Спортивон бæрæгбон арæзт æрцыд Колыты Аксойы номыл аивæдты паддзахадон лицейы. Ам уагъд æрцыд 12 азы онг кæуыл цæуы, уыцы сывæллæтты ‘хсæн Хуссар Ирыстоны чемпионат шахматтæй. Ерысты хайад райстой республикæйы скъолатæй 14 командæйы, кæцытæй алкæцыйы дæр уыд фæйнæ æртæ хъазæджы. Ерысты хайадисджытæн раарфæ кодтой президенты администрацийы къухдариуæггæнæг Джиоты Алан æмæ «РХИ-йы шахматты федераци»-йы президент Саулохты Георги.

Ерыстæ сорганизаци кодтой РХИ-йы шахматты федераци, уæлдæр спортивон дæсныйады скъола æмæ аивæдты лицей. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ ахæм кары сывæллæттæн хицæнæй ахæм ерыстæ уагъд кæй æрцыдысты фыццаг хатт.

«Кæд-иу раздæр ерысты хайад истой алы кары скъоладзаутæ, уæд ныр бæрæг фæфылдæр сты шахматтæй архайæг сывæллæтты нымæц æмæ нын уый фæрцы фадат фæзынд ацы кары спортсментæн хицæн ерыстæ ауадзын. Тынг æхсызгон нын у нæ куыстæн кæй ис хорз фæстиуджытæ æмæ ерысты кæй цæуынц карз спортивон тохтæ. Ныфс мæ ис, нæ республикæйы дарддæр дæр ахæм темптæй размæ кæй цæудзысты шахматтæ», – банысан кодта  РХИ-йы Шахматты федерацийы президент Саулохты Георги.

Йæ ныхæстæм гæсгæ ерысты организацийы хъуыддагмæ стыр хайбавæрд бахаста аивæдты лицейы шахмæтты ахуыргæнæг Цхуырбаты Андрей. «Тынг æхсызгон мын у афтæ бирæ хайадисджытæ хайад кæй исынц нæ ерысты æмæ сæ алчи дæр кæй æвдисы уæлахизмæ тырнындзинад. Ныфс мæ ис æмæ сын ацы ерыстæ ахъаз кæй фæуыдзысты сæ арæхстдзинад  фæбæрзонддæр кæнынæн», – загъта Цхуырбаты Андрей.

Республикæйы командон чемпионат стыр цымыдисдзинад сæвзæрын кодта республикæйы скъоладзаутæм. Æвзонг шахматисттæ дих уыдысты дыууæ къордыл. Ерысты регламентмæ гæсгæ финалмæ хызтысты уыцы командæтæ, кæцытæ сæ дæлкъордты ба-цахстаиккой фыццаг бынæттæ. Алы фембæлды дæр цыд карз спортивон тох. Ахæм командæ дзы нæ уыд, кæцыйæн йæ бон не ссис очкотæ æрæмбырд кæнын.  Уæлдай тынгдæр конкуренци цыд фыццаг дæлкъорды, цыран сæ хъæзтытæ иууылдæр акæныны фæстæ, æмхуызон очкотæ æрæмбырд кодтой 2-æм скъола æмæ гимназ «Альбион»-ы командæтæ. Уæлахиздзау рабæрæг кæныны нысанæн организаторты бахъуыд уæлæмхас фембæлд ауадзын, фæлæ уый дæр фæцис æмдыхæй. Æрмæстдæр капитанты партийы фæстиуæгæн фæбæрæг уæлахиздзау. Чемпионаты сæйраг фембæлдмæ ахызтысты гимназ «Альбион»-ы хъазджытæ, цыран рамбылдтой аивæдты лицейы командæйы, кæцы ацыд дыккаг бынатыл. Ерысты æртыккаг бынат та бацахста 2-æм астæуккаг скъолайы командæ.

Ерысты уæлахиздзау æмæ призон бынæттæ бацахсæг командæтæ хорзæхджын æрцыдысты майдантæ, Кады грамотæтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй. Сæрмагонд приз лæвæрд æрцыд Тыбылты Аланæйæн, кæцы чызджыты ‘хсæн равдыста иууыл хуыздæр бæрæггæнæн. Хуссар Ирыстоны шахмæтты федерацийы къухдариуæгад ахæм ерысты алы хъазæгæн дæр зæрдылдарæн лæвар бакæны. Ныр дæр æнæ хорзæхæй ничи баззад.

ХУРИТЫ Батрадз