Доны цухдзинад канд горæты нæ, фæлæ  ма ис хъæуты дæр. Специалисттæ куыд амонынц, афтæмæй уый баст у хæхтыл дзæвгар мит кæй нал уары æмæ суадæттæ кæй басур вæййынц, уыимæ. Алы аз дæр районты къухдариуæггæнджытæ нывæзтмæ бахæссынц, цал хъæумæ хъуамæ рауадзой дон, æмæ уыцы куыстытæ фæкæнынц суанг фæззæгмæ, техникæ куыд феххæссы, афтæ.

Цхинвалы районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады сæргълæууæг Уазæгты Мевлуд нын радзырдта, ныртæккæ ацы фадыджы куыстытæ цы хъæуты æххæст цæуынц, уый тыххæй.

«2020 азæн Цхинвалы район сарæзта нывæзт, кæцымæ гæсгæ ифтонг æрцæудзысты, нæ районы хъæуты цæрджытæй донæй чи тыхсынц, уыдон. Арцеуы хъæуы ныртæккæ куыстытæ сты сæ тæмæны. Ацы хъæуы цæрджытæ рагæй тыхсынц æнæ донæй. Советон рæстæджы Арцеу нæргæ хъæу уыд, фæлæ уæд дæр рæстмæ ифтонг никуы уыдысты нуазыны донæй. Хъæуы цæрджытæ-иу дон хастой, хъæуы сæр цы суадон уыд, уырдыгæй. Ивгъуыд аз сын арæзт æрцыд дренажон системæ, доны хæтæлтæ дзы ныппæрстой. Ныртæккæ та кусæм хъæуты мидæг хæтæлтæ уадзыныл. Тагъд арцеуæгтæ сулæфдзысты – дон сæм ныр цæудзæн æнæкъуылымпыйæ. Уыцы дон фаг кæндзæнис Арцеуы хъæуы фарсмæ Икъартайы хъæуæн дæр», – зæгъы районы коммуналон хæдзарады сæргълæууæг.

Уый ма радзырдта, районы къухдариуæгады амындмæ гæсгæ тагъд кæй ахиздзысты Къостайыхъæумæ. Уым дæр кæд бæрæг куысты конд æрцыд ивгъуыд аз, уæддæр кæронмæ нæма æрцыд скъуыддзаг доны проблемæ. Тихреуы районы ныббур кæндзысты цъай æмæ уырдыгæй доны уæ-лæмхас хахх æрцæудзæн уагъд Къостайыхъæумæ. Уыцы куыстытæм бавналдзыстæм ацы къуыри. Бынаты æвæрд æрцæудзæн донæнцъирæн æмæ уый руаджы цæудзæн резервуартæм. Уазæгты Мевлуд куыд зæгъы, афтæмæй уыцы мадзæлттæ дæр фаг не сты, цæмæй хъæу æмткæй ифтонг æрцæуа донæй, фæлæ ма агуырд цæуынц æндæр варианттæ дæр. Нæ зæрды, зæгъгæ, ис Уанаты доны резервуар æххæст хъомысæй куы скуса, уæд дзы иу хæтæл Къостайыхъæумæ ауадзын.

 Куыддæр куыстытæ ацы дыууæ хъæуы фæуой, афтæ та коммуналон службæйы кусджытæ ахиздзысты Ортъеу, Стырком, Андис, Свер, Залдамæ. Уæлæмхас хахх уагъд æрцæудзæн Дменисы хъæумæ дæр. Ацы стыр хъæуæн йæ уæллаг фарс чи цæрынц, уыдон дæр рагæй æййафынц доны хъуагдзинад.

Ацы аз арæзт æрцæудзæн Присы доны хæтæл дæр. Дампъалет æмæ Монастъеры хъæутæм дæр скъахын хъæуы, фæйнæ 2 килиметры бæрц ног хæтæлтæ кæм ныппарой, ахæм фадыг.

Уазæгты Мевлуд зæгъы, зæгъгæ, канд ацы аз нæ, фæлæ æр-вылаз дæр Цхинвалы районы къухдариуæгад йæ сæйраг хæсыл фæнымайы хъæуты цæрджыты фыццаджыдæр, донæй ифтонг кæнын æмæ сæм фæндæгтæ саразын. Фæлæ проблемæ алы хатт дæр вæййы техникæ. Иуæй сты зæронд æмæ арæх фехæлынц, аннæмæй та фаг нæ кæнынц, æмæ уый тыххæй дæр куыст бакъуылымпы вæййы.

Уазæгты Мевлуд ма куыд радзырдта, афтæмæй районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад  кусы фæндæгты арæзтадыл дæр. Уанат-Сацхенет, Ортъеуы фæндæгтæ бынтон хæлд кæм сты, уым сыл ныккалдтой хуыр. Фæндаггæрæттæ сыгъдæг æрцыдысты къутæртæй. Уый размæ та ахæм куыстытæ бакодтой Гудзабары хъæуы.

Бæрæг куыд у, афтæмæй Дменисы хъæуы ныр цалдæр азы арæзт цæуы дыууæуæладзыгон административон бæстыхай. Фыццаг уæладзыг практикон æгъдауæй арæзт у, уым уыдзæн хъæуы администрацийы кусджыты хатæнтæ, библиотекæтæ æмæ фадыгон инспекторы хатæн. Дыккаг уæладзыджы та уыдзæн клуб. Бæстыхай эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæн азы кæронмæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.