Пухаты Эрикы къухдариуæгадæй, Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады æнæрадон рабадты сфидар кодтой «2018 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджеты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны За-къонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» закъоны проект.

Хицауады Сæрдар куыд банысан кодта, афтæмæй закъонмæ ивындзинæдты бахаст баст у Уæрæсейы Федераци республикæйы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестпрограммæ реализаци кæныны тыххæй цы лимиттæ æрвиты, уыдоны фæлгæтты æхцайы фæрæзтæ дих кæнынимæ.

«Цæттæ цæуы документаци Æхсæнхицауа-дон къамисы рабадтмæ, æмæ æнæмæнг-хъæуæг у нæ коллегæтæн лимитты æхцайы фæрæзтæ куыд хардз цæуынц, уый равдисын. Иуæй – иу объектты цæуы æхцайы фæрæзты экономи, иннæты та  сметæйы фыццаг аргъ фæфылдæр вæййы, æмæ нæ бахъæуы уыдон ногæй дих кæнын», – загъта Пухаты Эрик.

РХИ-йы финансты министр Хæбæлаты Азæйы ныхæстæм гæсгæ, 2016 азы Инвестпрограммæйы фæлгæтты цы æхцайы фæрæзтыл фæцауæрстæуыд, уыдон хардз æрцыдысты Хъайтарты уынджы цæрæнуатон комплексы арæзтадыл, 2017 азы фæцауæрст æхца та -Гуыбаты æфсымæрты уынджы цæрæн хæдзæрттыл, 2018 азæй цы æхцайы фæрæзтæ баззад, уыдон та – Гуфта-Къуайсайы фæндаджы арæзтадыл.

«Закъоны проект райсыны æнæмæнгхъæ-уындзинад баст у 2018 азы хардзон хай скоррекци кæнын, 2018 азы 30 августы Уæрæсейы Федерацийы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æхсæн социалон-экономикон æмгуыстады Æхсæнхицауадон къамисы æмсæрдæртты уынаффæмæ гæсгæ, Уæрæсейы фарсæрдыгæй цы финансон æххуыс цæуы, уыдонæй рæстæгыл æмæ эффективонæй пайда кæныны нысанæн. Ацы уынаффæйы фæрцы фидаргонд æрцыдысты уæрæсейаг æмæ хуссарирыстойнаг Æхсæнхицауадон къамисы раздæры рабадтыты 2015-2017 азты, афтæ ма 2018-2019 азты Инвестпрограммæмæ бахæсгæ ивындзинæдтæ», – банысан кодта Хæбæлаты Азæ.

Пухаты Эрик куыд фехъусын кодта, афтæмæй Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн социалон-экономикон рæзты фæдыл Æхсæнхицауадон къамисы радон рабадт уагъд æрцæудзæн Мæскуыйы октябры æмбисы.

РХИ-йы Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.