Карз хæст райдыдта… Арвæй ныннæрыд тохы фыццаг гæрах, арвы цæлхъау нæргæ ацыд хæхты  æмæ быдырты.

Хæст!  Уымæй тæссагдæр дзырд  ацы зæххыл нæй. Уый хæссы йемæ адæмты хъизæмар: туджы зæйтæ, цæстысыг, сидзæр сабиты ниуын, идæдз сылгоймæгты æмæ мадæлты зæрдæхалæн хъарæг. Бирæ цардмондаг адæмты аныхъуырдта хæст, бирæ зæрдæты ныууагъта судзаггаг хъæдгæмттæ.

 Зæххыл хæстытæ бирæ æрцыд, фæлæ дзы Фыдыбæстæйон Стыр хæстæй тугкалæндæр нæ уыд. Райгуырæн бæстæйы арæнтыл немыцаг фашисттæ арт куы бандзæрстой, уæд сæ къухмæ хæцæнгарз райстой ирон лæппутæ æмæ чызджытæ  дæр. Хистæрты фæдзæхст зæрдыл даргæйæ, хъазуатонæй дæрæн кодтой цыфыддæр знаджы. Ирыстоны хъæбулты сгуыхтдзинæдты тыххæй арæх фыстой  хæстон газеттæ.

Хæстон уацхæссæг, фыссæг Пётр Павленко фыста: «Дзырд «ирон» Фыдыбæстæйы хæсты æппæт фронты дæр дзурынц сæрыстырæй, уымæн æмæ ирæттæ сæхи равдыстой хъæбатыр æмæ æнувыд хæстонтæй».

 Хæст лæгæвзарæн у! Уæрæсейы æппæт адæмтæ сыстадысты тых кæнынмæ нæ, фæлæ тыхгæнæджы ныхмæ, æмæ сын уый лæвæрдта ныфс. Иу акъоппы   хæцыдысты бирæ адæмты минæвæрттæ. Æфсымæртау дих кодтой сæ къæбæр, сæ рыст, сæ Уæлахиз. Бирæтæ дзы æнустæм фынæй кæнынц æфсымæрон ингæнты.

 Раджы банцад хæст, фæлæ милуантæ цы адæмæй фесæфт хæсты быдыры, уацары æмæ  æбæрæгæй, уыдоны байзæдтæгтæн хæст нырма  нæ фæци. Хæст йæхи цæстæй чи федта, йæ тæккæ цырены йын чи уыд, уыдоны мысинæгтæ, уыдоны фыстæджытæ нæ здахынц ивгъуыд хæсты цаутæм.

 Ирон зынгонд поэт Плиты Грис хæстмæ ацыд барвæндонæй æмæ дзы хæцыд йæ райдайæнæй йæ кæронмæ. Фæци цалдæр   цæфы, хорзæхджын уыд бирæ ордентæ æмæ майдантæй. Йе сфæлдыстады сæйраг бынат дæр ахсы хæсты темæ. Салдат ныууагъта рæстæгмæ йæ куыст, йæ уарзон бинонты, райста йæ къухмæ хæцæнгарз æмæ ацыд хæстмæ. Бирæ зындзинæдтæ бавзæрста, бирæ къахвæдтæ ныууагътой йæ цырыхъхъытæ, фæлæ уæддæр йæ зæрдæ нæ ныддур. Рох  дзы не сты йе ‘дзард хæстон æмбæлттæ.

Грис хæсты цаутыл акъоппыты цы уацмыстæ ныффыста, уыдон рацыдысты хицæн чиныгæй «Салдат», зæгъгæ, 1948 азы. Уыцы æмдзæвгæты равдыста адæмы патриотизм æмæ хъæбатырдзинад хæсты быдыры. Хæсты темæ рохуаты никуы уагъта сабыр царды дæр. Зынгæдæр уацмыстæ сты «Авд цухъхъайы», «Фæндзæм хъама», «Æртхутæгдон», «Мады фæдзæхст». Ирон театры рæзтæн тынг феххуыс сты Грисы уацмыстæ «Чермен», «Къоста», «Сослан-Цæразон». Шекспиры уацмыстæ райхъуыстысты иронау Грисы тæлмацæй. Грис 70 азы фæкодта сфæлдыстадон куыст. Йæ чингуытæ «Салдат», «Базырджын азтæ», «Авд цухъхъайы», «Уæлахизы кадæг» адæмы зæрдæты арф бынат ссардтой. Ирыстоны адæм алкæддæр зæрдиагæй кæсдзысты Грисы уацмыстæ. Ирон аивады ныууагъта стыр фарн.

Хæсты быдырмæ цы курдиатджын фæсивæд ацыд, уыдонимæ уыд Кочысаты Мухарбег дæр. 1941 азы 2 июль. Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты æртыккæгæм курсы студент Кочысаты Мухарбегæн уыди фæлварæн немыцаг æвзагæй. Иуæндæс боны размæ советон адæмæн сæ сабыр цард чи фехæлдта, сæ райдзаст фæндтæ сын сармадзанты нæрын æмæ нæмгуыты æхситтæй чи аскъуыдта, уыдон æвзагæй. Уый разынд йæ фæстаг  фæлварæн институты.

Фæлæ райдыдта йæ иннæ – дунейыл тæккæ зындæр æмæ ахсджиагдæр – фæлварæн. «Уæва æви ма уæва? – Гамлеты рагон фарст æм радта, йæ цин æмæ йæ цардамонд кæй хуыдта, «нæ фыдæлтæ сæ хъарм тугæй» кæй балхæдтой, уыцы зæхх.

Мухарбег фæмард, фæлæ йын йæ хæстон æмæ йе сфæлдыстадон сгуыхтдзинæдтæ мах нæ зæрдыл дарæм. Хæсты быдыры ныффыста æмдзæвгæ «Фыдыбæстæ». Знагæн нæ райгуырæн бæстæ раттыны бæсты мæлæт ссарынмæ цæттæ кæй уыд, уый хъуыддагæй равдыста.

 «Ничи ферох, ницы ферох!» дзурæм уын мах абон. Кæд Уæрæсейы æмæ Европæйы алы къуымты сты  нæ хæстонты ингæнтæ, уæддæр махæн цæрут нæ зæрдæты, уымæн уын рахæссæм сæрыстырæй уæ хуызистытæ  Уæлахизы бон, нæ цæстытæ уымæн суымæл вæййынц хæстон кинонывтæм кæсгæйæ, сæркъулæй уымæн æрлæууæм уæ бирæ æфсымæрон ингæнты раз æмæ та ногæй фæзæгъæм «Ничи ферох, ницы ферох!».

ДРИАТЫ Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.