Симферополы фембæлдысты РХИ-йы Президент Гаглойты Алан æмæ Хъырымы Республикæйы сæргълæууæг Сергей Аксенов.

Фембæлды рæстæджы æруынаффæ кодтой Хуссар Ирыстон æмæ Хъырымы Республикæйы дыууæварсон æмгуыстады актуалон фарстатыл.

Сергей Аксенов раарфæ кодта Гаглойты Аланæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, республикæты ’хсæн цы сразыдзинæдтыл къухтæ фыст æрцыд, уыдон сæххæст кæнын, хъыгагæн, къухты нæ бафтыд пандемийы аххосагæй, æмæ ныфс бавæрдта, дарддæр реализаци кæй æрцæудзысты.

«Махæн Хуссар Ирыстонимæ стыр иудзинад ис. Сразыдзинæдтыл къухтæ æрфыссын æрхауд пандемийы азмæ, къухты нæ бафтыд уый фæдыл процесстæ райдайын. Ныфс мæ ис, иумæ нын кæй бантысдзæн банысангонд плæнттæ сæххæст кæнын. Бузныг, Хъырымы Республикæ кæй бабæрæг кодтай, уый махæн стыр кад у. Уе ’рцыд нын алыхатт дæр уыдзæн æхсызгон», — загъта Сергей Аксенов.

Гаглойты Алан дæр ныфс бавæрдта, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Хъырымы Республикæйы ’хсæн ахастытæ кæй фидар кæндзысты æмæ рæздзысты.

«Мах æргом здæхт стæм республикæты ’хсæн ахастытæ сфидар æмæ рæзын кæнын-мæ. Хуссар Ирыстон алыхатт дæр цæттæ у уæ фарсмæ æрбалæууынмæ. Хуссар æмæ Цæгат Ирыстонæй хæстонтæ хайад исынц сæрмагонд æфсæддон операцийы. Уыдон хъахъхъæнынц нæ иумæйаг æргъадтæ, истори, нæ иумæйаг Райгуырæн зæхх — Уæрæсейы Федераци», — загъта Гаглойты Алан.

Хуссар Ирыстоны Президент банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы адæм кæддæриддæр бузныг уыдзысты Уæрæсейы Федерацийæ 2008 азы августы республикæйы паддзахадон хæдбардзинад кæй банымадта, æмæ ма банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны рæзты æддагполитикон вектор алыхатт здæхт кæй уыдзæн Уæрæсейы ’рдæм.

Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Хъырымы Республикæйы адæмты ’хсæн хæларадон ахастытæ рæзын æмæ сфидар кæнынмæ сæрмагонд хайбавæрды тыххæй Сергей Аксенов хорзæхджын æрцыд Хæлардзинады орденæй.

«Ацы хорзæх мæнæн у стыр кад. Бузныг. Иумæ алцæуылдæр фæтых уыдзыстæм», — загъта Сергей Аксенов.