Дзæуджыхъæуы уагъд æрцыдысты ерыстæ тагъд шахматтæй «Кубок Алания Синема», зæгъгæ. Архайдтой сæ скъоладзаутæ. Ерысты хайад райста Хуссар Ирыстоны æмбырдгонд командæ дæр, РХИ-йы шахматты федерацийы президент Саулохты Георгийы къухдариуæгадæй æмæ бацахста дыккаг призон бынат. Командæйы сконды архайдтой Цоциты Батрадз, Цоциты Ацæмæз, Багаты Зелим, Джыгкайты Артур æмæ йæ капитан Къодоты Андрей.

«Командæйы архайдæй тынг райгонд дæн. Фыццаг хъазты фембæлдыстæм ерысты фидæны уæлахиздзау – Дзæуджыхъæуы æмбырдгондимæ æмæ йын фæхæрд стæм. Æвæццæгæн ныл дард фæндаг дæр бандæвта. Фæлæ фæстæдæр иннæ командæтыл иууылдæр фæуæлахиз стæм æмæ бацахстам дыккаг бынат. Уый та у хорз бæрæггæнæн», – банысан кодта Саулохты Георги.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ «Кубок Алания Синема» уагъд кæй æрцыд фыццаг хатт. 

ÆМХÆЦЦÆ ÆМБУАРХÆСТ

 Хуссарирыстойнаг спортсментæн бантыст 10 майданы рамбулын MMA-Free-Fighting-æй Цæгат Кавказы Федералон зылды чемпионаты, кæцы уагъд цыд Кисловодскы. Хайад дзы райстой 150 спортсмены. Ерысты уæлахиздзаутæ систы Джиоты Арсен, Мамытаты Раман æмæ Мамиты Давид. Æвзист майдантæ рамбылдтой Бесаты Андрей, Алексей Чеботарев, Алан Генгеури æмæ Джиоты Артем. Бронзæ майдантимæ та  Цхинвалмæ æрыздæхтысты Одтаты Артур, Бестауты Ацæмæз æмæ Къæбулты Хъазбег.

Спортсменты бацæттæ кодта тренер Хъуылымбегты Мамед.

ХУРИТЫ Батрадз 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.