Ирон музыкалон аивады рæзтмæ йæ хайбавæрд чи бахаста, йæ уацмыстæй йæ чи фæхъæздыгдæр кодта, уыдонæй уыд композитор, æхсæнадон архайæг Куллиты Леонид Иваны фырт дæр. Уый райгуырд Дзæуджыхъæуы горæты 1916 азы æмæ йе ‘взонджы бонтæй фæстæмæ æнгом баст уыд музыкæимæ. 1930-63-æм азты уыд хæдархайгæ аивадон къорды разамонæг. Фæлæ æвзонг музыкант æмбæрста ахуыры стыр ахадындзинад æмæ 1936-40-æм азты ахуыр кодта Мæскуыйы консерваторийы композиторон хайады, цыран йæ ахуыргæнджытæ уыдысты профессортæ Е. Голубев, В. Белой æмæ В. Шебалин. 1945-51-æм азты уыд Паддзахадон кинематографийы симфонион оркестры нотæты библиотекæйы хистæр. Фæстæдæр, 1952 54-æм азты уыд ЦИ АССР радиокомитеты зарды ансамблы дирижер, уыд ма Цæгат Кавказы кинохроникæйы студийы музыкæйы фæлындзæг, стæй Дзæуджыхъæуы музыкалон педагогон ахуыргæнæндоны ахуыргæнæг дæр. Композиторты цæдисы уæнг сси 1953 азы.

Хæрзæрыгонæй Куллиты Леонидæн фæбæрæг сты йе ‘взыгъддзинæдтæ музыкæмæ. Кæд ын уавæртæ нæ уыд музыкалон скъолайы ахуыр кæнынæн, уæддæр уый йæхи тыхтæй сахуыр кодта æмæ фæцайдагъ музыкæйыл. Йæхи хъæппæрисæй базыдта цæгъдын цалдæр уадынгæрзтыл, уыцы нымæцы уыдысты мандолин, домрæ, балалайкæ æмæ гитарæ. 14-аздзыдæй кусын райдыдта клубты, разамынд лæвæрдта адæмон инструментты хæдархайгæ ансамблтæн æмæ сын уыд æнтыст. Куллийы фырты фыццаг уацмыстæ уыдысты ирон зарджытæ æмæ кæфтытæ инструменталон бакуыстгондæй. Уый фæстæ азты фæзындысты сюитæ, фантази ирон темæтæ æмæ зарджытыл, куыд Боциты Бароны фыст æмдзæвгæтыл «Хæдтæхæгскъæрджыты марш», «Зонын» (Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ), афтæ ма «Фынджы зарæг», «Аслæмбеджы зарæг» æмæ æндæртæ. Йæ фыст зар-джытæ йын сæ зæрдæмæ арф айстой хъусджытæ, бацыдысты хæдархайгæ хорон коллективты репертуармæ. Композиторы курдиат уæлдай æххæстдæрæй райхæлд, Мæскуыйы консерваторийы курсыты куы ахуыр кодта, уæд. Леонид уыцы азты ныффыста йæ фыццаг хæдбындур, аивадон æгъдауæй зынгæдæр уацмыстæ, куыд музыкæ кинофильмтæн «Цæгат Ирыстон» (1950 аз), «Советон Хуссар Ирыстон» (1951 аз). Кинематографийы Паддзахадон оркестры директор К. Хачатурян фыста, зæгъгæ, ацы куыстыты Куллиты Леонид йæхи равдыста профессионалон æмæ курдиатджын композиторæй.

1952-54-æм азты композитор йæ хъус-дард аздæхта Плиты Грисы поэзимæ æмæ уæд йе’мдзæвгæты ныхæстæм гæсгæ ныффыста цалдæр вокалон-оркестрон уацмысы, куыд «Ныхас Лениныл». Леониды уацмыстæй иууыл дæргъвæтиндæр уыд сюитæ «Райсом хæхты». Премьерæйы фæстæ уымæн саргъ кодтой, куыд композиторы стыр æнтыст, афтæ. Мæнæ цы фыста ацы музыкæйы тыххæй музыкæзонæг Ю. Кремлев, 1959 азы Цæгат Кавказы композиторты сфæлдыстадон æркасты йæм куы байхъуыста, уæд: «Мæнæн мæ зæрдæмæ тынг фæцыд Куллиты Леониды симфонион пьесæ. Уый уыд поэзийы хæрздæфæй йедзаг. Автор стыр æхсызгонæй ивы æмæ иу кæны темброн ахорæнтæ». Ирон адæмон цуаноны зарæг «Фсати», куыд лирикон зарæг, афтæ фыццæгтæй иу «фехъуыста» Куллиты Л. Фæстæдæр ацы мелоди ахæм хуызы сæ уацмысты равдыстой æндæр композитортæ дæр, куыд Плиты Христафоры оперæ «Къоста», Гæбæраты Ильяйы оперæ «Азау»-ы æмæ æндæртæ.

Йæ царды фæстаг азты Куллиты Л. йæ хъусдард тынгдæр аздæхта цæцæйнаг-мæхъæлон æмæ кæсгон-балхъайраг музыкалон фольклормæ, фыста вокалон музыкæ цæцæйнаг поэтты æмдзæвгæтыл. 1961 азы Грознæйы æххæст æрцыд йæ симфонион уацмыс «Поэмæ Асланбег Шериповыл».

Куллиты Леониды уацмыстæ дих кæнынц: солист, хор æмæ оркестрæн, адæмон инструментты хор æмæ оркестрæн, симфонион оркестрæн, адæмон инструментты оркестрæн æмæ æндæртыл. Уыдонмæ ахæссын хъæуы ахæм уацмыстæ, куыд « Райгуырæн бæстæйыл», «Кад партийæн», «Элеги», «Къаннæг сюитæ ирон темæйыл», «Мæздæггаг зилгæ кафт», «Елхоттаг кафт», хонгæ кафт «Замирæ» æмæ æндæртæ.

Куллиты Леонид йæ цардæй ахицæн 1962 азы. Йæ цыбыр царды уый цы зæр-дæмæдзæугæ уацмыстæ сфæлдыста, уыдон ын рох кæнын нæ уадзынц йæ рухс ном.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.