Куысты рæстæг æнæхъуаджы ма сафын раппæлинаг хъуыддаг у. Ацы дзырдтæ комкоммæ хауынц Цхинвалы районы Культурæйы хæдзары разамонæг Гаглойты Ростикмæ. Ростик чысыл рæстæг дæр кæм акуыста, уымыты дæр йæ фæстæ ныууагъта фæлтæрд æмæ æнтыстджын коллективтæ. Ныр цалдæр азы та разамынд кæны Цхинвалы районы културæйы хæдзарæн æмæ йын ам дæр ис, йæ зæрдæ æмæ бирæ сценæмæкæсджыты зæрдæтæ кæмæй рухс кæнынц, ахæм æнтыстытæ. Æрвылаз дæр Ростикы разамындæй районы культурæйы хæдзар бацæттæ кæны æмæ ауадзы алыгъуызон мадзæлттæ. Йæ ахæм архайды фæрцы размæ ракодта Дменис, Къостайыхъæу, ансамбыль «Амонд»  æмæ æндæр культурон уагдæтты куыст.

Цыппæрæм марты та Цхинвалы районы культурæйы хæдзар кино-концертон зал «Чермен»-ы ауагъта хæрзаудæн концерт Хуссар Ирыстоны Культурæйы сгуыхт архайæг Æлборты Шоренæйæн æххуысы тыххæй. Шоренæ цыппор азæй фылдæр фæкуыста горæты æмæ Цхинвалы районы културæйы хæдзæртты, фольклорон ансамбыль «Фарн», Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр, Колыты Аксойы номыл лицейы æмæ æндæр бынæтты. Алы ран дæр æнтысгæйæ рухс кодта сценæмæкæсджыты зæрдæтæ. Ирыстон уæззау уавæры куы уыд, уæд дæр-иу куы бахъуыд, уæд никуы никæдæм базивæг кодта, йæ аивадæй лæггад кодта адæмæн. Паддзахадон драмон театры агъуыст куы басыгъд, уæд уым та зынджы амæттаг бацис, кæмæй никуы хицæн кодта, æппыныдзух йемæ чи уыд, уыцы ирон фæндыр.

Шоренæ æрмæст коНцертты нæ иста хайад, фæлæ ма нæ зивæг кодта йæ дæсныйад æрыгон фæлтæртæн бацамонынмæ дæр. Йæ ахуыргæнинæгтæй абон бирæтæ сæхæдæг лæггад кæнынц, цы адæмы ‘хсæн цæрынц, кусынц æмæ фæллой кæнынц, уыдонæн. Шоренæйы тыххæй хæрзаудæн концертмæ æрбацыд бирæ адæм æмæ, куыд фæлтæрд артисттæй, афтæ сæ зæрдæтæ барухс сты, аивады фыццаг кахдзæфтæ чи акодта, уыдоны архайдæй дæр. Сæ зарджытæ хорз сæххæст кодтой Бикойты Светланæ, Гæджиты Ацæмæз, Сиукъаты Иринæ, Хуыгаты Дзамболат, Джиоты Дианæ, Гаглойты Игорь æмæ æндæртæ. Уыдон иттæг хорз æмæ зæрдæмæхъаргæ сæххæст кодтой ирон æмæ уырыссаг авторты зарджытæ.

Концерт адæмы зæрдæмæ фæцыд, райгондæй чи баззад, уыдонæй сæ иу, Лалыты Анжелæ нын афтæ загъта: 

– Раст зæгъгæйæ, нæ фæнд кодтон концертмæ цæуын, фæлæ мæ зæрдæ хатыд, кæй дзы райсдзынæн стыр æхцондзинад. Стæй куы базыдтон, мæ хорз зонгæ, абон йе ‘нæниздзинад йæ уагыл кæмæн нæу, уый тыххæй у хæрзаудæн концерт, уæд ма мæ сыхæгтæй цалдæры дæр ракодтон. Куыд уыдоны, афтæ концерт фæцыд мæ зæрдæмæ дæр. Æз аивадиртасæг нæ дæн, фæлæ алы номырæй дæр истон стыр æхцондзинад. Ноджы ма йæ зæгъон, концерт рауад цымыдисон, фæлæ мæ зæрдæмæ тынгдæр фæцыдысты Бикойты Светланæ æмæ Гаглойты Игоры зарджытæ.

Концерты фæстæ Цхинвалы районы культурæйы хайады разамонæг Гаглойты Ростик раарфæ кодта æмæ бузныг загъта, концертмæ чи æрбацыд, уыдонæн, хæрзаудæн концерты хайад кæй райстой,  уый тыххæй.

Ростик ма бузныг загъта Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийæн, Шоренæйы тыххæй хæрзаудæн концерты хыгъдмæ йæ хайбавæрд кæй бахаста, уый тыххæй. 

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.