Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста Фæсбайкалаг крайы Хицауады Сæрдары хæдивæг – Андрей Гурулевы.

Фембæлды хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов.

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, Андрей Гурулев, куыд 58 армийы раздæры командæгæнæг, афтæ рагæй зонгæ у Хуссар Ирыстонимæ, йæ проблемæтимæ æмæ йе ‘нтыстытимæ.

«Ды йæ хорз зоныс, цахæм уавæры уыдысты Хуссар Ирыстоны адæм, цы цаутæ цыд августы уæззау бонты: фидауынгæнджытæм балæбурдтой, сабыр цæрджыты мардтой», – загъта Бибылты Анатоли.

Уый банысан кодта, æрæджы республикæйы кæй байгом ис ахсджиаг объект – Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæн мемориал, кæцы æвдисæн у ирон æмæ уырыссаг хæстонты, хæдæфсæддонты æмæ фидауынгæнджыты иудзинадæн.

«Хуссар Ирыстоны адæм тынг бузныг сты дæуæй. Æмæ, абон ды ам кæй дæ, уый дзурæг у, ды кæй нæ сафыс бастдзинад Хуссар Ирыстонимæ», – загъта уый.

Йæхи фарсæрдыгæй, Андрей Гурулев банысан кодта, республикæ кæй срæсугъд ис, кæй фæзындысты инфрастуктурæйы ног объекттæ æмæ йæ цæст бауарзта Хуссар Ирыстонæн дарддæры рæзт æмæ дидинæфтыд.

«Мах æрдзурдзыстæм ахæм моменттыл, кæцытæ ма-хæн нæ бон суыдзæн сæххæст кæнын Фæсбайкалы краимæ культурон бастдзинæдтæ, ахуырад, æхсæнпарламентон ахастыты фадыджы. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ уый пай-да уыдзæн æмæ дарддæр ахъаз кæндзæн, куыд Хуссар Ирыстон, афтæ Фæсбайкалы крайы рæзтæн дæр», – загъта уый.

Темæйы фæдыл Бибылты Анатоли ахсджиагыл банымадта Уæрæсейы Федерацийы субъекттимæ, федералон зылдтимæ ахсджиаг бастдзинæдтæ. Уымæн ма йæ цæст бауарзта Андрей Гурулевæн Паддзахадон Думæмæ æрцæугæ æвзæрстыты уæлахиз.

«Хуссар Ирыстоны хорз æмбарынц, политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йæн цы нысаниуæг ис нæ адæмы хъысмæты. Парти у Уæрæсейы Президенты фарс, кæцы æппæтварсонæй æххуыс кæны Республикæ Хуссар Ирыстонæн», – загъта Президент.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ, кæцытæн сæ фылдæрæн ис уæрæсейаг æмбæстагдзинад, æрбацæудзысты æвзæрстытæм æмæ схъæлæс кæндзысты республикæйы территорийыл цы æвзарæн фадгуытæ уыдзæн, уыдоны.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.