Ног ахуыры азы æрбалæуд бирæ куыстуæттæн фæфылдæр кодта сæ хæстæ, уæлдайдæр та комкоммæ чи исы хайад ахуырадон уагдæтты æрвылбонон архайды, уы донæн. Уыдон сты дзулфыцæн комбинат æмæ ма сæ хæлцадон продукттæй чи ифтонг кæны, уыдон, сæ сабырад сын чи хъахъхъæны, се ‘нæниздзинадмæ сын йæ хъус чи дары æмæ афтæ дарддæр. Цыбырдзырдæй, ахуырадон уагдæттæ сæ дуæрттæ куы байгом кæнынц, уæд бæрæг фæфылдæр кæнынц бирæ министрадты æмæ комитетты куыст.

Уæлдай фылдæр уæз æрцæуы барадхъахъхъæнæг органтыл, кæцытæ сæхимæ райсынц иууыл вазыгджындæр хæс – ахуырдзауты цард æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнын. Уый фæдыл Мидхъуыддæгты министрады развæлгъау бацæттæ кæнынц организацион-практикон мадзæлтты план æмæ уымæ гæсгæ рацаразынц сæ службæйон архайд.

Ног ахуыры азы æрбалæудимæ скъолаты æвæрд æрцыдысты милицийы постытæ дæр, кæд дзы æппынæдзух службæ хæссынц паддзахадон унитарон куыстуат «Ирбис»-ы кусджытæ, уæддæр. Ахæм фæтыхджындæргонд режимыл кусдзысты, цалынмæ скъоладзаутæ ‘рцахуыр уой ног уавæртыл, уæдмæ.

Милицийы кусджытæ фылдæр сæ хъус дарынц скъолайы кæртмæ æрбацæугæ адæммæ æмæ фæндагон змæлды æдасдзинадмæ. Алчи дæр æй зоны, сывæллæттæ сæрдыгон улæфтыты рæстæджы кæй айрох кæнынц фæндагон фæткойтæ æмæ уымæ гæсгæ тæссаг вæййы фыдбылыз æрцæуынæй. Æнæуый дæр нæм машинæтыл иууыл «шофыртæ» нæ бады, – бирæтæ дзы сты æвæлтæрд æмæ нырма хорз нæ арæхсынц сæ автотранспорт скъæрынмæ æмæ арæх æруадзынц аваритæ. Уымæ гæсгæ алы райсом дæр ахуыргæнæн уагдæтты раз фæлæууынц фæндагон змæлды инспектортæ, кæцытæ æххуыс кæнынц ахуырдзаутæн фæндагæн иннæ фарсмæ ахизынæн, амонынц сын фæндагон змæлды фæткойтæ. Уымæй уæлдай ма фæдзæхсынц ныййарджыты дæр, цæмæй сæ сывæллæтты æнæхъусдард ма уадзой, бацамоной сын скъоламæ цæуынæн æдасдæр маршруттæ, амоной сын, тыхст рæстæджы цы саразын хъæуы, уыдæттæ. Алчи дæр æдасдзинады домæнтæ куы æххæст кæна, уæд фыдбылыз дæр не ‘рцæудзæнис.

ДЖИОТЫ Алыксандр  

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.