Пандемийы  аххосæй цы æндыгъд уавæр сæвзæрд, уый бандæвта æппæт бæстæты адæмты царды уавæрыл. Пандемийы ныхмæ Æнæниздзинад хъахъхъæныны организаци райста  карз мадзæлттæ, кæцытæ комкоммæдæр баст сты адæймаджы æнæниздзинад бахъахъхъæнынимæ, æхгæд æрцыдысты бæстæты ‘хсæн транспортон бастдзинæдтæ. Коронавирусы ныхмæ Уæрæсейы Федерацийы уæлдæр къухдариуæгад дæр, Роспотребнадзор æмæ санитарон службæйы хатдзæгтæм гæсгæ райста карз карантинон мадзæлттæ, кæцытæ комкоммæдæр баст уыдысты нацийы æнæниздзинад бахъахъхъæнынимæ. Уый тыххæй Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин райста цалдæр ахсджиаг уынаффæйы, кæцытæ баст сты   уæрæсейаг æмбæстæгтæн карантины рæстæджы социалон æххуыс бакæнынимæ. Уыцы социалон æххуыстæй сæ иу у уæрæсейаг æмбæстаджы гæххæт кæмæн ис, уыцы   сывæллæттæн иу мæйон æхцайы пособитæ дæттын.

Хъыгагæн,  коронавирус нæ бацауæрста нæ цæгаттаг æфсымæртыл дæр. Куыд зонæм, афтæмæй ацы вирусы амæттæгтæ систы  бирæнымæц цæгатирыстойнаг æмбæстæгтæ, æмæ цалдæр мæйы дæргъы сæ рынчындæттæ куыстой æрмæстдæр ацы вирусæй рынчын æмбæстæгтимæ. Уый фæдыл нæ республикæйы уæлдæр  къухдариуæгад райста уынаффæ, цæмæй коронавирус нæ республикæйы ма фæзына, уый тыххæй цалдæр мæйы дæргъы Цæгат Ирыстон-Алани  æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн паддзахадон арæн уа æхгæд. Нæ республикæйы æмбæстæгтæй бирæтæн сæ бон нæу,  республикæйы территорийæ  паддзахадон арæны сæрты ахизын, цæмæй сæ сывæллæтты пособиты фæдыл хъæуæг документтæ саразой, уый тыххæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы фарсты фæдыл не ‘мбæстæгтæй бирæтæ сæмбæлдысты зындзинæдтыл. Ацы хъуыддаджы нæ республикæйы æмбæстæгтæм йе ‘ххуысы къух фæдаргъ кодта нæ горæты цæрæг Къадзты Казимир. Уый нын куыд загъта, афтæмæй, уымæн йæхи бинонтæ дæр сæмбæлдысты ацы проблемæйыл æмæ уæд сфæнд кодта йæ аскъуыддзаг кæныны хъуыддаджы не ‘мбæстæгтæн баххуыс кæнын. «Куыд нæ республикæйы иуæй иу æмбæстæгтæ, афтæ мæ бинонтæ дæр сæмбæлдысты ацы проблемæйыл. Уæд мæм хъуыды фæзынд, цæмæй ацы хъуыддаджы проблемæтæ кæмæн сæвзæрд, уыцы æмбæстæгтæн баххуыс кæнон. Æмæ абон рæстæг куыд æвдисы, афтæмæй мæнæн бантыст бирæтæн баххуыс кæнын. Æз бахатыдтæн бирæ компетентон адæммæ, кæцытимæ зонгæ дæн, æмæ сæ уавæримæ базонгæ кодтон. Уый фæстæ мын бадзырдтæ уыд Уæрæсейы посты æфснайæн бангимæ, фыццаджы уыдон равдыстой æнæууæнкдзинад, нæ баныхæсты рæстæджы уыдонмæ сæвзæрд къорд фарстатæ. Уæд сын æз фехъусын кодтон, зæгъгæ, æппæтдæр арæзт кæй цæудзæн барадон нормæтæ хъахъхъæнгæйæ. Баныхæсты фæстæ Уæрæсейы посты æфснайæн банчы кусджытæ равдыстой сæ  разыдзинад æмæ нæ базонгæ кодтой, цы схемæмæ гæсгæ цæудзæн куыст, уыимæ, цæмæй уæрæсейаг æмбæстæгтæй нæ республикæйы территорийыл чи цæры, уыдон исой ацы пособитæ» – банысан кодта Къадзты Казимир.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, нæ республикæйы цæрæг уæрæсейаг æмбæстæгтæ хъуамæ æрбахæс-сой документты пакет, бынаты сын баконд æрцæудзæн картæ, кæцымæ цыбыр æмгъуыды фæстæ, хыгъд æрцæудзысты се ‘хцайы фæрæзтæ. Документты пакетмæ хауы Уæрæсейы Федерацийы æмбæстагдзинады паспорт, СНИЛС, сывæллæтты райгуырды тыххæй бæлвырдгæнæн æмæ сывæллæттæн СНИЛС. Кæд æмæ кæмæндæр СНИЛС нæй, уæд банчы картæ сфидар кæнын у зындæр.

Дарддæр нæ куысты схемæ у афтæ:   банчы картæ арæзт æмæ баконд куы æрцæуы, уый фæстæ  документты пакет фидаргонд æрцæуы, цæмæй пособитæ райсой. Кæд æмæ документты ницы ивындзинæдтæ вæййы, уæд куыст ацæуы тагъддæр. Ацы документты сфидар кæныны процес бацахсы 30 минуты бæрц. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы куыст иу адæймагæн бакæнын йæ бон нæу, уымæн æмæ бирæ рæстæг исы. Уый тыххæй мын æххуыс кæнынц цалдæр адæймаджы, уыдонæй алчидæр æххæст кæны йæ куыст. Иу адæймагыл æууæнчы гæххæтт арæзт æрцæуы, уый фæстæ  банчы картæтæ фидаргонд æрцæуынц йæ номыл, æмæ сæ уый æрхæссы ардæм бынатмæ æмæ сæ сæ хицæуттыл байуарæм», – зæгъы Къадзты лæппу.

Ацы проблемæтимæ сæмбæлдысты нæ республикæйы цæрджытæй бирæтæ. Къадзты Казимиры ныхæстæм гæсгæ, иу боны æмгъуыдмæ уыдон лæггад кæнынц 600 бæрц адæймагæн.  Уый ма нын  куыд загъта, афтæмæй райдыдта пенситы фæдыл дæр хистæр кары æмбæстæгтæн æххуыс кæнын. Уыдонæн сæ бон уыдзæн се ‘хцайы фæрæзтæ райсын банчы картæ «МИР»-ы уылты, нæ республикæйы цы банкоматтæ ис, уым.

Куыд рабæрæг, афтæмæй нæ республикæйы цæрджытæй бирæтæ сты тынг райгонд, ахæм лæггæдтæ бынаты кæй кæнынц, уый тыххæй. Уыдонæй бирæтæ куыд загътой, афтæмæй ныртæккæ арæныл ахизæн кæй нæй, уый тыххæй сæ бон нæу  ацæуын Цæгат Ирыстонмæ, цæмæй ацы хъуыддаджы фæдыл сæ документтæ æрбæстон кæной. 

ТАНДЕЛАТЫ Виленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.