Къуайсайы уагъд æрцыд ацы горæты гом чемпионат шашкæтæй. Хайад дзы райстой куыд Къуайсайы, афтæ Дзауы минæвæрттæ дæр. Ерысты хайадисджытæн арфæ ракодтой Къуайсайы администрацийы сæргълæууæг Бæзаты Геннади æмæ Дзауы районы администрацийы спорты хайады сæргълæууæг Джиоты Алик.

Æдæппæт чемпионаты сæ цæттæдзинад фæлвæрдтой 12 адæймаджы. Уыдон дих уыдысты дыууæ дæлкъордыл. Финалон хаймæ алы къордæй дæр ахызт фæйнæ 4 спортсмены. Уыдонæй иууыл хуыздæр сæхи равдыстой Нæртыхты Автандил æмæ Къæбулты Григори. Уыдон фембæлдысты финалы. Ам спортивон амонд бахудт Нартыхты Автандилмæ æмæ ссис ерысты уæлахиздзау. Къæбулты Григори та ацыд дыккаг бынатыл. Æртыккаг та ссис Æлборты Леонид.

Ерысты организатор Битеты Сæрмæт куыд фехъусын кодта, афтæмæй ерыстæ рауадысты тынг цымыдисон.

«Чемпионаты хайадисджыты фылдæр хай хъазыдысты бæрзонд æмвæзадыл. Алкæйы бон дæр сæ уыд финалмæ рахизын. Уый фæрцы алы хъазты дæр цыд карз спортивон тох», – банысан кодта Битеты Сæрмæт. Уый ма куыд загъта, афтæмæй ерысты фæстиуджытæм гæсгæ арæзт æрцæудзæн Къуайсайы æмбырдгонд командæ, кæцы хайад исдзæн республикон ерысты. 

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.