Æрæджы горæт Къуайсайы фæсивæды ‘хсæн уагъд æрцыдысты ерыстæ волейболæй. Ерыстæ сорганизаци кодтой Дзауы районы спорткомитеты сæргълæууæг Джиоты Алик æмæ Къуайсайы спортивон скъолайы директор Битеты Сæрмæт, Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей æмæ Къуайсайы горæты администрацийы сæргълæууæг Бæззаты Геннадийы хъæппæрисæй. Ерысты хайад райстой Дзауы районы спортивон командæ, Къуайсайы спортивон скъолайы командæ, Къуайсайы фæсивæды хæццæ кары командæ «Атлет» æмæ ХИПУ-йы студентты командæ. Спортсментæ уыдысты хæццæ кары – хистæр кары ахуыргæ-нинæгтæй  30 азы кары онг.

Мадзалмæ хуынд æрцыдысты нæ РХИ-йы Президенты уынаффæгæнæг спорты фарстыты фæдыл Джиоты Руфин, Дзауы районы æмæ Къуайсайы спортуарзæг фæсивæд, ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджытæ.

Ерыстæ ацыдысты хъæлдзæг атмосферæйы хæлар ахастыты, йæ хайадисджытæ, куыд хъазджытæ, афтæ кæсджытæ дæр, райстой стыр æхцондзинад. Командæтæ ахъазыдысты тынг хорз, равдыстой сæ цæттæдзинад æмæ сæйраджыдæр та сæ уарзон ахаст спортмæ. Ерысты ма уæлдай цымыдисондæр æмæ хъæлдзæгдæр кодтой, командæты хъазджыты ‘хсæн ныййарджытæ æмæ сæхи сывæллæттæ ныхмæлæуджытæ кæй уыдысты, уый. Ахæмтæ уыдысты Теблойты Шота æмæ йæ фырт Сæрмæт, Джуссойты Эдуард æмæ йæ чызг Каринæ æмæ æндæртæ. Хъазты рæстæджы уыдоны ‘хсæн кары категори хыгъд нæ цыд, афтæмæй хастой раст тæрхон.

Нæ республикæйы Президенты номæй ерысты хайадисджытæн Джиоты Руфин бакодта лæвæрттæ æмæ банысан кодта, Къуыдаргомы кæй ис спортуарзаг фæсивæд. «Бирæ азты дæргъы Къуыдаргом Ирыстонæн лæвæрдта æмæ ныр дæр дæтты хорз цæттæгонд спортсментæ спорты алы æмæ алы хуызты.

Уымæн æвдисæн сты, ацы комæй цы спортсментæ рацыд, уыдон – Наниты Герман, Теблойты Шота, Бæззаты Толик, Наниты Павлик, Хуыгаты Муслим, Хуыгаты Дзерассæ æмæ æндæртæ. Бынæттон рæзгæ фæлтæрæн ис, сæхи кæмæ барой, царды размæ къахдзæфтæ аразынæн сын дæнцæг чи уа, ахæм хистæр кары адæймæгтæ. Уымæ гæсгæ мæн ныфс ис, ноджы дæр ацы комæй кæй хъуысдзæнис æрмæстдæр хорз хъуыддæгтæ.  Фæнды мæ дарддæр дæр уын æнтыстытæ æмæ размæцыды фæндиæгтæ зæгъын, куыд нæ республикæйы Перзиденты, афтæ мæхи номæй дæр. Тырнут царды бæрзæндтæм, уæт уын æнтыстытæ æмæ уын нæ республикæйы къухдариуæгады ‘рдыгæй та æвæрæм фарс балæууыны ныфс», – загъта Джиоты Руфин.

Дзауы спорткомитеты сæргълæууæг Джиоты Алик йæ раныхасы загъта: «Абоны ерысты алы командæ дæр равдыста иттæг хорз цæттæдзинад. Тынг хорз рауад, ныййарджытæ сæ сабитимæ ныхмæлæууæг командæты кæй истой хайад. Уый кæстæр фæлтæрæн дæтты хуыздæр æнтыстытæм тырнындзинад. Фидарæй ис зæгъæн, хистæр кары фæсивæд кæстæртæн кæй у хуыздæрфарсæрдыгæй дæнцæг æмæ уымæ гæсгæ мæн ныфс ис, дарддæр дæр сымахæн кæй уыдзæн æнтыстытæ. Фæнды мæ, цæмæй Къуайсайы спортивон командæ æрхонæм Дзаумæ, саразæм иу æмбырдгонд командæ æмæ нæхи бафæлварæм æндæр командæтимæ».

Къуайсайы скъолайы физкультурæйы ахуыргæнæг Хуыгаты Дзерассæ загъта арфæйы ныхæстæ Джиоты Андрей æмæ Аликæн, сæ хъус сæм тынг хорз кæй дарынц, уый тыххæй. Уый æндавы сæ куысты фæстиуджытыл дæр, уыдон æрвылхатт дæр хайад райсынц спорты алы хуызтæй Цхинвалы æмæ республикæйы  цæуæг ерысты. Ныр дæр хуынд сты апрелы мæйы стъолы теннисæй  уагъдцæуæг ерыстæм.

Мадзалы кæрон хуыздæр командæтæ æмæ ерысты хайадисджытæ хорзæхджын æрцыдысты. 1-аг бы-нат лæвæрд æрцыд Къуайсайы спортивон скъолайы командæйæн, 2-аг бынат – Дзауы поселокы спортивон командæйæн æмæ æртыккаг бынат та райста Къуайсайы хæццæ кары командæ «Атлет».  Къуайсайы скъолайы хистæркъласонтæ та хорзæхджын æрцыдысты «За стремление к победе»-йы грамотæтæй. Хорзæх «Лучший нападающий» райста  Хуыгаты Радислав, «Хуыздæр хъазæг»-ыл та нымад æрцыд Хуыгаты Виктория. Грамотæтæ ма лæвæрд æрцыдысты Козаты Спартак, Хуыгаты Сæрмæт, Зассеты Алинæ æмæ иннæтæн.

ХУЫГАТЫ Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.