым æмæ Санкт-Петербургимæ æмкуысткæнынады рæзтæн», – загъта Бибылты Анатоли.

Президент ахсджиагыл банымадта Цæгат Ирыстон-Аланиимæ интеграцион процессты райрæзт.

«Ирыстоны дыууæ хайы æххæстгæнæн æмæ закъондæттæг органтæ активонæй æмгуыст кæнынц. Къух æрфыссынмæ цæттæ цæуы  Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъондæттæг органты ‘хсæн Сразыдзинад».  Хуссар Ирыстоны æмæ Цæгат Ирыстоны  къухдариуæгадты уынаффæмæ гæсгæ, арæзт æрцыдысты æмæ кусынц экспертон æмæ терминологион къамистæ. Сæ архайды руаджы хъуамæ кæрæдзимæ баввахс уой Ирыстоны дыууæ хайы», – банысан кодта Президент.

Президент йæ Ныстуаны дзырдта ирон адæмы геноциды темæйыл дæр.

 Йæ ныхæстæм гæсгæ,  æппæтдæр саразын хъæуы, цæмæй ирон адæмы ге-ноциды историон æцæгдзинад фæхæццæ уа дунеон æхсæнадмæ. Уый тыххæй фæсарæнты цæрæг ирон диаспорæтæ дæр хъуамæ хайад райсой ацы хъуыддаджы  æмæ кусой ирон адæмы геноцид банымайыныл. Уыимæ ма банысан кодта, зæгъгæ, Женевæйы дискусситы Хуссар Ирыстон карзæй æрæвæрдзæн фарст ирæтты геноциды тыххæй æмæ бацархайдзæн дунеон æмæх-сæнады æрдыгæй геноцид банымайыныл.

Президент Хъахъхъæнынады министрадæн бахæс кодта, цæмæй 1 июлмæ æрæмбырд кæной хæстон архайдтыты хайадисджыты номхъыгъдтæ æмæ сæ æрбахæссой Президенты Администрацимæ. «Мах æппæтдæр сараздзыстæм, Фыдыбæстæ чи хъахъхъæдта, уыдонæн æххуысæн» – загъта Президент.

Президенты ныхæстæм гæсгæ, 2020 азы сæ куыстмыздтæ фæфылдæр уыдзысты бюджетон фадыджы кусджытæн, уыимæ ма фæфылдæр уыдзысты пенситæ дæр.

Бибылты Анатоли куыд банысан кодта, афтæмæй ахсджиаг хæсыл нымайы республикæйы цæрджыты царды уавæртæ фæхуыздæр кæнын æмæ хæсты рæстæджы цы хæдзæрттæ ныппырх сты, уыдон иууылдæр сæндидзын кæнын, фæлæ республикæйы цæрджыты цæрæнуатæй сифтонг кæнынæн уый  фаг нæу.

«Мах фылдæрæй фылдæр кæндзыстæм цæрæуаты арæзтад. Ипотекон кредиттæ дæттыны фадат нын кæй нæй, уый сæраппонд паддзахадон цæрæнуат æххуырсты лæвæрд цæудзæн бадзырдмæ гæсгæ, уый фæстæ йæ балхæныны нысанæн», – загъта паддзахады сæргълæууæг, æмæ Хицауадæн бахæс кодта, цæмæй уый тыххæй сараза закъоны проект æмæ йæ 2020 азы сентябрмæ бахæсса Парламентмæ.

Президент йæ Ныстуаны стыр хъусдард аздæхта республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæныны проблемæтæм. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй республикæйы къухдариуæгад бацархайдзæн, цæмæй ацы азæй Хуссар Ирыстоны цæрджытæ бынаты исой квалификацион медицинон æххуыс, рынчынты ма хъæуа республикæйæн æддæмæ ласыны сæр. Уый тыххæй сæрмагонд хъусдард аздахын хъæуы квалификацион медицинон кадртæ бацæттæ кæныны программæмæ.

Бибылты Анатоли республикæйы приоритетондæр здæхтытæй иуыл нымайы фæси-вæдон политикæ. «Фæсивæд сты нæ фидæн, хуыздæр цард аразæг æмæ прогресс чи размæ кæны, уыцы тых. Нырыккон социалон-экономикон рацарæзты уавæрты фæсивæд сты стратегион резерв, бæстæйы размæцыды инновацион архайды локомотив. Паддзахады хæс у фæсивæды потенциалы реализацийæн баххуыс кæнын», – банысан кодта Президент. Йæ ныхæстæм гæсгæ, стыр хъусдард здæхт цæуы фæсивæдон политикæйы фадыджы кусджыты квалификаци фæбæрзонддæр кæнынмæ. Фæсивæдон политикæйы реализацийы приоритетондæр здæхтытæй иу у нæ фæсивæды хайадист æхсæнадæмон форумты æмæ грантон конкурсты.

Президент дзырдта рæзгæ фæлтæры хъомылады фарстатыл дæр. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй лæмбынæг хъусдард здæхт цæуы ацы фарстмæ. Уымæн та æвдисæн у 2017-2019 азтæн Паддзахадон комплексон нысанмæздæхт  «Рæзгæ фæлтæры монон-хæрзæгъдауон хъомылад»-ы программæ. «Ахæм программæ арæзт æрцæудзæн 2020-2022 азтæн дæр. Ацы программæйы реализацийы тыххæй цы фæрæзтæ рахицæн чындæуыд, уыдонæй хъуамæ спайда кæнæм эффективонæй», – загъта Президент.

  Бибылты Анатоли республикæйы адæм æмæ Парламентмæ йæ Ныстуаны æрдзырдта ноджы бирæ ахсджиаг фарстатыл.

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.