Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы сæргълæууæг Сергей Меняйло нæ республикæйы хæдбардзинады бæрæгбоны банысан кæнынмæ куы æрцыд, уæд сæрмагондæй бабæрæг кодта Цхинвалы районы Сатихъары хъæу дæр.
Журналисты професси мын бар дæтты, лæмбынæгдæр базонын йæ  визиты сæр.

Куыд рабæрæг, афтæмæй уыцы бон РЦИ-Аланийы сæргълæууæг уыд Томайты бинонты уазæг. Йæ бацыды нысан та – Томайты Ацæмæзы мад, Цыбырты Фатимæйæн  бузныджы ныхæстæ зæгъын.

Томайты Ацæмæз у 58-æм армийы службæгæнæг, сæрмагонд æфсæддон операцийы хæстон. Куыд зонæм, афтæмæй Сергей Меняйло стыр хайбавæрд хæссы сæрмагонд æфсæддон операцимæ. Арæх аныхæстæ кæны хæстон лæппутимæ, цымыдис кæны, кæцæй сты сæ бинонтæ, кæд, мыййаг, ницæуыл тыхсынц… Иуахæмы базонгæ ис Томайты Ацæмæзимæ. Лæппуйы уагахаст, йæ фердæхт тынг йæ зæрдæмæ фæцыдысты. Ныфс ын бавæрдта, искуы уæм уазæгуаты  бацæудзынæн, зæгъгæ.

Æнæнхъæлæджы Сергей Иваны фырт Томайты Ацæмæзы баййæфта хæдзары. Куыд рабæрæг, афтæмæй уый æрæджы уæлæнгай цæфтæ фæцис, госпиталы фæхуыссыд æмæ йæ чысыл рæстæгмæ рауагътой хæдзармæ.

Ацæмæз нын куыд радзырдта, афтæмæй цытджын уазæджы æрбацыд уымæн уыд æнæнхъæлæджы «Хæсты быдыры арæх æмбæлдыстæм Сергей Меняйлоимæ. Уымæ бирæ æвæрццаг миниуджытæ ис, алкæимæ дæр ын хуымæтæг уагахаст ис. Иуахæмы мын загъта, ацы хатт ма, дам, Хуссар Ирыстонмæ куы ныццæуон, уæд æнæмæнг фæуазæг уыдзæн дæ райгуырæн хъæумæ, дæ мадæн бузныджы ныхæстæ зæгъынмæ. Афтæ тагъд сæххæст кæндзæн йæ ныхас, уый æнхъæл нæ уыдтæн. Ныр фæстæмæ куы аздæхон, уæд ноджы хъазуатондæрæй æххæст кæндзынæн мæ хæстæ», –  зæгъы Ацæмæз.

Сергей Меняйло фæуазæг Сатихъармæ

Томайты лæппу ма куыд загъта, афтæмæй Сергей Меняйло куы æрбацыд, уæд Ацæмæзмæ радта ахæм фарст: «Сæйраг цы у нæлгоймаджы царды?», – зæгъгæ. Уый дзуапп радта, зæгъгæ – лæгдзинад. «Æмæ-ма ныхас куы радтай, уæд æй, æнæмæнг,  сæххæст кæн», – баххæст кодта Сергей Меняйло.

«Нæ хъæубæстæй Сæрмагонд æфсæддон операцийы бирæ фæсивæд ис. Æрæджы уырдæм ацыд мæ кæстæр æфсымæр дæр. Сергей Меняйло нæ уазæг кæй у, уый уайтагъд айхъуыст хъæубæстыл. Нæ кæрты æрæмбырд сты стырæй-чысылæй. Арфæтæ кодтой цытджын уазæгæн, бузныг ын дзырдтой, цы гуманитарон æххуыс æрвиты Донецкмæ, уый тыххæй дæр. Ныр хъæубæстæ сæ сæр бæрзæндты хæсдзысты, Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг сæм уазæгуаты кæй уыд, уымæй», – хъæлдзæгæй дзырдта Томайты лæппу.

«Мадæн йæ хъæбултæ дзæбæх, æнæниз æмæ сæрæгас куы уой, уæд уымæй хуыздæр ницы ис, уый зæххон амонд у. Æз æвзонгæй баззадтæн идæдзæй. Мæ сæрыхицау зæйы бын фæцис Транскавказы фæндагыл. Мæ дыууæ фырты мæхæдæг мæхи тыхтæй фæхъомыл кодтон. Сæ иуыл 6 азы цыд, иннæуыл – 4 азы. Куы байрæзтысты æмæ кусынхъом куы фесты, уæд мын æххуыс кодтой æмæ нæ къахыл слæууыдыстæм. Ацик хæсты йæ райдианæй ис. Контракт куы бафыста, уæд мæхицæн бынат нал ардтон – æхсæвæй-бонæй – кæугæ. Фæлæ мын мæ лæппу фидарæй загъта: «Хуыцау нæ ацы дунемæ хуымæтæджы нæ радта, алчидæр йæ фæстæ хъуамæ ныууадза лæджы ном, лæджы кад æмæ лæджы фæд. Лæджыхъæд равдисыны сæр хъæуы ирон лæппуты. Уымæн æмæ Уæрæсейæн дæр зын у ныр. Æз та бацархайдзынæн сæрæгасæй æрыздæхыныл». Уый фæстæ ма цы загътаин. Мæ кæстæр лæппу Владик дæр æрæджы бархионæй ацыд, æмæ ныр сæрмагонд æфсæддон операцийы ис», –  зæгъы Ацæмæзы мад Цыбырты  Фатимæ.

Уазæгты Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.